Ахæм номимæ Хуссар Ирыстоны Мыхуыры хæдзары мыхуырæй рацыд  Къуезерты Петры бацæттæгонд чиныг. Чиныгмæ хаст æрцыдысты зынгæ ирон поэт, публицист æмæ æхсæнадон архайæг Икъаты Владимиры базырджын хъуыдытæ. Чиныгаразæджы хъуыдымæ гæсгæ чиныгыл зæрдиагæй сæмбæлдзæн ирон чиныгкæсæг. Уымæн æмæ алчи нæ фæкæсы гуырахстджын уацмыстæ. Ацы чиныгмæ хаст цы базырджын хъуыдытæ æрцыдис, уыдон та ирдæй æвдисынц, сæйраджыдæр, поэтæн йæ бæстæ æмæ адæммæ цы стыр уарзон æмæ уæздан ахастытæ уыдис уыдон æмæ æндæртæм дæр сиды, цæмæй уарзой, кад æмæ аргъ кæной сæ райгуырæн къуым, сæ адæм æмæ Ирыстонæн.

Чиныджы автор ма фæндоны хуызы зæгъы, зæгъгæ, хорз уаид, æмæ ахæм чингуытæ уагъд куы цæуиккой арæхдæр, цæмæй чиныгкæсджытæ зонгæ кæной æндæр авторты базырджын хъуыдытимæ  дæр.

Банысан ма хъæуы уый дæр, æмæ полиграфион баиугæнд хорз кæй бакуыста чиныджы гъæдыл. Уырнинаг у, чиныг йæ къухмæ чи райса, уыдон æй кæй бакæсдзысты æхсызгонæй æмæ дзы кæй райсдзысты æхцондзинад. 

Гæззаты Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.