Ацы бонты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты æмбырдгæнæн залы уыд РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады хыгъдон æмбырд. Æмбырды хайад райстой Президент Гаглойты Алан, æндæр бæрнон адæймæгтæ. Ирыстоны паддзахадон гимн сæххæст кæныны фæстæ хыгъдон æмбырд байгом кодта Уæлвæткон уавæрты министр, инæлар летенант Гассеты Ибрагим. Уый йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, министрад йæ сырæзтæй фæстæмæ æнтыстджын æмæ цæсгомджынæй æххæст кæны, паддзахад æмæ йын хицауад йæ разы цы алыгъуызон хæстæ æвæры, уыдон æмæ сæ дарддæр дæр æххæст кæндзыстæм æнæ аиппæй æмæ рæстæгыл. Уый фæстæ ныхасы рацыд министры фыццаг хæдивæг, булкъон Бестауты Ацæмæз. Уый банысан кодта, зæгъгæ, æппæт алы-гъуызон зындзинæдтæ иуварскæнгæйæ министрад хайад райста 244 цау аиуварс кæныны хъуыддаджы. Цы æнамонддзинæдтæ аиуварс кодтам, уыдон ’хсæн уыдысты Ручъы фæндаг зæйтæй æмæ дуртæй асыгъдæг кæнын, зынгсирвæзтытæ ахуыссын кæнын, донивылдтытæ æмæ æндæр ахæм æвирхъау цаутæ аиуварс кæнын. Уыимæ ма раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, нырæй фæстæмæ дæр, æвæццæгæн, уыдзæнис, адæм кæмæ не ’нхъæлмæ кæсынц, ахæм æнамонд цаутæ рæстæджыты нæ ирвæзынгæнджытæ æрвылхатт дæр цæттæ уыдзысты тыхст адæ-мы фарсмæ балæууынмæ.

Уый фæстæ сæ хайæдты куыст æмæ архайды тыххæй докладтæ сарæзтой булкъонтæ Алан Захаров, Гæбæраты Таймураз, дæлбулкъон Санахъоты Руслан æмæ æндæртæ.

Æмбырды кæронбæттæн раныхас кодта Президент Гаглойты Алан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд Уæлвæткон уавæрты министрады куыстæй 2022 азы рахъастгæнæн нæй, уæддæр ног 2023 азы уæ разы æвæрут ноджы стырдæр хæстæ. Уый раппæлинаг хъуыддаг у æмæ сæ кæд æххæст дæр скæнат, уæд та уæ куыстæн æрцæудзæнис æмбæлон аргъ.

Уый фæстæ, куыд паддзахадон, афтæ ведомствойон хорзæхтæ лæвæрд æрцыдис хуыздæр кусджытæ Чехойты Алан, Беройты Давид, Сланты Ибрагим, Зассеты Лери, Къæбысты Таймураз, Зозиашвили Сергей, Уанеты Сергей æмæ æндæртæн. Æдæппæт хорзæхтæ райстой æртын адæймагæй фылдæр.

Гæззаты Иван