Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелинӕйы райгуырдыл 80 азы сӕххӕсты цытӕн 6-ӕм апрелы Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры ауагъдӕуыд юбилейон изӕр. Ардӕм æрбацыдысты бӕстӕйы Президент Бибылты Анатоли, хицауады уӕнгтӕ, интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, юбиляры ӕввахс ӕмбӕлттӕ, йе сфӕлдыстадӕн табугæнджытæ. Цӕгат Ирыстонӕй дӕр раарфӕ кӕнынмӕ ӕрцыдысты йӕ коллегӕтӕ. Стыр бузныджы ныхӕстӕ йын загъта Цӕгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат, зынгӕ театралон режиссер Бекъойты Розӕ.

Театры сфӕлдыстадон къорд юбилейон мадзалмӕ бацӕттӕ кодтой диссаджы цымыдисон номыртӕ, равдыстой Эвелинӕйы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй ист кадртӕ, зæлыдысты бирӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ бузныджы ныхӕстӕ.

Гугкаты Эвелинӕ ныр 50 азӕй фылдӕр архайы театры сценӕйыл ӕмӕ рухс кӕны театруарзджыты зӕрдӕтӕ йӕ иузӕрдион профессионалон архайдӕй, йӕ диссаджы адӕймагдзинады миниу-джытæй. Тынг бирӕ ролты ахъазыдис театры сценӕйыл, сарӕзта алыхуызон ӕнӕмӕлгӕ фӕлгондзтӕ ӕмӕ ныр ӕры-гон артисттӕн Эвелинӕ у цӕвиттойнаг,  цы хъӕуы аразын, цӕмӕй дӕ адӕм бауарзой, табу дын кӕной де сфӕлдыстадӕн ӕмӕ дын царды бирӕ бантыса саразын.

Эвелинӕ йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй цы фæлгæндзтæ сарæзта, уыдо-нæй йын иууыл ӕввахсдӕр ӕмӕ зынаргъдӕр у «Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ»-йы сӕйраг роль.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтӕмӕй Эвелинӕйы хуызӕн адӕймагӕн зын у арфӕйы ныхӕстӕ дзурын, уымӕн ӕмӕ аккаг ныхӕстӕ зын ссарӕн вӕййынц.

«Гугкаты Эвелинӕ уыйбæрц сарӕзта аивады къабазы ӕмӕ дзы мах стӕм не ‘ппæт дæр сӕрыстыр, йӕ курдиат у ӕгӕрон ӕмӕ кӕстӕр карӕн та лæвар кæны диссаджы театралон фӕлгӕндзтӕ, кӕцытӕм тырндзысты сӕ дарддӕры профессионалон архайды. Йӕхи кары гой-мӕгтимӕ дӕр ӕмӕ йын кӕстӕр фӕлтӕримӕ дӕр ис хъарм ахастытӕ, алкӕйы зӕрдӕмӕ дӕр ары фӕндаг ӕмӕ уыцы миниуӕг та алкӕмӕ нӕй. Мӕ зӕрдӕ дын зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ хорз зӕрдӕйыуаг, цӕмӕй ма нын бирӕ азты рухс кӕнай нӕ зӕрдӕтӕ», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли юбиляры схорзӕхджын кодта Кады орденæй.

«Чизоны, ӕз фӕстаг хатт лӕууын ацы сценӕйыл, уымӕн ӕмӕ мыл азтæ ацыди. Фӕлӕ ӕз тынг амондджын дӕн, ахӕм фӕндагыл кӕй рацыдтӕн царды ӕмӕ мӕ уарзон профессийӕн мӕхи кӕй снывонд кодтон. Ӕз театры фӕрцы цӕрын, театры фӕрцы бауарзтон адӕмы ӕмӕ уын зӕгъын стыр бузныг, ме сфӕлдыстадӕн мын ахӕм аргъ кӕй скодтат», – банысан кодта Гугкаты Эвелинӕ.

Стыр бузныджы ныхӕстӕ ма загътой Эвелинӕйӕн театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан ӕмӕ мадзалмӕ ӕрбацӕуӕг адӕмæй бирæтæ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.