Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн Цхинвалы скъола-интернаты уагъд æрцыд турнир стъолы теннисæй. Ерыстæ æрвылаз дæр сорганизаци кæны Цхинвалы районы администрацийы спорты хайад. Турниры рабæрæг вæййынц районы иууыл цæттæдæр теннисисттæ. Ацы хатт ерысты хайад райстой  цыппар командæйы, кæцытæ уыдысты Къостайыхъæу, Дменис, Зар æмæ Сатихъары хъæутæй. Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ алы командæйы дæр уыд фæйнæ цыппар адæймаджы – дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы.

Командæтæ ауагътой фæйнæ æртæ фембæлды. Иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта Дменисы командæ æмæ ссис турниры сæйраг призы хицау. Дыккаг бынат бацахста Къостайыхъæуы командæ æмæ æртыккаг та систы Зары хъæуы теннисисттæ.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ æмæ Кады грамотæтæй. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.