Фæстаг азты нæ республикæйы культурон цард зынгæ фæцымыдисондæр, сарæзта стыр къахдзæфтæ. Паддзахадон ансамбылтæй дарддæр ма хорз архайынц хæдархайгæ аивадон æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Уыдонæй сæ иу ансамбль «Кафт» архайы Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы. Æрæджы æрæздæхтысты Хъырымæй. Нæ уацхæссæг фембæлд ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг Четион Майяимæ. Ныхас кодтой куыд Хъырыммæ сæ балцы, афтæ ма ансамблы архайды тыххæй дæр.

– Майя, уе ‘нтыстытæй рухс кæнут куыд Хуссар Ирыстоны афтæ уымæн æдтейæ дæр сценæмæкæсджыты зæрдæтæ. Фæлæ уал нын куы радзурис ансамбль куыд арæзт цыд, цы уæ баразæнгард кодта æмæ уын æххуысгæнæг чи уыд, уыдæтты тыххæй.

– Ансамбль арæзт æрцыдис 2000 азы. Мæ фæнд сæххæст кæнынæн мын мæ разы цæлх-дуртæ ничи æвæрдта æмæ уый дæр нымайын æххуысыл. Мæ аразинæгтæн сæ фылдæр куы бакодтон уæд бынаты тыххæй бахатыдтæн Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъолайы уæды директор Джиоты Алламæ. Йæхæдæг дæр ма ацы хъуыдыйы тыххæй бацин кодта, радта мын бынат æмæ дарддæр æххæст кодтон аразинаг цы уыдтæн, уыдон.

– Æрæджы дæ ансамблимæ сфæлдыстадон балцы уыдтæ Хъырымы. Куыд уыл сæмбæлдысты бынатмæ æрцæугæйæ?

–  Сæмбæлдысты ныл æмæ нæ райстой хорз. Уый мах хатыдыстæм фестивалы рæстæджы æмæ æнæуый дæр.

– Ансамбль хайад иста Æп-пæтадæмон конкурс-фестивалы. Бирæ уыдысты йæ хайадисджытæ?

– Нæ коллективæй дарддæр ма дзы хайад райстой Абхаз, Дагъыстан, Адыгей, Буряти æмæ æндæр регионтæй ансамблтæ – æдæппæт 15 коллективы. Уыдонæй алчи дæр акодта дыууæ кафты.

–  Дæ ансамблæн цахæм æнтыст уыд конкурс-фестивалы?

– Зæгъдзынæн уал уый æмæ ансамблы æдæппæт кæй архайы 37 адæймаджы. Уыдонæй 17 сты лæппутæ иннæтæ та чызджытæ. Дих сты дыууæ къордыл. Кæстæр къорды архайынц 10-13 аздзыд-тæ, хистæр къорды та – 14-17 аздзыдтæ. Ацы конкурс-фестивалы иууылдæр равдыстой хорз арæхстдзинад æмæ цæттæдзинад.

–  Куыд кæстæр къорды афтæ, хистæр къорды уæнгтæ дæр сæххæст кодтой фæйнæ дыууæ кафты – «Чызджыты кафт», «Ирон лирикон кафт», «Хъаматимæ кафт» æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон зындгонд кафт «Симд». Жюрийы уæнгтæ уыдысты Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, профессор Юри Деревягин, Республикæ Хъырымы культурæйы сгуыхт кусæг Людмила Сидельникова, Хъырымы паддзахадон филормонийы сгуыхт артист Анжелика Захарова æмæ Хъырымы культурæ æмæ аивæдты университеты кафджыты кафедрæйы ахуыргæнæг Юлия Падян. Жюрийы уæнгтæ уыдысты карз, хынцыдтой алы цухдзинад дæр. Уымæ нæкæсгæйæ, нæ кæстæр кары артистты схорзæхджын кодтой фыццаг къæпхæны дипломæй, хистæр кары артисттæн та лæвæрд æрцыдис «Сæйраг приз». Уый, кæй зæгъынæй хъæуы, у æхсызгон хабар.

–  Цæмæй исты хъуыддаджы къухты бафта æнтыст уый тыххæй фыдæбон хъæуы. Куыд нымайыс, æнтыст цæмæй кæнгæ у?

 Ссæдз азы фæкафыдтæн Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы. Уый чысыл рæстæг нæу, рацыдтæн кафты аивады хорз фæндагыл æмæ уый фæстæ мæ зонындзинæдтæ мæ арæхстдзинад амонын рæзгæ фæлтæрæн, цæмæй цы фæндаг равзæрстой, уый бауарзын бауа сæ бон, æнкъарой бæрндзинад æмæ сæ цы домдæуы уый æххæст кæной куыд æмбæлы афтæ.

– Дард рæттæм балцытæ кæддæриддæр баст вæййынц бæрæг хæрдзтимæ. Ахæм рæстæджы уæ фарсмæ исчи балæууы?

–  Сæйраджыдæр, мæ стыр бузныг зæгъын фæнды нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн. Цалдæр хатт æм бахатыдыстæм æмæ нын алы хатт дæр бакæны æмбæлон æххуыс. Бузныг ма зæгъын мæ хъомыл-гæнинæгты ныййарджытæн дæр. Æххуыс куы бахъæуы уæд, æнæ уæлдай раныхас баныхасæй саразынц сæ бон цы вæййы, уый. Стыр райгонды æнкъарæнтимæ йæ ахадæн лæггæдты тыххæй бузныг зæгъын туркаг ирон Цæрыкъаты Аднанæн дæр.

– Конкурс-фестивалы рæстæджы ма æндæр исты ма-дзæлтты райстат хайад?

–  Æндæр бæстæ, æндæр адæмты фенын æмæ базонынмæ чи нæ фæцымыдис кæны. Махæн фадат уыдис æмæ федтам иуæй-иу цымыдисон бынæттæ. Цæрæн бынат Шуфуткалайы федтам Аланты мæсгуытæ, Ханты галуан, Уыдыстæм Æфсæддон денджызон музейы. Федтам не ‘мзæххон Хъоцыты Къостайы бюст.

– Исчи ма дын æххуыс кæны сывæллæттимæ кусыны хъуыддаджы?

-О. Уыдон та сты мæ раздæры ахуыргæнинæгтæ Джиоты Къоста, Бестауты Ирма æмæ Кæркуысты Алена. Се ‘ппæтмæ дæр ис уæлдæр æмæ сæрмагонд ахуырдзинад æмæ хорз арæхсынц сывæллæттимæ кусынмæ.

– Дæ дарддæры плæнтты тыххæй та цы зæгъдзынæ?

– Ныртæккæ нæхи цæттæ кæнæм концерт ауадзынмæ æмæ æввахс рæстæджы барухс кæндзыстæм киноконцертон зал «Чермен»-мæ нæм чи æрбацæуа, уыдоны зæрдæтæ. Мæ сæйраг бæллиц та у, цæмæй нæ ансамблæн лæ-вæрд æрцæуа паддзахадон статус. Ахæм ансамблтæ алы бæстæйы дæр ис.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.