Зымæджы къæсæрыл кæй æрлæууыдыстæм, уый боныгъæдыл дæр фæзындис, – бæрæг фæуазалдæр æмæ æфцгуытæ урс адардтой. Ӕгæрыстæмæй ма горæты дæр æрхæцыд мит. Хæххон бæстæ кæй стæм, уымæ гæсгæ нæ фæндæгты фылдæр хай цæуынц бæрзонд бынæтты æмæ дзы уазал рæстæджы тæссаг вæййы цæуынæн.

Ӕрвыл аз дæр, статистикæ куыд æвдисы, афтæмæй фыццаг миты æруардимæ фæфылдæр вæййынц фæндагон-транспортон цаутæ. Уымæн та йæ сæйраг аххосаг вæййы уый, æмæ шофыртæй бирæтæ сæ машинæтыл зы-мæгон цæлхытæ кæй нæ бакæнынц. Сæрдыгон цалхæн йæ резинæйы сконд æндæргъуызон у – уазалы ныхъхъæбæр вæййы æмæ йын уый фæстиуæгæн бастдзинад нал вæййы фæндаджы уæлцъаримæ. Ахæм цæлхытыл, миты цæугæйæ, у тæссаг æмæ мит кæм нæ вæййы, уым та сæлгæ ныккæны æмæ бырынцъаг свæййы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци сиды шофыртæм, цæмæй фылдæр хъусдард здахой боныгъæдмæ æмæ фæндаджы уавæрмæ, бырынцъаг бынæтты скъæрой хъавгæ æмæ ма халой фæндагон фæткойтæ.

«Зымæгон цæлхытимæ шофырæн æнцондæр у машинæ скъæрын, уыимæ ма æдасдзинадыл дæр хуыздæрæрдæм æндавы. Ӕрвылаз дæр фæфæдзæхсæм шофырты, цæмæй зымæгон фæндагмæ ма хизой сæрдыгон цæлхытыл, фæлæ та дзы уæддæр разыны ахæмтæ, кæцытæ нæ бамбарынц ныхас. Ахæм шофыртæ фыдбылыз æрхæссынц сæхицæн дæр æмæ ма æндæртæн дæр. Курæг стæм шофыртæй, цæмæй зымæгон фæндагыл, сæрдимæ абаргæйæ, скъæрой къаддæр тагъдадæй, сæ хъус дарой иумæйагæй фæндагон уавæртæм, боныгон дæр-иу ссудзой машинæйы рухсытæ æмæ сындæггай уромой сæ автотранспорт. Шофырты ма уæлдай хъусдард здахын хъæуы ахæм бынæттæм, цыран гæнæн ис æмæ фæндагмæ рахиза фистæг бæлццон. Ахæм уавæры шофырæн æнæмæнг хъуамæ уа фадат машинæ æруромынæн», – зæгъы паддзахадон инспекцийы батальоны командир Коцты Алим.

Инспектортæ  сидынц фистæг бæлццæттæм дæр, цæмæй уыдон дæр хынцой зымæгон фæндагон уавæртæ æмæ арæхстгай хизой фæндаджы иннæ фарсмæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.