Ирыстоны историйы фыдзнаджы бархъомысæй цы трагикон цаутæ æрцыд, уыдоны ‘хсæн сæрмагонд бынат ахсы, раздæры Ереды хъæуы гуырдзиаг æнæформалтæ цы æбуалгъы хъуыддаг сарæзтой, уый. 1991 азы мартъы мæйы фыднад æмæ сæ удхарæй марыны фæстæ 12 ирон лæппуйы удæгасæй баныгæдтой Ереды хъæуы сæрмæ. Уыцы бынат алæгъз кодтой æмæ йыл сарæзтой фæндаг. Ацы трагеди у ирон адæмы историйы геноцидыл дзурæг æбуалгъ цаутæй сæ иу.

Æрвыл аз дæр 18 марты ацы æдзард лæппуты рухс ном арыны цытæн Згъудеры сæ иумиаг ингæны цурмæ æрæмбырд вæййынц сæ хиуæттæ, бæстæйы Хицауад æмæ Парламенты къухдариуæггæнджытæ, бæрнон кусджытæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад, æхсæнады минæвæрттæ, æмæ трагедийы амæттæгты мысынадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон.

Мадзал амонæг, Паддзахадон университеты ахуыргæнæг Тадтаты Таймураз дзырдта ацы трагедийы тыххæй, Гуырдзыстоны къухдариуæгад ирон адæмы ныхмæ цы фыдракæндон архайдтытæ арæзта, уыдоны фæдыл.

«Ирон адæмæн трагикон историон хабæрттæ бирæ ис сæ царды, фæлæ хъуыддаг æрмæст трагикон историтыл æмæ зæххæнкъуыстытæй нæу, дзырд цæуы адæймаджы цардыл, кæцыйы йæхи æвæндонæй хицæн кæнынц йæ цардæй, уый бынтон æндæр истори у», – дзырдта йæ раныхасы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Ереды трагеди, зæгъгæ, æнустæм баззайдзæн адæймагады мысынады, уымæн æмæ уыцы бон цы сырдон архайд æрцыд арæзт – адæмы куынæг кæнын, удæгасæй ныгæнын – уый адæймагæн зын бамбарæн у.

Дарддæр уый дзырдта ирон адæмы ныхмæ арæзт геноцидыл.

«1920 азы цы геноцид райдыдта, уый уыд уыцы трагикон историты дарддæргæнæг, кæцытæн мах æвдисæн стæм – уыдон сты Зары трагеди, Ереды трагеди æмæ æндæртæ. Ацы аз нысан кæндзыстæм ирон адæмы ныхмæ геноциды 100 азы. Уый цытæн уагъд цæудзысты бирæ мысæн мадзæлттæ, æмæ дунейæн хъуамæ фенын кæнæм, адæмы этнос чи куынæг кæны, уый аразы стыр фыдракæнд, æмæ уымæн нæдæр рохгæнæн ис, нæдæр ныххатыргæнæн – ууыл хъæуы тæрхон кæнын!», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг. 

Мах, зæгъгæ, æрвыл аз дæр æрæмбырд вæййæм уæззау трагедиты мысæн бынæттæм.

«Ацы аз дæр æрæмбырд уыдзыстæм августы 7 бон, æмæ хъуамæ æрсидæм дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй ноджы æмæ ноджы-дæр байгом кæной сæ цæстытæ æмæ йæ бамбарой, фыдракæндты æмрæнхъ геноцид, марыны цауты фæстæ ацы трагедитыл дзырд кæй нæ цæуы, уымæн æмæ уый къаддæр фыдракæнд нæу, æмæ уый тыххæй ницы дзурын раст нæу. Этникон аххосагмæ гæсгæ цы адæмы скуынæг кодтой, уыдон мысдзыстæм æдзух, æрвыл аз, уыдоны мысынадæн кæдфæндыдæр бынат уыдзæн нæ зæрдæты. Æрвыл аз дæр мах цæудзыстæм мысæн бынæттæм æмæ сын сæ разы, сæркъулæй лæугæйæ, ардзыстæм сæ æдзард нæмттæ, дунеон æмæхсæнадмæ сиддзыстæм, цæмæй æгомыгæй мауал лæууой, фæлæ тæрхон скæной гуырдзиаг адæмы фыдракæндон архайдтытæн ирон адæмы ныхмæ.

Æмæ уый куынæ æрцæуа, уæд уыцы фыдракæндон архайдтытæ гæнæн ис æмæ фæлхатт æрцæуой къорд азты фæстæ. Гуырдзыстоны архайдтытæн 90-æм азты кæрон не ‘рцыд тæрхон дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй, æмæ райстам 2008 аз. 2008 азæн дæр не ‘рцыд тæрхон æмæ та къорд азты фæстæ баййафдзыстæм æфхæрд уыдонæй. Уымæн æмæ фашизм не ‘ййафы æмбæлон æфхæрд дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй. Æфхæрд æййафы, æрмæстдæр фыдракæндтæ кæй ныхмæ аразы, уыдонæй.

Мах хъуамæ хъуыды кæнæм æмæ зонæм иу хъуыддаг – фашизмы архайдтытæ хорзæй ницæмæ æркæндзысты æмæ абон мах ноджыдæр æвдисæн стæм, истори ногæй куыд ивд цæуы. Нæ иумиаг уæлахизы къæсæрыл куы стæм – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 75 азы сæххæсты цытæн, уæд немыцаг фашизмыл тæрхон кæй нæ цæуы. Уый нæ, фæлæ ма бирæ бæстæты кад дæр кæнынц, фашистон æфсæддон баиугæндты чи службæ кодта, уыдонæн», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæ ныхасы кæрон уый ноджыдæр банысан кодта, ацы трагеди æрмæст йæ амæттæгты бинонты трагеди нæу, фæлæ махæй алкæй дæр, æгас Ирыстоны æмæ дунеон æмæх-сæнады.

Ереды трагедийы амæттæгты бинонты номæй митинджы раныхас кодта дзæнæттаг Дыгъуызты Важайы æфсымæр Никъала. Уый бузныг загъта мадзалы хайадисджытæн, æрвыл аз дæр кæй кад кæнынц æмæ мысынц трагедийы амæттæгты, уый тыххæй.

Ацы трагедийæ, зæгъгæ, кæд 29 азы рацыд, уæддæр рох нæу ирон адæмæй, цæрæнбонты сын гуырдзыйы лæджы фыдхортæ кæй аразынц алыгъуызон фыдмитæ. Алы ирон адæймаг дæр ма хъуамæ ферох кæна уыцы æгъатыр цаутæ.

Æрхæндæг мелодийы зæлтæм фарст цыдысты Ереды трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ… Ереды трагедийы амæттæгты æфсымæрон ингæныл мысынæн мадзалы хайадисджытæ æвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.