Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент фембæлд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы делегациимæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы сæргълæудæй.

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй фембæлды хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, цæгатирыстойнаг фарсæрдыгæй та РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары хæдивæг Билаонты Батрадз, РЦИ-Аланийы Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтады политикæйы фæдыл Комитеты сæрдар Бокоты Эльбрус æмæ РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег.

«Бузныг Цæгат Ирыстонæн 1989 азæй абоны онг цы æххуысы кæны, уый тыххæй. Иууыл зындæр рæстæджыты нæм Ирыстоны цæгат хай алы хатт дæр йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæны, æмæ махæн тынг æхсызгон у ацы бæрæгбон иумæ кæй нысан кæнæм, уый. Мах иу адæм стæм, æмæ  нын уымæ гæсгæ бæрæгбонтæ дæр æмæ трагикон цаутæ дæр иу сты», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент ма загъта, РХИ-йы æмæ РЦИ-Аланийы æхсæн инеграцион процесстæ кæй активондæр кæнынц, уыдоны ахсджиагдзинад æмæ æнæмæнгхъæуындзинад банысан кæнгæйæ.

Йæ рады Битарты Вячеслав банысан кодта, Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайы цæрджытæ иу адæм кæй сты æмæ иумæ кæй дих кæнынц сæ цин æмæ сæ хъыг дæр.

«Ды куыд банысан кодтай, Анатоли Ильяйы фырт, афтæмæй мах иу адæм стæм. Æмæ нæ делегацийæн æнæ ‘рцæуæн нæ уыд, цæмæй Ирыстоны хуссар хайæн раарфæ кæнæм абоны бæрæгбоны цытæн. Мах æнæмæнг хъæуы дарддæр дæр кусын интеграцион процесстыл нæ республикæты æрбангом кæныны тыххæй», – загъта Битарты Вячеслав.

Фембæлдмæ хуынд РХИ-йы æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ  иуварс кæныны фæдыл министр Тадтаты Алан æмæ РХИ-йы хъæды хæдзарады управленийы хистæр Чилæхсаты Таймуарзы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг йæ Барамындæй схорзæхджын кодта «Ирыстоны кадæн» майдантæй.

Хорзæхджын кæныны церемонийы фæстæ дыууæ фарс дæр сæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны сарæзты 28 азы боны цытæн, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста ПМР-йы делегаци ПМР-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Алексей Цурканы сæргълæудæй.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта уазджытæн æмæ банысан кодта, нæ бæстæты æхсæн цы ахастытæ сæвзæрд, уыдон дарддæр дæр кæй рæздзысты.

«Æмгуыстад æмæ æмархайады фарстатæ скъуыддзаг цæудзысты оперативонæй», – загъта Президент æмæ делегаттæн бузныджы ныхæстæ загъта РХИ-йы сарæзты бæрæгбоны сæ хайадисты тыххæй, афтæ ПМР-йы сæргълæууæг Вадим Красносельскийæн, дæр.

«Бузныг уын, хайад кæй исут нæ бæрæгбоны. ПМР-ы адæмæн мæ цæст уарзы сабырад, хæрзиуджытæ æмæ дидинæфтыдад», – загъта Президент.

Алексей Цуркан бузныджы ныхæстæ загъта, кæй сæ фæхуыдтой РХИ-йы сырæзты боны цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсынмæ æмæ раарфæ кодта, Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы кæй сæххæст, уый тыххæй.

«Мах нæ хъус дарæм Хуссар Ирыстон куыд рæзы, уымæ. Социалон ахсджиаг объекттæ – сабидæттæ, скъолатæ, университет, театр  – æппæт адæттæ арæзт кæй цæуынц, уый  дзурæг у, Хуссар Ирыстоны адæм прогрессы фæндагыл лæуд кæй сты, ууыл», – банысан кодта Алексей Цуркан æмæ хуссарирыстойнаг адæмæн йæ цæст бауарзта сабыр арвы бын царды, хæрзиуджыты æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ.

ПМР-йы делегаци Бибылты Анатолимæ радта ПМР-йы Президенты арфæйы тел РХИ-йы сарæзты 28 азы боны цытæн.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли уыдонæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Фембæлды хайад райстой ПМР-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Александр Стецюк, РХИ-йы ПМР-йы минæвар Плиты Алан, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Андрей, фæсконфликт бæстон кæныны фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбар-джын минæвар Коцты Егор.

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Библыты Анатоли йæхимæ райста Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты делегацийы, кæцы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Республикæйы боны цытæн бæрæгбоны хайад райсынмæ.

«Бузныг уын, ахæм бæрæгбоны кæй фæуазæг стут республикæмæ. Мæнæн тынг æхсызгон у, нæ абхазаг æфсымæртæ арæх кæй æрцæуынц Хуссар Ирыстонмæ.

Зонын æй, сымах æнгом æмгуыст кæй кæнут хуссарирыстойнаг хæлæрттимæ. Уый у ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ махæн нæй рохгæнæн нæ истори æмæ нæ республикæты цы процесстæ æрцыдысты, уыдон.  Мах хъуамæ рох ма уой не знæгты фыдмитæ, цæмæй фидæны цаутæ мауал æруагъдæуа. Мах хъуамæ сидæм, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæст чи сцырын кодта, уыцы адæмы намысмæ. Уыцы хæстæн йæ апогей ссис 2008 азы августы мæй», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дунеон дискусситы фæзуаты РХИ æмæ Республикæ Абхазы делегацитæ æдзух сидынц гуырдзиаг фарсмæ, цæмæй сæ къухтæ æрфыссой тыхæй ма спайда кæныны фæдыл меморандумыл. Фæлæ ацы фарст ныры онг дæр скъуыддзаг не ‘рцыд, æмæ уый æвзæрын кæны катайдзинад.

Бибылты Антоли ма уазджытæн мæсæллæйы ныхæстæ загъта Республикæ Абхазы премьер-министр Геннади Гагулияйы трагикон амæлæты тыххæй.

«Геннади Леониды фырт уыд патриот, кæцыйы адæм уарзтой æмæ йын кад кодтой. Уый бирæ сарæзта куыд абхазаг, афтæ хуссарирыстойнаг политикæйæн. Уæззау цæфау уыд йæ амæлæты цау»,  – загъта Бибылты Анатоли.

Абхазы хæсты ветеранты æмæ  Очамчиры районы администрацийы номæй делегацийы уæнгтæ раарфæ кодтой Бибылты Анатолийæн æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн Республи-кæйы боны цытæн. Сæ цæст бауарзта ирон адæмæн сабырад æмæ дидинæфтыд.

Нæ адæмы ‘хсæн хæларадон ахастытæ фидар æмæ рæзын кæнынмæ сæ  хайбавæрды тыххæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн абхазаг делегацийы уæнгтæ хорзæхджын æрцыдысты «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 10 азы сæраппонд» майдантæй.

***

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ма йæхимæ райста: УФ-йы САР-йы Æххæстбарджын æмæ уæлвæткон минæвар Риад Хаддада, Республикæ Кæсæг-Балхъары делегаци æмæ Воронежы областы делегацийы, Дзæуæджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Архиепископ Леониды.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.