95 АЗЫ ÆХХÆСТ КÆНЫ ГАЗЕТ «ХУРЗÆРИН»-ы ФЫЦЦАГ НОМЫРЫ РАЦЫДЫЛ

Цалдæр боны ма – æмæ нæ зынаргъ ирон газет «Хурзæрин» сæмбæлдзæн йæ юбилейон 95 азыл. Нæ зынаргъ газет йæ кадджын юбилейыл æмбæлы хорз, фарны, бæстæйы æндидзынады æхсызгон хабæрттæ адæммæ хæсгæйæ.

Нæ газеты истори хъæздыг у алыгъуызон нысаниуæгджын цаутæй, уымæн æмæ дæргъвæтин фæндæгтыл рацæугæйæ алцыдæр федта. Бавзæрста сабыр цард, рацарæзты азтæ, хæст, Советон Цæдисы ныппырх, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæууынад æмæ куыдфæстагмæ хæдбардзинад æмæ сабырдзинады дуг. Уыцы историон нысаниуæгджын цаутæ уый æвдыста æмæ сæ газеткæсджыты размæ хаста æргомæй.

«Хурзæрин»-ы 90-æм азы юбилеймæ нæ газеты иузæрдион хæлар, профессор Плиты Гацыр фыста, зæгъгæ, дзырд дæр ыл нæй, ацы газеты райгуырд стыр бæрæгбон кæй у нæ адæмæн. Уымæн æмæ ныфсджын æмæ уæндон уыд кæдфæндыдæр. Афтæ уыд ивгъуыд æнусы кæрон æмæ ног æнусы райдианы дæр.

Дарддæр ма уый йæ уацы фыссы: «Нæ газетæн йæ ном дæр кæуылты дзурæг у. Рæсугъд æмæ мидисджын ном. Уый тыххæй стыр цинимæ фыста уæд нæ куырыхон прозаик Дзесты Куыдзæг: «Æнустæм арфæйаг фæцис «Хурзæрин». Фæрнджын уæт, нæ газетыл уыцы цæхæркалгæ бæллиццаг ном чи сæвæрдта, уый. «Хурзæрин» æцæг дыккаг хуры тын у Ирыстонæн».

Газет æдзух архайдта, адæмы разæнгард кодта, цæмæй Ирыстон рæза, цæуа размæ, йæ къабæзтæ иваза алы фадыджы дæр, фидаргонд цæуой не ‘гъдæуттæ, йæ гаччы бада не ‘взаг, адæм рухсмæ цæуой.

Уый кæддæриддæр цæстуарзонæй йæ адæмæн дзырдта Къостайы зæрдæрисгæ фæдзæхст: «Ме ‘фсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут». Йæ фæзындæй фæстæмæ Иры интеллигенци æнгом æрбалæууыдысты «Хурзæрин»-ы алыварс. Уыдон фæрцы кæдæмыты нæ хæццæ кодта нæ газет… дуг йæ бон калы, абоны бон уыцы авналæнтæ сцыбыр сты, фæлæ уæддæр табу Хуыцауæн, газет йæ рохтæ не ‘руагъта, рæстæджы фыддæрадæн йе ‘хтæнгтæ сæлвæста æмæ йæ цыды хай кæны. Нæртон фысымау, рæдау æмæ цæстуарзонæй æв-дисы нæ республикæйы размæцыды фæндæгтæ, цы стыр ивындзинæдтæ цæуы хорзæрдæм, æппæт уыдæттæ.

«Хурзæрин» кæддæриддæр сиды сабырадмæ, хæлардзинадмæ, æнгом царды уагмæ, хæларсыхагон ахастытæм».

Йæ 90 азы юбилеймæ дæр интеллигенцийы бирæ минæвæрттæ нæ бахæлæг кодтой сæ уæздан æмæ хъарм ныхæстæ зæгъыныл, нæ уарзон газеты номыл. Ацы газет арвы рухс цæмæй фена, ууыл æрвылбон чи фыдæбон кæны, уыцы зиууæттæй бирæтæ, рæнхъон кусæгæй сæйраг редактормæ, алы рæстæджыты хорзæхджын цæуынц паддзахадон хорзæхтæй. Уый æмрæнхъ ацы газеты фæллойгæнгæйæ, систы Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисттæ æмæ сæрбæр-зондæй хæссынц уыцы нæмттæ.

Нæ газеты хъæздыг историйыл бирæ дзурæн ис, уымæн æмæ дæргъвæтин фæндæгтыл рацыд. Фæлæ хи схъауын ирон адæммæ раст нæу, уымæ гæсгæ ууыл æрлæудзыстæм. Æгæрон бузныг æмæ райгонд стæм, газеты радон номыр арвы рухс куы фены, уæд æй дарддæр посты руаджы газеткæсджытæм чи хæццæ кæны, газетуæйгæнæн киоскты йæ чи парахат кæны, æппæт уыдонæй. Бирæ куыст цæуы газет рафыссыныл дæр. Уыцы хъуыддаджы стыр хайбавæрд ис æрмæст йæ кусджытæн нæ, фæлæ агентад «Мыхуырцæдисы»,  горæт æмæ районты посты ха-йадтæн.

Хъыгагæн, ныры дуджы ис ахæм тенденци æмæ бирæ æмбæстæгтæ уæлæхох кæнынц сæ мадæлон æвзагыл æмæ газет фыссыны компанийы рæстæджы æрмæстдæр фыссынц уырыссаг æвзагыл мыхуыры фæрæзтæ. Уый æмрæнхъ ирон газетæн ис ахæм æнувыд хæлæрттæ, кæцытæ сæ хæсыл нымайынц ирон периодикон мыхуыр рафыссын. Уыдонæй, «Хурзæрин»-ы хæлæрттæй мах стæм стыр бузныг нæ газетыл, иузæрдиондзинады æмæ æну-выддзинады тыххæй.

95 азы сæрты акæсгæйæ, мах нæ абоны коллективимæ мысæм нæ   куыстхъом зиууæтты, кæцытæ не ‘хсæн нал сты, фæлæ нын мысынæн ныууагътой сæ рухс нæмттæ. Ныууагътой нын фæзмынæн сæ куыстхъомдзинад æмæ фарн, фæлтæрæй фæлтæрмæ чи цæуы, æмæ йæ дарддæр кæндзыстæм мах дæр.

Рагæй фæстæмæ Ирыстоны хуссар хайы ирон газетæн хъарм ахастытæ ис æфсымæрон цæгаттаг ирон газет «Рæстдзинад»-имæ. Уыдонæн æрвылаз дæр уыд сфæлдыстадон фембæлдтытæ. Фæлæ цасдæр рæстæджы дæргъы кæд уагъд нал цыдысты, уæддæр газеты ныры къухдариуæггæнджыты фæндонмæ гæсгæ ноггонд æрцæудзысты æмæ нæ хæлардзинады традици дарддæр кæндзыстæм.

95 аз кадджын юбилей у. Кадджын юбилейы стыр арфæтæ фæкæнынц, æмæ уыцы арфæты аккаг сты «Хурзæрин»-ы дæргъвæтин рæс-тæджы чи фыдæбон кодта, газетыл фæллойгæнгæйæ йæ уд нывондæн чи æрхаста, æвадат уавæрты газет рухс феныныл чи фæкуыста, æмæ ныр, сабыр æмæ хæдбар республикæйы уæвгæйæ дæр чи кусы ирон дзырд, ирон æвзаг бахъахъхъæныныл, уыдон, æмæ сын зæрдæбын арфæтæ кæнæм æрцæугæ Ног 2019 азы æмæ æрцæуинаг цытджын юбилейы цытæн!

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.