Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æруынаффæ кодтой подрядон организацитæ æмæ Паддзахадон унитарон куыстуæтты цæттæдзинад 2021 азы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæнынмæ куыд цæттæ сты, ууыл.

Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади цы кусæгон æмбырд, ауагъта, уым хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Гаглойты Сергей, Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы директор Мæхъиты Семен æмæ арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Æмбырды райдианы банысанчындæуыд, Инвестпрограммæйы æппæт объекттæн дæр кæй ис проектон-сметæйон документаци æмæ экспертон хатдзæгтæ.

Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, ацы аз хæрзарæзт æрцæудзысты горæт Цхинвалы авд уынджы: Плехановы, Санахъойы-фырты, Сабырады, Едысы, Саулохы-фырты, Путины уынг (горæты стадионæй Хеиты хъæумæ) æмæ  Плиты Ароны фæрсуынг, афтæ ма горæт Къуайсайы Ленины уынг, Дзауы поселочы Уыцыфарсы уынг.

Уымæй уæлдай ма, ацы аз æрæвналдзысты Дзауы районы сывæллæтты лагерь арзынмæ æмæ 13 коммунары уынджы, цæугæдон Леуахийыл Зæронд хиды реконструкцимæ.

Апрелы райдайдзысты столицæйы æртæ уынг – Сабырады, Саулохы фырты æмæ Плехановы дон-вæд æмæ канализацион хызæгтæ уадзынмæ.

«Инвестпрограммæ реализаци кæнынмæ цæттæдзинады æмвæзад у бæрзонд, хорз темптæй куы райдайæм, уæд нæ бон суыдзæн куыстыты æппæт графиктæ сæххæст кæнын, кæцыдæр позицитæм гæсгæ та раздæр дæр», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Хицауады Сæрдар куыстыты заказгæнæг – Республикæйы Арæзтады министрадæн, афтæ ма цæстдарæн органтæн бахæс кодта, цæмæй контроль кæной арæзтады цыд, сæ хъус дарой сæ гъæды фæдыл æмæ регуляронæй куыстытæ сæххæст кæныны графиктæ æрбавдисой Хицауадмæ.

2021 азы Инвестпрограммæйы лимит у 1 миллиард 250 милуан сомы. Æдæппæт программæйы фæлгæтты нысан æрцыд 34 мадзалы сæххæст кæнын, уыдонæй дæс хизынц иннæ азмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.