ДЗЮДО

Дзюдойæ ацы аз «Дунейы сери»-йы цыппæрæм этап уагъд æрцыд Антальяйы. Ерысты уæлахиздзау ссис Азербайджаны спортивон кад хъахъхъæнæг Коцойты Зелим. Уымæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 100 кг уæзы категорийы. Ирон богал финалы тыхджындæр уыд япойнаг дзюдоист Вольф Ааронæй. Ацы турниры дзюдойæ дунейы лидертæ сæ цæттæдзинад бафæлвæрдтой дунейы чемпионаты Олимпион хъæзтыты размæ.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Наро-Фоминскы уагъд æрцыд чызджыты ‘хсæн (21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн) Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. 57 кг уæзы категорийы та фæуæлахиз Танделаты Аминæ. Уый йæ ныхмæлæуджытæй уыд бæрæг тыхджындæр æмæ сæ алкæйы дæр рамбылдта æмгъуыдæй раздæр.

Ирон спортсменкæтæй дыккаг сыгъзæрин майдан та рамбылдта Кæсæбиты Алинæ. Уый та хæцыд 62 кг уæзы категорийы. Алинæ дæр æнцонтæй фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл. Уый иу балл дæр никæмæн радта.

Ныр дыууæ дæр хайад райсдзысты сæ кары спортсменкæты ‘хсæн Европæйы чемпионаты.

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Соттиты Янæ æмæ Наниты Тимур хайад райсдзысты уæззау атлетикæйæ Европæйы чемпионаты. Ерыстæ ныридæгæн цæуынц Мæскуыйы. Хайад сæ исынц 38 бæстæйæ 300 спортсмены.

Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды 76 кг уæзы чызджыты ‘хсæн архайдзæн Соттиты Янæ, Наниты Тимур та нæлгоймæгты ‘хсæн тох кæндзæн 109 кг уæзы категорийы майдан  рамбулыныл.

8-æм апрелы помостмæ рахиздзæн Янæ æмæ 10 апрелы та – Тимур.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.