Нæ горæты пансионат «Забота»-йы кусджытæ кæддæриддæр аудгæ ахаст дарынц зæрæдтæ æмæ фæкæсынхъуаг адæймæгтæм. Зæгъæн ис æмæ ницы цух сты, уымæн æмæ сын æрвылбон дæр  цæттæ кæнынц хъарм æмæ хæрзад хæринæгтæ, йе нæниздзинад кæмæн фæцуды, уымæн та бынаты бакæнынц медицинон æххуыс. Фæлæ уыимæ фæрсаг адæймæгты рæвдыд æмæ узæлд уыдонæн æрхæссы уæлдай æхцондзинад æмæ ныфс. Ацы хъуыддаг сæ зæрдыл дарынц Цхинвалы районы Культурæйы управленийы кусджытæ æмæ сæм æрвылаз дæр фæуазæг вæййынц, бакæнынц сын лæвæрттæ, бахъæлдзæг сын кæнынц сæ зæрдæтæ рæвдыд ныхас æмæ хъазт-изæрæй.

Афтæ та уыд æрæджы дæр æмæ фысымтæ дæр æмæ уазджытæ дæр кæрæдзийы фенд æмæ хъæлдзæг зæрдæйы равгæй истой æхцондзинад. Уазджыты ‘хсæн уыдысты Культурæйы управленийы хистæры хæдивæг Чертхъоты Дали, зынгæ фæндырдзæгъдæг Саппиаты Зæлинæ йæ зарæггæнджыты къордимæ æмæ æндæртæ. Райхъуыстысты цины хъæлæба æмæ арфæйы ныхæстæ дыууæрдыгæй дæр, цин кодтой сæ кæрæдзийыл. Саппиаты чызджы ирон фæндыры рæсугъд зæлтæм нал фæлæууыдысты æмæ кафынмæ рахызтысты фысымтæ сæхæдæг дæр.

Кæронбæттæны дыууæрдыгæй фарс дæр кæрæдзийæн кодтой арфæтæ, æввахс рæстæджы та ногæй кæй сæмбæлдзысты, ууыл сæ зæрдæ дардтой.

                                                    ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.