Аивгъуыйгæ 2017 азы РХИ-йы Сæйраг архивон управлени дарддæр йæ хæстæ æххæст кодта документтæ æфснайыны, цæрджыты, организациты æмæ уагдæтты домæнтæ æххæст кæныны куысты фæдыл. Фæлæ банысан кæнын хъæуы, сæ куысты уавæртæ æмбæлон кæй не сты, уый.  Азы райдианы РХИ-йы Хицауад райста уынаффæ «РХИ-йы Сæйраг архивон управленийы тыххæй», цыран Дзауы, Знауыры æмæ Ленингоры районты сæргълæуджытæн хæсгонд æрцыд, цæмæй фа-дæттæ ссарой архивтæ æфс-найынæн уæлæмхас хатæнтæ рахицæн кæнынæн, оргтехникæ æмæ æндæр хъæуæг æрмæ-джытæй сæ сифтонг кæнынæн. Сæйраг архивон управленийы хистæр Тадтаты Хетæг куыд зæгъы, афтæмæй уынаффæ кæд райстæуыд, уæддæр районты администрациты къухдариуæггæнджытæ уый фæдыл ницы сарæзтой æмæ абон дæр уыцы архивтæ сты æдзæллаг уавæры. Æрмæст хатæнтæ сын нæ фаг кæнынц æмæ оргтехникæйæ хъуагдзинад нæ æййафынц, фæлæ ма сын нæй хъæуæг инвентарь, цалцæгкæнинаг сты хатæнтæ æмæ стеллажтæ дæр. Хуыздæр уавæры не сты хъуыддæгтæ Централон паддзахадон архивы дæр. Ам дæр архивтæ æфснайынæн нæй сæрибар бынæттæ. Тадтаты Хетæг куыд зæгъы, афтæмæй РХИ-йы Хицауад банысангонд уынаффæйы бахæс кодта, цæмæй бавдыст æрцæуа Централон паддзахадон архивы схæрзарæзт кæныны фæдыл хæрдзты хыгъдтæ. Бацæттæ æрцыд сметæйон-техникон документаци 2157 мин сомы аргъ куыстытæн. Фæлæ абоны онг дæр фарст скъуыддзаг нæ-ма æрцыд, ног райсгæ документтæ та кæм æвæрой æмæ æфснайой, ахæм сæрибар бынæттæ нал ис.

Уыдæттæм нæ кæсгæйæ, РХИ-йы Сæйраг архивон управлени зынгæ куыст бакодта республикæйы архивон хъуыддаг фæхуыздæр кæныныл. Ауагъд æрцыдысты комплексон басгæрстытæ Дзау, Знауыр æмæ Ленингоры районты архивон хайадты, цы цухдзинæдтæ сæ раргом ис, уыдон фæдыл сын бацамындæуыд. Басгæрстыты фæстиуджыты тыххæй гæххæттытæ æрвыст æрцыдысты районты администрациты сæргълæуджытæм цухдзинæдтæ аиуварс кæныны тыххæй мадзæлттæ райсынмæ. Афтæ ма басгæрст æрцыдысты 12 уагдоны хъуыддагдарды æмæ архивты уавæры фæдыл. Басгæрстыты нымæцы уыдысты завод Эмальпровод, РХИ-йы Таможнæйон комитет, РХИ-йы Паддзахадон статистикон управлени, РХИ-йы Юстицийы министрад, РХИ-йы Стандартизаци æмæ метрологийы комитет æмæ æндæртæ. Уыдоны фæстиугæнæн раргом сты бирæ цухдзинæдтæ, документалон æрмæджыты фæткмæ æркæнын æмæ сæ æфснайыны хъуыддаджы, куыд горæты, афтæ районты уагдæтты дæр. Хицæн уагдæтты æмæ ор-ганизациты къухдариуæггæнджытæ æмæ ведомствæйон архивты æфснайынæн дзуапп чи дæттынц, уыцы кусджыты æбæрн ахасты фæстиуæгæн вæййы ахæм цаутæ æмæ документтæ пайда кæнынæн куынæуал бæззынц, куы сæ фесафынц, бирæ къухдариуæггæнджытæ та архивы кусджытæн фадат нæ раттынц, цæмæй базонгæ уой, документтæ куыд арæзт цæуынц æмæ архивон æрмæджытæ цы уавæрты æфснайд цæуынц, уыдæттимæ.

Документтæ æфснайыны хъуыддаг уæлдай мæгуыраудæр у Дзауы районы. Ивгъуыд аз бакусынмæ æмæ æфснайынмæ ист æрцыдысты Дзауы приходы аргъуанон метрикон чингуытæ, кæцытæй дыууæ уыдысты бынтон æвзæр уавæры, нал бæззыдысты æфснайынæн æмæ сæ рестовраци скæнынæн дæр.

Уавæр бирæ хуыздæр нæу Ленингоры районы дæр. Йæ территорийыл уæвæг уагдæттæ æмæ организацитæн сæ фылдæры æмбæлон уагмæ не ‘ркодтой æмæ паддзахадон архивмæ æфснайынмæ нæ радтой сæ документтæ.

Централон Паддзахадон архивы архивтæ бæстон кæныны фæдыл хайады кусджытæ бакуыстой 31 уагдоны документалон æрмæджытыл, кæцытæн сæ иумиаг нымæц уыдис 13 536 иуæджы.

Архивон документты рæзтимæ фылдæр кæны бæлвырдгæнæнтæ дæттыны куысты гуырахст дæр. Ивгъуыд азы республикæйы Централон паддзахадон архив райста 1345 домæн æмæ курдиаты, уыцы нымæцы уагдæттæ æмæ организацитæй – 363, кæцытæй 295 лæвæрд æрцыд æвæрццаг дзуапп.

Уæрæсейы Федерацийы пенсион фондæн Алагиры районы цы консультацион пункт ис, уый минæвæрттимæ арæзт æрцы-дысты 360 акт – басгæрстыты – кæцытæй 205 акты бæлвырд æрцыдысты, пенсиисджытæ кæй куыстой, уыцы факттæ.

2017 азы дарддæр куыст цыдис зонæнты базæ саразыны фæдыл. Ныр ам æххæст информаци ис Цхинвалы горæххæст-комы администрацийæ æмæ уымæй фæхуыздæр архивон бæлвырдгæнæнтæ уагдæттæ, организацитæ æмæ æмбæс-тæгтæн дæттыны хъуыддаг. Ахæм куыст ма цæуы Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы æмæ Цхинвалы райæххæсткомы фæдыл, афтæ ма Цхинвалы фыццæгæм нотариалон конторæ æмæ Цхинвалы горæтон тæрхондоны фæдыл дæр. Фæлæ Тадтаты Хетæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы куыст æххæст цæуы хуымæтæджы компьютертыл, æнæ серверон ифтонгадæй æмæ уый та тасдзинад æвзæрын кæны, цы информаци сæ бавæрдтой, уый фесæфынæй.

Централон Паддзахадон архивы æрмæджытæй пайда  кæнынц зонадон куысджытæ. Ивгъуыд аз архивы кæсæн залы архивон æрмæджытæй пайда кодтой 5 иртасæджы, афтæ ма уагдæттæн рæстæгмæ пайда кæнынæн лæвæрд æрцæуынц архивон æрмæджытæ.

Архивы бæрæг куыст цæуы документты физикон æгъдауæй хъахъхъæныныл. Реставраци æрцыдысты 657 сыфы архивон фондæй, рæнхъон сконды документтæй та – 1 873 сыфы.

Цæмæй хуыздæр æфснайд æмæ бахъахъхъæд æрцæуой архивон документтæ, уый тыххæй азы дæргъы уагъд цыдысты санитарон бонтæ. Централон паддзахадон архивы куыст хуыздæр цæуит, нæ уацы райдианы цы проблемæтыл æрдзырдтам, уыдон иуварс куы æрцæуиккой, уæд. Уыцы проблемæтæй дарддæр ма Тадтаты Хетæг куыд банысан кодта, афтæмæй кусджытæн нæ фаг кæнынц кабинеттæ, афтæ ма сын нæ фаг кæнынц квалификациджын æмæ архивон хъуыддаджы специалисттæ дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.