Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианыл абон, 22-æм июны сæххæст 76 азы. Райгуырæн бæстæйы гитлерон фашисттæй ссæрибар кæныны хъуыддагмæ стыр хайбаврæд чи бахаста, уыдонæй иу у  Гæбæраты Реуаз Несторы фырт. Ацы хъæбатыр хæстонæн æрæджы Цæгат Ирыстон-Аланийы горæт Алагиры официалон æгъдауæй байгом цырт. Фæлæ йæ алчи кæцæй зоны немыцаг фашисттæй горæт Алагиры ссæрибар кæнынмæ, номхуындæй, уый кæй бахаста йæ егъау хайбавæрд. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Реуаз кæй у ирон хъæбатыр хæстонтæй фыццаг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы бæрзонд хорзæх – Сырх Тырысайы орден чи райста, уый.

Гæбæраты Реуаз райгуырд  1906 азы Знауыры районы Принеуы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Нестор йæ кæстæрты иууылдæр бафтыдта царды раст фæндагыл. 1928 азы Реуаз барвæндонæй ацыд æфсадмæ. 1929 азы каст фæци кæстæр командирты сконды полчы скъола. 1930 азы бацыд Киевы фистæгæфсадон ахуыргæнæндонмæ. Службæ кодта Фæскавказы æфсæддон зылды нырма ротæйы, стæй та батальоны командирæй. 1939 азы каст фæци «Выстрел»-ы афæдзон курсытæ горæт Подсолнечногорскы. 1940 азы уыд горæт Саратовы 63-æм æхсæг корпусы æхсæг батальоны командир. 1941 азы ацы корпус æппæрст æрцыд Белорусийы  ныгуылæн арæнтæм горæт Гомелмæ. Батальоны уым  æрæййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр. Фæстæдæр уыд полчы командиры хæдивæг. Капитан Гæбæрайы фырт æдзухдæр уыд тохты цæхæры. 1941 азы 23-æм июны капитанмæ фæсидтысты 21-æм æхсæг æфсады оперативон хаймæ æмæ йын бахæс кодтой 15 барвæндон хæстонимæ цæугæдон Днепры цурмæ знæгты басгарынмæ ацæуын. Бынатмæ, Калинковичийы хъæумæ хæстæг бахæццæ сты изæрдалынгты. Реуаз дыууæ салдатæн бахæс кодта сусгæй хъæумæ бахъуызын, уавæр бабæрæг кæнынмæ. Уайтагъд саладттæ фæстæмæ æрбаздæхтысты æмæ радзырдтой, хъæугæрон кæй ис цалдæр машинæйы цæфтимæ æмæ фашисттæ та иу цалдæр километры æддæдæр кæй лæууынц хæстæввонгæй. Æхсæвы фашисттæ бацахстой Калинковичийы хъæуы æмæ ахæцыдысты Гæбæрайы фырты къорды позицийы ‘рдæм. Бацайдагъ карз, æнæмсæр хæст. Гитлеронтæ хъæр кодтой: «Русь, сдавайся! Вы окружены!», зæгъгæ. Реуазитæ дæр сын дзуапп лæвæрдтой пулеметты æмæ автоматты æхстытæй. Знаг фæстæмæ алæууыд, стыр зиæнттæ йыл æрцыд, афтæмæй. Реуазы къорд дæр фæтæнæгдæр, фæлæ йæ разы æвæрд хæс сæххæст кодта намысджынæй, штабæн зынаргъ зонæнтæ радтгæйæ. Ахæм хæслæвæрдтæ ирон хъæбатыр хæстонæн арæх лæвæрд цыдысты. Мæнæ цы фыстой ирон хæстоны фыццаг ордены тыххæй: «Æмбал Гæбæрайы фырт æрвыст æрцыд сыхаг æфсæддон хаймæ бастдзинад саразынмæ. Фæндагыл бафиппайдта ныхмæлæууæджы хæдтæхæг кæй æрбадт, уый. Сырхæфсæддонты къордимæ æрхъула кодта уыцы хæдтæхæгыл, кæцыйы экипаж сын лæвæрдта ныхкъуырд. Гæбæрайы фырт кæд цæф уыд, уæддæр уацары ракодта дыууæ немыцаг афицеры æмæ сæ æрбакодта армийы штабмæ.» Ацы хъæбатырдзинады тыххæй бавдыст æрцыд «Сырх Тырысайы» орден райсынмæ

1941 азы капитан Гæбæрайы фырт хæцыд Мæскуыйы, Тулæйы, Калугæ, Орелы цур тохты, уыд нырма батальоны, стæй полчы командиры хæдивæг. 1942 азы уалдзæджы æрвыст æрцыд Цæгат Кавказы фронты штабмæ æмæ ссис ацы фронты 351-æм æхсæг дивизийы 1159-æм æхсæг полчы командир. 351-æм æхсæг дивизийы раззаг хахх цыд Дзуарыхъæу, Хæтæлдон, Тæмискъ, Зилахар, Æхсæрысæрыл. Ам хæстонтæ карз тох кодтой знаджы ныхмæ. Уæлдай карздæр тохтæ цыдысты Æфсæддон-Гуырдзиаг фæндаг æмæ цæрæн пункт Зилахары цур.  Ацы тохтыл къухдариуæгад кодтой 1159-æм æхсæг полчы командир, майор Гæбæраты Реуаз æмæ йæ хæдивæг Д.Васильев. Къорд бацыд Црауы хъæдмæ, карз тохты уый арæх хызт иуты къухæй иннæты къухмæ.  Майор Гæбæрайы фырт йе ‘фсæдты ахицæнтæ кодта æмæ æртæ фарсы  ‘рдыгæй æрхъула кодта Црауыл. – Уадз, фрицтæ сæ зæрдыл бадарат сæ фыдракæнд!, – хъæлдзæгæй фæхъæр кодта майор! Уадз, уый сын уæд сæ фæстаг бон!..

Гæбæраты Реуазы полк Црауы хъæуы фашисттæй ссæрибар кодта 1942 азы 10-æм ноябры æмæ уый фæстæ йæ ных сарæзта Алагирмæ. Сыгъдис, пиллон калдта горæт Алагир. Фæлæ та ацы карз тохты дæр стыр лæгдзинад равдисгæйæ, 24-æм декабры Реуазы полк гитлеронты фæсырдта æмæ куыд сæрибаргæнæг, афтæ Алагирмæ бацыд фыццаг. «Хъуыддæгтæ ахицæн сты. Дыууæ мæйы бæрц карз тохты фæстæ 24-æм декабры æмбисæхæсæв горæт Алагирæй тард æрцыдысты немыцаг фашисттæ. Райсом та ногæй зæрин хур скаст горæтыл. Йæ сæрмæ сфæйлыдта Сырх Тырыса. Горæты цæрджытæн арæзт æрцыдис митинг. Митингмæ æрцыдысты Цæгат Ирыстоны партион, советон кусджытæ. Байгом сты скъолатæ, магазинтæ. Горæты фæллойгæнджытæ чысылæй-стырæй махæн кодтой пъатæ, хъæбыстæ… Хъæр кодтой: Нæ ирвæзынгæнджытæ, нæ уарзон æфсад! Мах дæр горæты цæрджытæн хæрзбон загътам æмæ дарддæр знаджы куынæг кодтам, сырдтам æй йæ лæгæтмæ», – дзырдта йæ мысинæгты хъæбатыр хæстон.

Гæбæрайы фырт йæхи равдыста иттæг фæлтæрд хæстон командирæй. Йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй йын бирæ фыстæуыд дзыллон информацион фæрæзты. Алагиры тохты хабæртты фæдыл йæхæдæг та йæ мысинæгты афтæ дзырдта: «Мæнæн мæ зæрдыл хорз лæууы, немыцаг булкъоны йе фсæддонтимæ Тæмисчъы куы æрхизын кодтам, уæд йæ цæстытæ тугæй куыд айдзаг сты, уый. Фырмæстæй йæ цинелы æфцæгготмæ фæлæбурдта æмæ йæ рарæдывта. Йæ риу æхгæд цы фашистон хорзæхтæй уыд, уыдонмæ ацамыдта æмæ ныккæрзыдта: «Адон æз мæ рæсугъд цæстыты тыххæй  куынæ райстон, мыййаг!..». Сырдау ма йæ дамбацамæ фæлæбурдта, фæлæ йын дзы ницыуал рауад… Æрæджиау ма сдзырдта: «Ныр мæ бауырныдта Кавказы хæхтæй махæн размæ акъахдзæфгæнæн кæй нал ис, уый! Ныр мæ бауырныдта, махæн Иры зæхх ингæн кæй суыдзæн…». Уый фæстæ ма фырмæстæй йæ цæнгтæм дæндагæй фæлæбурдта. Куыд æрбахаудта немыцаг булкъон уыйбæрц ахсджиаг документтимæ махмæ. Уый цыдис г.Орджоникидзейы ныхмæ хæцæг æфсады штабмæ. Æмæ Алагирæй куы рахызт, уæд уым иу ирон зæронд лæджы афарста, цæмæй йын фæндаг бацамыдтаид нысангонд бынатмæ. Зæронд лæг сæм бакаст, æмæ дыууæ машинæйы йедтæмæ куынæ уыдысты, уæд сæ рарæвдз кодта махырдæм æмæ нын фехъусын кодта, зæгъгæ, фæцæуынц знаджы дыууæ машинæйы… Уый фæстæ ма уыцы лæджы бæргæ агуырдтон, фæлæ йæ нал ссардтон. Хæдæфсарм разынд. Бирæ нын æххуыс кодтой бынæттон цæрджытæ иууылдæр».

Алагирæй полк ацыд Налцыччы ‘рдæм, Цыколамæ, Кæсæг-Балхъармæ, Пятигорскмæ. Фæндагыл кæсгон хъæу Малкайы хъæуы цур цыдысты ахъаззаг тохтæ. Ацы хъæу сæрибар кæнгæйæ, Реуаз уæззау цæф фæци. Госпиталты бирæ фæхуыссыд хос кæнынмæ. Дохтырты хатдзæгмæ гæсгæ, майор Гæбæрайы фырт æфсæддон службæйæ сæрибаргонд æрцыд 1943 азы æмæ æрцыд йæ райгуырæн горæт Сталинирмæ. Йæ хъæдгæмттæ куы байгас сты, уæд та хæсты фæсчъылдым фыста йæ хæс райгуырæн бæстæйы раз. Фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты. 1954-1955 азты – Сталиниры «Горпромкомбинат»-ы директорæй. 1955-1960 азты – Сталиниры «Маслопром»-ы директорæй. 1960-1963 азты – Сталиниры агуыриаразæн заводы директорæй. Æвæзæрст уыд областон Советы Адæмон депутатæй, уыд СЦКП-йы обкомы уæнг.

1951 азы каст фæци Советон Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады афицерты уæлдæр скъолайы юридикон хайад. 1953 азы дæлбулкъон Гæбæраты Реуазы æфсадæй рацух кодтой запасмæ йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ, радтой йын булкъоны цин æмæ 1-аг къорды инвалиды къæпхæн, афтæмæй. Гæбæрайы фырт хæстон операциты рæстæджы фæцæф 18 хатты. Уыдонæй фондз уыдысты уæззау цæфтæ. Хорзæхджын æрцыд 24 хæстон хорзæхæй, уыдонæй æртæ сты «Сырх Стъалыйы» ордентæ, иу – «Сырх Тырыса»-йы орден.

1943 азы 15-æм январы партийы Цæгат Ирыстоны обком æмæ Адæмон къамисарты Совет бузныджы нысанæн Гæбæраты Реуазæн арвыстой лæвар æмæ арфæйы фыстæг: «Зынаргъ Реуаз Несторы фырт! Куыд Ирыстоны  æнувыд фырт Алагиры ссæрибаргæнæг, афтæ дын партийы Цæгат Ирыстоны обком æмæ Адæмон къамисарты Совет ирон адæмы номæй зæгъынц стыр бузныг æмæ дын æрвитынц чысыл лæвар –  ирон нымæт, хъарм уæлдзарм худ æмæ æфсæдон цырыхъхъытæ». Хъыгагæн, уæдæй фæстæмæ хъæбатыр хæстоны ничиуал æрхъуыды кодта нæдæр Цæгат Ирыстоны, нæдæр горæт Алагиры къухдариуæггæнджытæй.

Ацы аз Гæбæраты мыггаджы советы уынффæмæ гæсгæ Гæбæраты Реуазæн горæт Алагиры центры æвæрд æрцыд цырт. Уый фæдыл нын РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар Гæбæраты Юри афтæ загъта: «Мах, Гæбæраты мыггаджы советы уæнгтæ бауынаффæ кодтам æмæ бахатыдыстæм горæт Алагиры администрацийы къухдариуæгадмæ, цæмæй нæ кадджын æрвадæн æвæрд æрцыдаид цырт. Уыдон нæ фæндыл сразы сты æмæ нын горæты центры, Алагиры администрацимæ хæстæг рахицæн кодтой бынат. Нæхæдæг, Гæбæраты мыггаг æрæмбырд кодтам финансон фæрæзтæ æмæ йын саразын кодтам цырт. Цырты официалонæй бакæныны церемонимæ æрбамбырд бирæ адæм куыд Хуссар Ирæй, афтæ Цæгат Ирыстонæй дæр».

Гæбæрайы фырт йæ цардæмбал Кокойты Вероникæимæ схъомыл кодтой æмæ царды раст фæндагыл бафтыдтой æртæ чызджы æмæ иу фырты.

Хъæбатыр хæстон Гæбæраты Реуаз йæ цардæй ахицæн 1996 азы 13-æм октябры. Рухсаг уæд!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.