Нæ республикæйы хъæууон фæллойгæнджытæн зæххы куыст æмæ фосдарды къабаз райтынг кæнынæн кæд нырма бынтон хорз уавæртæ нæй, уæддæр сын вæййы бæрæг æнтыстытæ. Азæй азмæ фылдæр кæнынц хуымзæххыты фæзуæттæ, бакусгæ зæххы фæзуат, стæй рæзы фосы нымæц дæр. Уелиты тракторон бригадæйы механизатортæ дæр стыр куыст бакодтой æфсирон культурæты тыллæг бафснайыныл. Ацы бригадæйæн ныр цалдæр азы арæхстджын разамынд кæны йæ хъуыддагыл иузæрдион адæймаг Наниты Талик. Уымæ ис куысты хорз фæлтæрддзинад, бригадæйы уæнгты æмбары æмæ иумиаг тыхтæй сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынц æнæзæрдæхудтæй. Механизатортæ канд бынæттон цæрджыты æнцой нæ балæууынц æндæр æмæ æндæр хъæууонхæдзарадон куыстытæ сæххæст кæныны. Уыдон ма се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынц республикæйы æндæр хъæуты цæрджытæн дæр æмæ  цыбыр æмгъуыдтæм æнæсæфтытæй сæххæст кæнынц  куыстытæ. Цæвиттон, тыллæджы бæркад бафснайыны баххуыс кодтой, Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цы хоркуыстгæнджытæ ис, уыдонæй Хъабанты Хъазбег, Хуыбиаты Алихан, Бибылты Вова, Битарты Гамлетмæ, стæй ма фæкастысты Бехъ-мар, Знауыр, Мугуты æмæ æндæр хъæуты хæдзарадтæм дæр.

Нанийы фырт куыд загъта, уымæ гæсгæ æндæр æмæ æндæр хæдзарадтæн бабæстон кодтой æфсирон культурæтæ 700 гектарæй фылдæр фæзуатыл. Иууыл фылдæр хæдзарадтæ байтыдтой æмæ æркарстой хъæбæрхоры культурæ. Мугуты хъæуккаг Бестауты Созыр ацы хойраг байтыдта 27 гектары фæзуатыл æмæ дзы æркодта  200 тоннæйы.  Кæд йæ байтыды фæзуат чысыл уыд – 10 гектары, уæддæр тыллæгæрзадæй йæ зæрдæ барухс Гаглойты Витикæн дæр, ома иууыл иумæ йæ фæззæджы бæркад уыд 40 тоннæйы. Рекордон тыллæг æрзайын кодта Бахъатыхъæуккаг Кокойты Дима. Уый 40 гектары фæззыгæнд мæнæуы фæзуатæй райста 150 тоннæйы. Ахæм зæрдæрухс бæрæггæнæн Кокойы фыртæн йæ къухты бафтыд, зæхмæ агротехникæйы домæнтæм гæсгæ кæй базылд, уый фæстиуæгæн. Хоркуыстгæнджытæн тыллæг æфснайыны цæстуарзон æххуыс бакодтой комбайнертæ Бабаты Радион, Гæззаты Андрей æмæ Кокойты Валери, пресс кæныны та хайад райстой Кокойты Эдуард æмæ Гаглойты Ренат.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.