Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Техникон бæстонкæнынад æмæ метрологийы  фæдыл агентады (Росстандарты) къухдариуæггæнæг Алексей Абрамовы æмæ банысангонд ведомствойы Административон куысты æмæ æддагон бастдзинæдты управленийы хистæры хæдивæг Мария Пищулинайы.

Фембæлды хайад райста Хуссар Ирыстоны Стандартизаци æмæ метрологийы комитеты сæрдар Цхуырбаты Зауыр.

Бибылты Анатоли уазджытæн раарфæ кодта æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта, республикæйæн кæй æххуыс кæнынц, уый сæраппонд.

«Нæ лабораторийæн нын цы ифтонггæрзтæ радтат, уыдон махæн æнæмæнгхъæуæг сты. Уырны мæ, не структурæты ‘хсæн цы ахастытæ ис, уыдон ноджыдæр кæй рæздзысты, æмæ номхуындæй ды, Алексей Владимиры фырт, куыд Росстандарты къухдариуæггæнæг, афтæ Хуссар Ирыстонæй дæ коллегæтæм дæ хъус  кæй дардзынæ. Æнгом æмахастытæ æмæ фæстиуæгон куысты тыххæй Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй  арæзт цæуы  æппæт дæр», – загъта уый.

Алексей Абрамов бузныг загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæгæн зæрдиаг химæрайсты сæраппонд æмæ ныфс бавæрдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Стандартизаци æмæ метрологийы комитетимæ дарддæры æмгуыстады тыххæй, ацы фадыджы экономикæйы, фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны, хъалонты хынцынады фарст раст скъуыддзаг кæныны ахсджиагдзинад æмæ стыр роль банысан кæнгæйæ.

«Иуæй-иу хатт афтæ фæзыны, цыма стандартизаци æмæ метрологийы фадгуытæ экономикæмæ дард лæууынц. Уыцы-иу рæстæджы дунейы æппæт иртасынæдтæ сбæлвырд кодтой, зæгъгæ, ацы фадыджы инвестицитæ æппынкъаддæр дæттынц мидæггагон продукцийы иумиаг гуырахсты иу процент. Æцæгæй та ацы ресурс у бирæ фылдæр:  уый у йæ ахадындзинад дæр, экспорты рæзт дæр æмæ бизнес-активондзинады рæзтæн фадат дæр», – загъта уый.

Уæлæмхас профессионалон цæттæдзинад райсыны хъуыддаджы хуссарирыстойнаг коллегæтæн баххуысы æмæ фарсхæцынады тыххæй Алексей Абрамов равдыста йæ цæттæдзинад.

«Мах цæттæ стæм Хуссар Ирыстоны специалистты нæ организациты сахуыр кæнынмæ æмæ сын стажировкæ сорганизаци кæнынмæ, афтæ ма сын фадат радтæм нæ темæты фæдыл уæлæмхас профессионалон ахуырад райсынæн», – банысан кодта уый.

«Хуссар Ирыстоны метрологи æмæ стандартизацийы рæзтыл дзургæйæ, Росстандарты сæргълæууæг банысан кодта хуссарирыстойнаг закъондæттынадон базæйыл ноджыдæр бакусыны æнæмæнгхъæуындзинад, республикæйы уæрæсейаг стандарттæй пайда кæныны тыххæй.

«Мах цæттæ стæм методикон æмæ цыфæнды æндæр æххуыс бакæнынмæ, цæмæй хуссарирыстойнаг коллегæтимæ бацæттæ кæнæм нормативон базæ æмæ бакусæм æмбæлон закъондæттынадыл, цæмæй Хуссар Ирыстоны уа уæрæсейаг стандарттæ райсыны тыххæй нырыккон барадон механизмтæ. Уый тыххæй цæттæ стæм ардæм специалистты рарвитынмæ», – загъта уый.

Алексей Абрамов банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг бизнесы активацийæн Хуссар Ирыстоны ис хæрзвадат уавæртæ, республикæйы территорийыл уæрæсейаг стандарттæй комкоммæ спайда кæнын та нын

фадат радтид мидæггагон базаркæнынады активацийæн æмæ Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн базарадон баст-дзинæдтæ фæтыхджындæр кæнынæн. Уый ма банысан кодта коррупциимæ тох кæныны хъуыддаджы стандарттæй пайда кæныны эффективондзинад.

«Мæнмæ гæсгæ, уый тынг эффективон инструмент у бюджетæн хъæуæг продукци æлхæнын сорганизаци кæныны тыххæй. Стандартты руаджы махæн нæ бон у, продукцийы гъæд куыд хъуамæ уа, уый дырысæй сбæрæг кæнын. Уый у хуымæтæг, æмбæрстгонд æмæ æнцонæмбарæн. Уымæн бамбарынгæнæн ис цæрджытæн дæр æмæ контролгæнæг организацитæн дæр», – загъта Росстандарты сæргълæууæг.

Фембæлды рæстæджы ныхас цыд Хуссар Ирыстоны Стандартизаци æмæ метрологийы комитеты лаборантон базæйы рæзты темæйыл дæр, кæцы, Алексей Абрамовы ныхæстæм гæсгæ, абоны бон дзуапп нæ дæтты республикæйы экономикæ æмæ товарæрзылды домæнтæн.

«Раст уаид уæрæсейаг паддзахадон лабораториты ам уæвынад сифтонг кæнын. Коллегæтимæ партнерондзинады нæ бон уаид бакусын инвестицитæ æрбакæныны механизмтыл, фæлварæнтæ ауадзын æмæ метрологион куыстытæ ауадзыны тыххæй лабораторион базæйы рæзтыл.

Уæрæсейы ис бындурон лабораторитæ, кæцытæн сæ бон у къухдариуæгад сæхимæ райсын æмæ, гæнæн ис, Хуссар Ирыстоны территорийыл уæрæсейаг паддзахадон лабораторийы филиал бакæныны тыххæй куыст сорганизаци кæнын», – загъта уый.

Йæ рады Бибылты Анатоли æвæрццаг аргъ скодта, Хуссар Ирыстоны территорийыл уæрæсейаг лабораторийы филиал бакæныны фæндонæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, уый тыххæй сбæрæг кæнын хъæуы ацы структурæ æмæ Хуссар Ирыстоны Стандартизаци æмæ метрологийы æмахасты механизмтæ.

Президент куыд загъта, афтæмæй Алексей Абрамов цы фарстатæ банысан кодта, уыдон республикæйæн сты актуалон æмæ домынц бæрæг уынаффæтæ райсын.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ды цы фарстатæ æрæвæрдтай, уыдоны тыххæй республикæйы къухдариуæгады æрдыгæй райстæуыдзæн уынаффæтæ. Фидарæй мæ уырны, де ‘ххуысы руаджы хуссарирыстойнаг коллегæты куысты эффективондзинад кæй фæхуыздæр уыдзæн», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.