Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли радон специалон цин «Мидæггагон службæйы булкъон» радта мидæггагон службæйы дæлбулкъон, цæстдарæн архайды фæдыл Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министры хæдивæг Гæбæраты Таймуразæн.

Пъагæттæ радтыны церемони уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады, ведомствойы рæнхъон сконды раз.

Паддзахады сæргълæууæг Гæбæраты Таймуразæн йæ цæст бауарзта куысты æнтыстытæ, хъуыддагмæ йын йæ бæрнон ахаст банысан кæнгæйæ.

«Раарфæ кæнын мæ фæнды Уæлвæткон уавæрты министрады æппæт рæнхъон скондæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн æмæ мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды уæ службæйы тыххæй. Хуыздæрдзинадæн кæрон нæй, æмæ уын мæ цæст уарзы дарддæр дæр æппæт здæхтыты æнтыстытæ, зынгсирвæзты æдасдзинадæй райдайгæйæ, суанг æмбæстагон хъахъхъæнынады онг. Сымахæн ис æппæт фадæттæ, цæмæй хуыздæр кæнат уе службæ», – загъта уый.                              

 Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.