Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фермерон хæдзарадтæ цы куыст бакодтой, уыдонæн. Статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй фосдарды куыст чи кæны, уыдоны нымæц у 14. Стурты нымæц хæдзарадты æдæппæт хæццæ кæны 373, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 198. Куыд амæйразмæ, афтæ та ныр дæр иууыл фылдæр стуртæ дары фермерон хæдзарад «Арцеу»-109, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 44. Сæ нымæцмæ гæсгæ дыккаг бынаты цæуы «Тын», хæдзарады фосдарджытæ зилынц 59 стурмæ, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 34. «Алан»-мæ ис 50 стуры, уыдонæй хъуццытæ – 30, «Цъунар» Лохы фырт – 32 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ 15 æмæ афтæ дарддæр. Абоны онг уал хæдзарадтæ родтæ райстой æмæ хъомыл кæнынц 124, хицæнтæй сисгæйæ, сæ нымæц у ахæм: «Алан»-ы – 28, «Тын»-ы – 25, «Арцеу»-ы – 17, «Сидук»-ы – 13 æмæ æндæртæ. Куыд стуртæ, афтæ фысвос райтынг кæныныл дæр зæрдиагæй кусынц фермерон хæдзарад «Алан»-ы фосдарджытæ æмæ сын ис зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ. Фæстаг зонæнтæм гæсгæ фосдарджытæ зилынц 500 фысмæ æмæ сæм уæрыччытæ та нымадæуы 150.

Районы хуыдарды куыст кæнынц «Виктория», «Циндзинад» æмæ «Æфсати»-йы хæдзарадтæ æмæ сæм иууыл иумæ нымадæуы 27 хуыйы, уыцы нымæцы дзæргъытæ та сты 6. «Циндзинад» уал хъомыл кæны 14 хъыбылы æмæ «Виктория» та – 7. Мæргътæ «Виктория» дары 100 æмæ «Алан» та – 50. Бæхтæ дарынц ахæм хæдзарадтæ, куыд «Цъунар», «Алан», «Фат» æмæ «Сидук».

 

ТЫЛЛÆГ ÆФСНАЙЫНЫ БÆРÆГГÆНÆНТÆ

Фæззыгæнд мæнæу ацæугæ аз тыд æрцыд 56,6 гектары, уыцы нымæцы «Тын» байтыдта 20 га, «Икъорта»-12 га, «Æндидзынад» æмæ «Цъунар» Бибылы фырт – фæйнæ 10 га, «Фат»-3 æмæ арендатор Бибылты В. та -1, 6 га. Байтыдты фæзуæттæ иууылдæр æрцыдысты карст æмæ æфснайд. Æдæппæт найгонд æрцыд 1257 центнеры тыллæг, хицæнтæй сисгæйæ та «Тын» банай кодта 507 ц, «Цъунар» Бибылы фырт – 280 ц, фæйнæ 200 ц, фæйнæ 200 ц «Икъорта» æмæ «Æндидзынад» æмæ æндæртæ. Уалдзыгæнд мæнæу 15 гектары байтыдта фермерон хæдзарад «Алан», разамынд          ын кæны Хуыбиаты Алихан æмæ дзы тыллæг райста 135 центнеры. «Аз» байтыдта 2 гектары æмæ йæ тыллæгæрзад рауад 8 ц. Фæззыгæнд хъæбæрхор байтыдта æрмæстдæр «Икъорта»-йы хæдзарад – 13 гектары, иууылдæр æй бафснайдта æнæсæфтытæй æмæ дзы райста 100 центнеры, гектарон тыллæгæрзады бæрæггæнæн та йын уыд 7,8 ц. Уалдзыгæнд хъæбæрхор байтыдтой «Тъбет»-18 га, «Бонивайæн» Ирыхъæу – 14 га, фæйнæ 10 гектары байтыдтой Къостайыхъæу, «Икъорта» æмæ арендатор Зæгъойты А. Иууыл иумæ сæ тыллæгæрзады бæрæггæнæн у 640 ц, хицæнтæй сисгæйæ та «Тъбет» райста 220 ц, Зæгъойы фырты арендæ – 180 æмæ «Бонивайæн» та – 180 ц. Сысджы байтыдæуыд – 56 га, уыцы нымæцы «Тъбет»-36 га, фæйнæ 10 гектары та «Тын» æмæ «Аз»-ы хæдзарадтæ æмæ иууыл иумæ тыллæгæрзады бæрæггæнæн рауад 140 ц. Нартхоры куыст бакодтой «Икъорта»-5 га æмæ Ирыхъæуы хæдзарадтæ. Люцернæ кæрдæг раздæр азты байтыдтой ахæм хæдзарадтæ, куыд «Тъбет» æмæ «Аз» фæйнæ 3 га, «Виктория»-1,5 га, фæйнæ 10 га – «Икъорта» æмæ «Бонивайæн» Ирыхъæу, Сиукъайы фырты арендæ – 4 га æмæ иу гектар та – Æлборы фырты арендæ «Сæуæхсид». Эспарцеты кæрдæг та тыд ис 3 хæдзарады æмæ иууыл иумæ йæ фæзуат у 21 гектары.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.