Ирыстоны бирææнусон историйы ирдæй æвдыст æрцыдысты йæ адæмы хæстхъомдзинад, сæ ныфсхастдзинад, сæ хъæбатырдзинад æмæ сæ уарзондзинад райгуырæн зæхмæ. Бирæ туг ныккалын сæ бахъуыд сæ зæхх, сæ нацийы, се ‘взаг бахъахъхъæныны охыл. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæджы мисси уыдон æххæст кодтой ССР Цæдисы немыцаг тыхæйисджытæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты дæр.

Ахæм уæззау уаргъ æрхауд Хуссар Ирыстоны адæммæ ивгъуыд æнусы 90-æм азты – ныр та сæхи райгуырæн зæххыл. Гуырдзиаг æнæформалтæ Хуссар Ирыстонмæ куы бырстой, уæд ирон хъæбатыр фæсивæды бахъуыд фыдызнаджы ныхмæ æрлæууыны сæр. Уæд нæ республикæйы нæлгоймæгтæй хæцæнгарз райсынхъом чи уыд, уыдон се ‘ппæт дæр æрлæууыдысты гуырдзиаг агрессорты ныхмæ æмæ хъахъхъæдтой сæ адæмы æмæ сæ Фыдыбæстæйы дæр. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ стыр кад æмæ цыты аккаг кæй сты, уый нæ рох кæнынц нæ адæм æмæ æрвылаз дæр цытимæ банысан кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Уымæн æмæ хорз æмбарынц, ацы бæрæгбон у хæстон хъæбатырдзинад, адæймагдзинад, кад æмæ намысы æв-дисæн. Æмæ кæд ацы стыр бæ-рæгбонæй рацыд цалдæр боны, уæддæр æй ныр дæр стыр цы-тимæ банысан кодтой нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыр-гæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытимæ. Уыдонæн ацы бæрæгбон уæлдай табуйагдæр у, уымæ æмæ нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй бирæтæ ссардтой æнусон æнцойад се скъолайы кæрты. Уый сын æдзух сæ зæрдыл лæууын кæны, цы хæсты арт ссыгъд нæ зæххыл, уый æмæ нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты хъæбатыр тох.

Мадзал бацæттæ кодта скъо-лайы хъомылады фарстыты фæ-дыл директоры хæдивæг Тедеты Ноннæ. Скъолайы 2-æм уæлдзы-джы фойе уыд бæрæгбонвæ-лыст. Уым къултыл фенæн уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæс-ты, Афганистаны æмæ гуырдзиаг-ирон хæсты  хайадисæг хъæбатырты къамтæ. Уым фенæн уыд, гуырдзиаг-ирон хæсты 5-æм скъолайæ чи бабын сты, уыцы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзауты къамтæ.

Бæрæгбонон мадзалмæ æрбамбырд сты ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæ, ныййарджытæ æмæ хæстон архайдтыты хайадисджытæ.

Бæрæгбонон мадзал æрбайгом Хуссар Ирыстоны гимнæй. Уый фæстæ мадзалы организатор – Тедеты Ноннæ зæрдæбын арфæтæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбоны сæраппонд æмæ чысыл экскурс сарæзта, ацы бæрæгбоны нысаниуæджы тыххæй.

«Ацы бæрæгбон баст у нæ паддзахады, нæ адæмы историимæ. Нæ лæппутæ удуæлдай тох кодтой сæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны тыххæй. Æнæ уыцы лæппуты хъайтардзинæдтæй абон махæн ахæм бæрæгбонтæ нысан кæныны фадæттæ нæ, фæлæ цæрыны уавæртæ дæр нæ уаид. Уый тыххæй та сæ цард рауæлдай кодтой сæдæгай ирон лæппутæ æмæ сын мах хъуамæ аргъ кæнæм, сæ рухс нæмттæ сын мысæм, нæ зæрдыл сæ дарæм», – дзырдта Тедеты Ноннæ. Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Мадзаламонджытæ – скъолайы ахуырдзаутæ Музиаты Алан, Дудайты Ацæмæз æмæ Багаты Алан кæрæдзи ивгæйæ дзырдтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы стыр номы тыххæй, райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын кæй у алы æмбæстаджы кадджын хæс дæр, ныр 90 азæй фылдæр ацы бæрæгбон кадимæ, сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ нысан кæй цæуы, уый кæй у æхсардзинады, патриотизмы æмæ хæрзиуæджы бæрæгбон, Фыдыбæстæйæн лæггад кæнын кæй нысан кæны нæ адæмы сабыр цард, нæ райгуырæн бæстæйы кад æмæ намыс хъахъхъæнын. Афтæ ма дзырдтой райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады тыххæй дæр. Йæ историон фæндагыл цæугæйæ, бирæ хъизæмæрттæ кæй бавзæрста, тугæйдзаг фæндагыл кæй фæцыдис æмæ йæ хъæбултæ йæ сæрыл сæ цард нывондæн кæй хастой. Уымæн нын у уæлдай зынаргъдæр нæ Фыдыбæстæ. Йæ хъæбысы ныгæд сты, знаджы ныхмæ карз тохты чи фæмард сты, уыцы фыдтæ æмæ дадатæ. Уым ныгæд сты нæ фырттæ æмæ æфсымæртæй дæр бирæтæ. Уыдонæн сæ нæмттæ рох никуы уыдзысты.

Мадзаламонджытæ æрымысыдысты, Хуссар Ирыстонæй Советон Æфсады рæнхъыты сæ интернационалон хæс чи æххæст кодтой, уыдон дæр. Цæвиттон, Афганистаны хæсты хайад истой 200 фылдæр хуссарирыстойнаг лæппуйы, кæцытæй æхсæзæй нал сæмбæлдысты сæ хæдзæрттыл.

Нæ адæмæн стыр фæлварæн систы гуырдзыйы агрессийы ныхмæ тохы азтæ. Уыдон райдыдтой 1989 азы 23 ноябры. Уæд нæ адæм уæлдай тынгдæр равдыстой сæ иудзинад æмæ æнгомдзинад æмæ куыд иу, афтæ æрлæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ йæ не ‘рбауагътой горæтмæ. Уæдæй фæстæмæ, 20 азы дæргъы, мах бахъуыд цæуын хæсты тугæйдзаг фæндагыл. Уыцы фæндагæн йæ кæрон æрцыдис 2008 азы августы, знаг куы бафæлвæрдта нæ бæстæйæ «сыгъдæг быдыр» саразынмæ æмæ сæрсæттæн цæф куы баййæфта, уæд.

Раныхæсты  ‘хсæн зæлыдысты зарджытæ æмæ æххæст кодтой кæфтытæ. Зарæг «Обелиск» сæххæст кодтой скъолайы зарæггæнджыты къорд йæ къухдариуæггæнæг Джиоты Ингæйы сæргълæудæй. Мадзалы хайад райстой скъолайы вокалон къорд «Улыбка» йæ къухдариуæггæнæг Гæззаты Ингæ, афтæмæй. Уыдон сæххæст кодтой цалдæр æфсæддон зарæджы æмæ сæ аив зæрдæмæхъаргæ зардæй сæхимæ æрыхъусын кодтой æрæмбырдуæвджыты.

Мадзалы ахуыргæнинæгтæ цы æмдзæвгæтæ бакастысты, уыдон се ‘ппæт дæр баст уыдысты хæстон архайдтытимæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Къусраты Илья дæр радзырдта йæ хæстон фæндæгты тыххæй æмæ бузныджы ныхæстæ загъта скъолайы коллективæн, ахуырдзаутæн, мадзалы организатор-тæн, ахæм хорз мадзал кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй.

Мадзалы раныхас кодта Цхуырбаты Розæ. Уый æрдзырд-та, йе ‘фсымæр Ростик кæй уыд нæ зæххыл цы хæсты арт ссыгъд, уый фыццаг амæттæгтæй сæ иу. Æнкъард уыд йæ раныхас æвзонг идæдз Дзигойты Жаннæйæн дæр. Йе ‘мкъай Зæгъойты Алан кæд Афганистаны хæстæй сæрæгасæй æрыздæхт, уæддæр йæ æвзонг цард æрхаста, йæ зæххыл цы хæст сцырын, уый сæрибардзинады сæрвæлтау.

Мадзалы кæрон ахуырдзаутæн, йæ сорганизацигæнджытæн раарфæ кодтой скъолайы директор Туаты Мадинæ æмæ РХИ-йы Парламенты депутат Уалыты Розæ. Сæ раныхæсты уыдон банысан кодтой, мах хæсджын кæй стæм, нæ рухс фидæны сæраппонд йæ цард чи æрхаста, уыцы æдзард хæстонты рухс нæмттæ цæмæй нæ зæрдыл дарæм.

Кæронбæттæны ногдзауты рæнхъытæм ист æрцыдысты рай-диан кълæсты ахуыргæнинæгтæ.

                     БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.