1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы тохы быдырты сæ хъæбатырдзинадæй цæстæвæрæн фесты ирон хæстонтæ. Хæсты рæстæджы ирæттæ знагимæ тох кодтой Гарзджын тыхты æфсæдты æппæт хуызты сконды дæр, хæсты уæрæх фронты хайад истой хъахъхъæнынадон æмæ размæбырсæн тохты, Берлины сæрыл кæройнаг тохы æмæ афтæ дарддæр. Дзырд «ирон» кадимæ хъуыст æппæт фронтты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ раст хæстонтæй. Райгуырæн бæстæ тæссаг уавæры куы бахауд, уæд ирæттæ алы хатт дæр уыдысты фронты раззаг хæххыты.

Уыцы хъæбатыр хæстонтæй иу уыд Черчесты Тимофей. Уый хъæбатырæй фæмард 1945 азы уæлахизы уалдзæджы Польшæ ссæрибар кæныны рæстæджы. Æхсæг батальоны командир, майор Черчесы фырт йæ амæлæты фæстæ бавдыст æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном райсынмæ, фæлæ…

Ирон хъæбатыр райгуырд 1920 азы Цæгат Ирыстоны Уæллаг Бирæгъзæнджы хъæуы Черчесты Савели æмæ Къарджиаты Надеждæйы бинонты ‘хсæн. 1939 азы марты мæйы уымæ Сырх Æфсадмæ æрсидт Цæгат Ирыстоны автономон областы Дзæуджыхъæуы горæтон æфсæддон къамиссариат, кæцыйы рæнхъыты сæмбæлд Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл Советон Цæдисы ныгуылæн арæнтыл. Хæцыд Хуссар-Ныгуылæн, Цæгат-Кавказаг, 1-æм  æмæ 2-æм Украинæйаг фронтты. 1941-1942 азты хайад иста хъахъхъæнынадон тохты, Кавказы сæрыл тохы, Украинæ, Чехословаки, Польшæ ссæрибар кæныны тохты. Тохты рæстæджы æртæ хатты фæцæф. 140-æм æхсæг дыууæ хатты Сырхтырысаджын дивизийы 96-æм æхсæг полчы батальоны командир, майор Черчесты Тимофей уæлдай хъæбатырдæрæй йæхи равдыста Польшæйы ссæрибаргæнæн тохты  рæстæджы, Стыр Фыдыбæстæйон хæст йæ кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд.

Хорзæхджынгæнæн сыфæй: «…1945 азы 15-æм январы Яслойы районы  размæ атоныны операцийы æхсæг батальон архайдта полчы авангарды, хæцгæ-хæцын ахызт цæугæдон Вислока Бялайы сæрты. Черчесы фырт  æхсæг батальоныл командæ кодта раст æмæ арæхстджынæй, организаци кодта тохты. Ныхмæлæууæджы тыхджын ныхмæлæудмæ нæ кæсгæйæ, майор Черчесы фырт сбæрæг кодта, кæцæй æхстой, уыцы бынæттæ æмæ сæрмагондæй йæхæдæг сæйраг тыхтимæ хъазуатонæй сатакæ кодта знаджы, кæцыйы фæстиуæгæн сифтонг кодта тохы æнтыст. Уыцы тохы байстой трофейтæ: быдырон цыппар сармадзаны, хæлцадон продукттимæ дыууæ æфтауцдоны, амунициимæ (салдаты дзаумæттæ) иу æфтауцдон, 20 бæхæй фылдæр, уацары ракодтой 22 немыцаг салдаты. Ныхмæлæууæгыл æрцыд бирæ уды зиæнттæ, фесæфта дзæвгар тех-никæ». Хорзæхджынгæнæн сыфы ма дзырдæуы ноджы иу эпизоды тыххæй – Харклувайы районы Черчесы фырт æнтыстджынæй сорганизаци кодта ныхмæлæууæджы тыхты развæдсгæрст æмæ сæ æхсæвы сатакæ кодтой. Знаг хуссар-ныгуылæны ‘рдыгæй ныццæвыны æнхъæл нæ уыд æмæ паникæйы лыгъдысты, тохы быдыры – аст уæзласæн машинæ, иу транспортер, 105 мм артиллерион батарея, фондз къæбицы ныууадзгæйæ. Уацары ракодтой фараст салдат æмæ афицеры.

1945 азы 16-æм январы батальон архайдта полчы авангарды, кæцыйы раз лæууыд хæслæвæрд Бечы бынат бацахсыны тыххæй. Цыппар сахатмæ ныхмæлæууæг æрæмбырд кодта стыр тыхтæ æмæ сæ ныхмæ фидарæй лæууыдысты. Гитлеронтæ æрбынат кодтой дурæй арæзт хæдзæртты æмæ сæ уырдыгæй æхстой. Афтæмæй сын размæ ацæуынæн фадат нæ лæвæрдтой. Черчесы фырты бардзырдмæ гæсгæ 82 мм минæзгъалтæ æмæхст фæкодтой. Ацы тохы Черчесты лæппу развæдсгарджыты къордимæ фыццаг бабырста Бечы бынатмæ, кæцыйы фæстиуæгæн ныхмæлæуджытæй фæмард сты дыууæ ротæйы салдаттæ, тохы быдыры – фондз автомашинæ, æфсæнвæндаджы иу сконд, дыууæ паровозы, дыууæ æфтауцдоны ныууадзгæйæ. 1945 азы 12-æм марты Бзейы хъæуы районы ныхмæлæууæг æрæмбырд кодта ног тыхтæ æмæ танкæты æххуысæй рацыд контратакæйы. Хæстонты къорд, кæцытыл командæ кодта Черчесы фырт, дыууæ сахаты дæргъы фидарæй хъахъхъæдта бацахсгæ арæн, знæгты тыхджын ныхмæлæудмæ нæ кæсгæйæ. Сæ хæстон æрмæджытæ куы фесты æмæ сæм ныхмæлæууæг æввахс куы æрбацыд, уæд Черчесты лæппу тохы быдырæй нæ ацыд, фæлæ, фашисттимæ къухæй тохы бацæугæйæ, хъæбатырæй фæмард. 96-æм æхсæг полчы командир, булкъон Иван Хохлов 1945 азы 21-æм марты Черчесты Тимофейы бавдыста Советон Цæдисы Хъайтары ном райсынмæ. Фæлæ хæсты фæстæ 4-æм Украинæйаг фронты 38-æм æфсадыл командæгæнæг Кирилл Москаленкойы бардзырдмæ гæсгæ, 1945 азы 24-æм августы Черчесы фырт хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны орденæй.

Афтæмæй, растдæр 77 азы размæ, 1945 азы 12-æм марты Польшæ ссæрибар кæныны рæстæджы хъæбатырæй фæмард æхсæг батальоны командир, майор Черчесты Тимофей Савелийы фырт. Ирон хъайтар хорзæхджын уыд фондз хæстон хорзæхтæй – Сырх Тырысайы (2 хатты), Александр Невскийы, Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны (2 хатты) ордентæй. Йæ ном ын сæнусон кодтой æрмæст Барбашовы быдыры нæ, фæлæ ма бацыд «Хъайтартæ æнæ Сыгъзæрин Стъалыты»-йы чиныгмæ дæр, цыран фыст сты не ‘мзæххонты сгуыхтдзинæдты тыххæй, кæцытæ бавдыст æрцыдысты Советон Цæдисы хъайтары ном райсынмæ, фæлæ сын «Сыгъзæрин Стъалы»-йы бæсты саккаг кодтой æндæр хорзæхтæ.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.