Украинæйы цы хæстон цаутæ цæуы, уыдон нынкъуысын кодтой æнæхъæн Уæрæсейы адæмы зæрдæтæ. Кæддæры æфсымæрон республикæйы национал-экстремисттæ æнæаххос адæмы ныхмæ хæст расидтысты, æбуалгъ митæ сын кæнынц.

Бирæ бонтæ, мæйтæ æмæ афæдзтæ æнцой нæ зыдтой, æхсæвæй-бонæй хæцæнгæрзты æхстытæм хъуыстой. Адæмæн сæ уавæр фæрогдæр кæнынмæ æххуысы къух чи бадардта, Уæрæсейы уыцы регионтимæ æрлæууыд Ирыстон дæр.

Сусæггаг нæу, Украинæйы цы æндыгъдад фæзынд, уый саразыны хъуыддаджы кæй уыд ныгуылæйнаг бæстæты æмæ АИШ-ы иуæй-иу бæрзонд бынат ахсæг политикты æнæмбæхсгæ хихæццæ кæнынц Украинæйы мидхъуыддæгты. Уыдоны фæндыд, цæмæй дзы саразой сæ геополитикон хъæзтыты бынат æмæ сæхицæн та бацæттæ кæной регионалон арæнты рацарæзтæн уавæртæ. Абон зын зæгъæн у, цас аххæсдзæн украинаг кризис æмæ йын цы фæстиуджытæ уыдзæн, уый.

Донбассы бынтон æндæр процесстæ уыд. Демократон æгъдауæй равзæрст хицауады раппæрсты уавæрты, доминантон позицитæ бацахстой иттæг националистон тыхтæ, кæцытæ сидтысты уырыссаг цæрджыты марынмæ. Уыдон æмбæхсгæ дæр нæ кодтой, сæ хъайтартæ, сæ цæвиттойнæгтæ, æртыккаг рейхы специалон службæтимæ чи æмгуыст кодта, уыдон кæй сты, æмæ активонæй пайда кæнынц уыцы азты нацистон символикæйæ. Райдыдтой адæмы нæмын æмæ марын. Донбассы цæрджытæ сыстадысты сæ бинонтæ æмæ хæдзæрттæ хъахъхъæнынмæ. Расидтгонд æрцыдысты Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæтæ. Æмбарын хъæуы уый дæр, æмæ Донбассы цæрджытæн сæ нысан нæ уыд Украинæйæ рахицæн кæнын. Уыдон, сæйраджыдæр, сты шахтер-тæ, сабыр кусджытæ. Уæды онг тынг дард уыдысты стыр политикæйæ. Фæлæ куы фæзынд, се ‘рвылбонон цардуагмæ сын чи бацагайдтой, ахæм тыхтæ, æнæаххос адæмы куынæггæнæг артиллерион æхс-тытæ, уæд сын æндæр гæнæн нал уыд – хъуамæ сæхи хъахъхъæдтаиккой. Алы адæймаг æмæ алы адæмæн дæр ис йæхи бахъахъхъæныны бар. Сабырадон референдумæн, адæмы сабыр фæндонзагъдæн хицауад дзуапп куы дæтта нæмгуытæй æмæ сармадзантæй, репресситæй, æрцахстытæй, над æмæ мардæй, уæд уый у антиадæмон хицауад. Киев сабыр адæмы ныхмæ æфсад арвыста. Фæлæ æфсадæн æрмæст иу хатт вæййы йæ адæмы фехсыны фадат. Æмæ йæ уыцы æхст адæмæн æнæуынон æмæ æцæгæлон скæны.

Ногæй та нæ бахъуыд хæцæнгарз райсын, туг ныккалын. Украинæйы хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ нæ ирон лæппутæ равдыстой лæгдзинад, æрлæууыдысты фашистон лæгмæртты ныхмæ тохы, уыдысты æмæ сты лæгдзинад æмæ æхсардзинады дæнцæг.

Нæй дзурæн, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты цы бархионтæ ис, уыдоны дырыс нымæцыл. Абон дæр ис бирæ адæм, кæцыты тынг фæнды, сæ царды бартæ хъахъхъæныны тыххæй чи тох кæны, Донбассы уыцы адæмæн баххуыс кæнын. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй бирæ бархионтæ фæцыдысты Донбассы адæмæн лæггад кæнынмæ. Чи ацыд, уыдоны нымæц бæрæг нæу, фæлæ уыдон дзæвгар сты. «Нæ туг фæстаг æртахы онг ныккалдзыстæм, уæддæр басæтдзыстæм знаджы. Худинаджы бæсты – мæлæт!» – ахæм ныхæстимæ ацыдысты Ирыстоны хæстонтæ знаджы ныхмæ тох кæнынмæ.

Мах нæхæдæг дæр уыцы фæндæгтыл рацыдыстæм, абон Донбассы цы цаутæ цæуы – тыхджындæр сыхаджы ‘рдыгæй агресси, паддзахадон терроризм, цыран сабыр цæрджыты ныхмæ теракттæ аразынц, бар кæмæн нæй, ахæм организацитæ нæ, фæлæ официалон структурæты барамындæй.

Цыфæнды зындзинæдтæ ма бавзарæм, уæддæр та нæм фæзыны ногæй ныфсы цъыртт. Æмæ афтæ хъуамæ уа æнæмæнг дæр, тырнын хъæуы сæрибардзинадмæ, хæдбардзинадмæ, цасфæнды зынаргъ ма слæууа, уæддæр.

                                       ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.