РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид бабæрæг кодта Ленингоры районы арæнгæрон Абреу, Цъинагар æмæ Орчъосаны хъæуты. Паддзахады сæргълæууæгимæ ма уыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитр, Президенты Администрацийы контролон управленийы хистæр Къодоты Таймураз æмæ Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Босыкты Алексей. Йæ балцы нысан уыд бынаты уавæримæ базонгæ уæвын, уымæн æмæ уый размæ ацы районы аграритæй хъæстытæ æрбацыд, зæгъгæ, æфснайæн техникæ кæй нæ фаг кæны, уый аххосæй сæфы нæмыгонты тыллæг.

Президент Абреуы бабæрæг кодта хъæууон администрацийы, цыран ныридæгæн райдыдтой Абреуы хъæуы администрацийы бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ паддзахады сæргълæууæджы бахæсмæ гæсгæ, кæцы уый бакодта ацы районмæ йæ уый размæйы балцы рæстæджы. Тыбылты Леонид бацымыдис кодта куыстыты цыдмæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, хъæуы фæтагъддæр кæнын куыстыты темптæ æмæ, цалынмæ уа-зæлттæ нæ райдыдтой, уæдмæ бæстыхайы æмбæлон уагмæ æркæнын.

Паддзахады сæргълæууæг ма бацымыдис кодта, быдырты тыллæг æфснайæн куыстытæ куыд цæуынц, уымæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы регионæй æрбацæуынц хъæстытæ æфснайæн техникæйы хъуагдзинады æмæ уый аххосæй тыллæг фесафыны тыххæй. Абреуы хъæууон администрацийы сæргълæууæг Хозиты Алан банысан кодта, зæгъгæ, хъæуы цæрджытæн ницахæм проблемæтæ нæй тыллæг бафснайыны тыххæй, æфснайæн техникæ ис, комбайнтæ кусынц, æмæ ныридæгæн тыллæджы фылдæр хай æфснайд æрцыд. «Абон къæвда æруарыд, фæзындæр кодта быдыры куыстыты æмæ уый тыххæй мах иу бонмæ æрурæдтам нæмыгонты æфснайæн куыстытæ», – загъта уый.

Цъинагар æмæ Орчъосаны хъæуты цæрджытæ, кæцытимæ Президент фембæлд уый фæстæ, рахъаст кодтой, зæгъгæ, сын афойнадыл æфснайæн техникæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ тыллæг раджы сбæззыд, уый фæстиуæгæн, тыллæджы иу хай ныккалд зæхмæ æмæ фесæфт. «Мах фыццаг аз нæ кусæм зæххы, æмæ йæ зонæм, уалдзæджы цы нæмыгонтæ байтауæм, уыдон раджы сбæззынц, æмæ афойнадыл æфснайд куынæ æрцæуынц, уæд нæмыг æркæлы æмæ нал сбæззы», – рахъаст кодта Орчъосаны хъæуы цæрæг Дриаты Роберт.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, уæм афойнадыл техникæ кæй не ‘рбацыд, уымæн ис йæхи аххосаг, ома, æнæхъæн республикæйы кусы æрмæстдæр аст комбайны, уыдонæй æртæ, номхуындæй, кусынц Ленингоры районы. «Ацы аз мах байтыдтам нæмыгонты,  уый размæ сæ самал кодтам республикæйы тауинаджы фонд фæхъæздыгдæр кæныны тыххæй, æмæ практикон æгъдауæй æппæт техникæ дæр куыста ацы тыллæг бафснайыныл, цæмæй ма фесæфтаид тауинæгты æрмæг», – загъта уый.

Уыимæ уый йе ‘нæразыдзинад равдыста Хъæууон хæдзарады министрады куысты фæдыл, кæцы афойнадыл мадзæлттæ нæ райста æмæ æруагъта ахæм уавæр. «Хъæууон хæдзарады ми-нистрад дæр,  районты æмæ хъæууон администрациты сæргълæуджытæ дæр хæссынц бæрндзинад. Сымах хъуамæ уат цæрдæгдæр, хъуамæ цымыдис кæнат бынаты уæ уавæртæм æмæ рæстæгыл скъуыддзаг кæнат проблемæты. Сымах хæссут бæрндзинад ацы районы цæрджыты тыххæй æмæ сын хъуамæ тох кæнат сæ интерестыл», – загъта Президент Ленингоры районы æмæ бынæттон администрациты сæргълæуджытæн.

Районы администрацийы сæргълууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы районы 1200 гектары  нæмыгонты тыд зæххытæй ма баззад æфснаинаг 150 гектары. «Тыллæджы фылдæр хай ныридæгæн æфснайд æрцыд, æртæ бонмæ мах бафснайдзыстæм, цы хай ма дзы баззад, уый дæр», – загъта уый.

Хъæуты цæрджытæ бахатыдысты Президентмæ, цæмæй сын самал кæна миникуырой æмæ сын бынаты фадат уа сæ тыллæгæй ссад æрыссынæн æмæ сæ сыхаг районтæм цæуын мауал хъæуа. Паддзахады сæргълæууæг уым бахæс кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитрæн ацы фарст сахуыр кæнын, хъæуы цæрджыты нымæц базонын æмæ, цахæм хъомысады куырой бахъæудзæн, уый сбæрæг кæнын.

Дарддæр Тыбылты Леонид бабæрæг кодта Цъинагары сывæллæтты цæхæрадон, цыран активонæй æххæст цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Президент банысан кодта, зæгъгæ, æппæт куыстытæ дæр хъуамæ æххæст æрцæуой гъæдджынæй. «Ацы бæстыхайы уыдзысты сывæллæттæ, æмæ хъæуы алцы дæр саразын афтæ, цæмæй сын ам уа комфортон», – загъта уый, æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, уагдон хъуамæ ифтонг æрцæуа æппæт æнæмæнгхъæуæг инвентарæй.

Босыкты Алексей загъта, зæгъгæ, æппæт æмбæлон хъæдын дзаумæттæ æмæ инвентарь ныридæгæн самал кодтой æмæ цалцæггæнæн куыстытæ куы фæуой, уæд æвæрд æрцæудзысты. «Махæн ис æппæт дæр цæхæрадоны схæрз-арæзт кæныны тыххæй, фæлæ нын нæй сывæллæтты фæзуат», – загъта уый. Паддзахады сæргълæууæг баныфсæвæрдта сывæллæтты хъазæн фæз цæхæрадоны офицалонæй байгом кæныны бонмæ, кæцы аразджыты ныхæстæм гæсгæ 15 сентябрæй фæстæдæр нæ уыдзæн. «Мах президентон фонды фæрæзтæй ныридæгæн республикæйæн балхæдтам цалдæр комплекты сывæллæтты хъазæн фæзуæттæ, уыдонæй иу лæвæрд æр-цæудзæн Цъинагары хъæуы сывæл-лæтты цæхæрадонæн», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид ма бацымыдис кодта Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæн ног спортивон зал саразыны фарстмæ дæр, кæцыйы уый скъолайы коллективæн баныфсæвæрдта апрелы мæйы районмæ йæ балцы рæстæджы. Уæд Президент бахæс кодта Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Босыкты Алексейæн, цæмæй банымадтаид спортзалы фæдыл проектон-сметæйон документацийы æмæ арæзтады хæр-дзтæ, цæмæй ног ахуыры азы сывæллæттæн уа физикон культурæйæ архайыны бынат. «Æнæниз цардуаджы пропагандæйы тыххæй ацы аз мах сарæзтам программæ спорты рæзты фæдыл  «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ, æмæ ацы программæ хъуамæ биноныг цæуа æрмæст горæты нæ, фæлæ республикæйы æппæт районты дæр», – загъта уый.

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Президентæн фехъусын кодта, зæгъгæ, скъолайы спортзалы арæзтадæн ныридæгæн хицæн æрцыдысты финансон фæрæзтæ æртæ милуан сомы, ис æмбæлон проектон-сметæйон документаци дæр, кæцымæ гæсгæ зал арæзт æрцæудзæн афтæхуыйнæг тагъдарæзтцæуæг «рог конструкцитæй». «Ныридæгæн сыгъдæг æрцыд фæзуат спортивон залы арæзтадæн. Куыстытæ цæуынц активон темптæй, æмæ мах план кæнæм объект ацы азы кæронмæ радтын», – банысан кодта уый.

Тыбылты Леонид ма йæ балцы рæстæджы, хъæуты цæрджытæн фехъусын кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы райдайдзæн куыст Монастъер, Абреу, Орчъосан, Цъинагар, Гдулет, Дзукъатыхъæуы электрон хæххытæ раивыны фæдыл. «Мах зонæм, цас проблемæтыл æмбæ-лынц районы цæрджытæ зæронд электрон хæххытæ æмæ цæджындзты тыххæй, кæцытæ æрцыдысты раууатмæ. Æз ныридæгæн бахæс кодтон нæ энергетиктæн, цæмæй ацы азы кæронмæ раивой æппæт электродæттæн хæххытæ ацы хъæуты», – загъта уый. Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, афтæхуыйнæг «дæллаг фæндаджы» цалцæг кæныны фæдыл куыстытæ, кæцы бирæ цыбырдæр у архайæг фæндагæй, райдайдзысты æввахсдæр дыууæ боны æмæ ацы хъæуты цæрджытæн фенцондæр уыдзæн республикæйы столицæмæ цæуын.

Районы цæрджытæ раарфæ кодтой паддзахады сæргълæууæгæн сæ проблемæтæм йæ хъусдарды æмæ архайдтыты тыххæй, кæцы республикæйы къухдариуæгад аразы цæрджыты цардуагон уавæрты æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Уæлдай бузныгдзинады ныхæстæ загътой ног донæмбырдгæнæны арæзтады тыххæй, кæцы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2014 азы.

«Мах ыл хъуыды дæр никуы акодтаиккам, зæгъгæ, нæм искуы дон уыдзæн, ууыл. Æмæ абон та дæ руаджы, Леонид Харитоны фырт, нæ крантæй дон цæуы», – дзырдтой районы цæрджытæ. Алкæмæн дæр бынтон æнæнхъæлæджы, Цъинагары хъæуы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонидмæ бахатыд æвзонг 17-аздзыд чызг, цæмæй йемæ ныв систаид зæрдылдарынæн. Уый разынд уæгъдибар хъæбысхæстæй чызджыты ‘хсæн спорты мастер, æвзæнгты ‘хсæн 2014 азы дунейы чемпионаты бронзæйон призер æмæ 2016 азы Европæйы чемпионаты сыгъзæрин майданы хицау Дудайты Кристинæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй Кристинæйы ныййарджытæ сты Хуссар Ирыстонæй рацæугæтæ. Ныртæккæ цæрынц горæт Костромайы, æмæ алы аз дæр чызг йæ сæрдыгон каникулты рæстæг арвиты Цъинагары йæ хиуæттæм.

Президент бацымыдис кодта æввахс фидæны æвзонг чызджы спортивон плæнттæм. «Мæхи цæт-тæ кæнын 2020 азы Олимпиадæмæ Уæрæсейы æм-бырдгонд командæйы сконды», – сдзуапп кодта уый.

 

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.