Мæйы дæргъы Уæрæсейы Федерацийы уагъд цыд футболæй дунейы чемпионат. Æмæ кæд футболуарзджытæй нæ дæн, уæддæр Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренер алагираг ирон лæппу Черчесты Станислав кæй уыд, стæй йæ къухты стыр æнтыстытæ кæй æфтыд, уымæ гæсгæ мæ сæ фæдыл асайдтой хъæзтытæ æмæ сæм цымыдисæй  кастæн мæ фырт Батрадзимæ. УФ-йы æмбырдгонд командæ ¼ хаймæ кæй бацыд, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр æнтыст у, фæлæ Хорватийы командæйæн кæй фембылд, уый  нæ алкæйы зæрдæйæн дæр уыд тынг зын. Æниу ацы хъазты дæр тынг хорз  хъазыд уæрæсейаг командæ, уæлдайдæр та сын тынг баххуыс, уый размæ травмæ чи райста, нæ уыцы æмтуг ирон лæппу Зæгъойты Алан хъазæн фæзмæ кæй рахызт, уый, фæлæ уæддæр спортивон амонд  бахудт уазджытæм æмæ уый дывæр зындзинад æрхаста куыд уæрæсейаг, афтæ ирыстойнаг футболуарзджытæн дæр.

Фæлæ абон мæ дзырды сæр æндæрыл у. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Японæй чемпионатмæ Уæрæсемæ чи æрцыд, уыцы футболуарзджытæ дисы баппæрстой адæмы сæ иу æнахуыр мийæ. Япойнæгтæ-иу алы хъазты фæстæ дæр трибунæты сæ фæстæ афтæ лæмбынæг бафснайдтой æмæ-иу сæм дисгæнгæйæ кастысты иууылдæр. Ацы диссаджы нывæн фенæн уыд къордон этапы Саранск, Екатеринбург, Волгоград, Ростов  æмæ æндæр горæтты. Турниры райдианы Японæй æрцæугæ уазджытæ райстой «сыг-дæг футбол»-ы курс. Кæмфæнды ма уыдаиккой, уæддæр-иу хъазты фæстæ сæ фæстæ иу брон дæр нæ ныууагътой. Скодтой-иу æрмкъухтæ, райстой-иу сæрмагонд голджытæ æмæ уырдæм æмбырд кодтой брæттæ. Японы æмбырдгонд йæ хъазт фæцис  Ростовы. Бельгиаг командæимæ хъазты Япон  йæ къулдуары бауагъта скъуыддзаггæнæн гол, фæлæ сæ, æгæрыстæмæй, афтæ мæстыйæ дæр нæ ферох сæ фæстæ бафснайын, нæ фехæлдтой сæ традици. Япойнаг æмбырдгонды футболисттæ дарæсивæн хатæн дæр бафснайдтой æмæ дзы ныууагътой фыстæг, цыран фыст уыд æрмæстдæр дыууæ ныхасы уырыссаг æвзагыл: «Бузныг, Уæрæсе». Ахæм феномен æмбæрстгонд цæуы афтæ – Японы принципиалон æгъдауæй нæ брон кæнынц. Æгæрыстæмæй, уынджы гæххæтты гæбаз кæнæ тамако аппарын дæр нымад цæуы фыдракæндыл.

Уæрæсейæгтæ раарфæ кодтой япойнæгтæн сæ ахæм уагахасты тыххæй. Япойнæгты ма бафæзмыдтой Сенегалæй æрцæугæ уазджытæ дæр æмæ-иу уыдон дæр сæ фæстæ иу броны мур дæр нал ныууагътой. Японы æмбырдгонды хъахъхъæнæг Мая Йосида уый фæдыл афтæ загъта: «Японы афтæ дзурынц, зæгъгæ,   кæцыфæнды  бынат дæр хъуамæ ныууадзай, дæ размæ куыд уыд, уымæй сыгъдæгдæрæй. Мах сæрыстыр стæм, нæ футболуарзджытæй нын кæй фæбузныг сты, уый тыххæй».

Япойнæгты ахæм уагахаст дисы баппæрс-та уæрæсейæгты, уымæн æмæ  ахæм ныв никуы федтой стадионты æмæ сæ уыдон дæр бафæзмыдтой. Сочийы стадион «Фишт»-ы уæрæсейаг æмбырдгонд Хорватийæн куы фембылд, уый фæстæ  уæрæсейаг футболуарзджытæ дæр сæ фæстæ бафснайдтой.

Хорз уаид æмæ япойнæгты куы бафæз-миккой хуссарирыстойнаг цæрджытæй дæр бирæтæ æмæ сæ брон алырæтты куынæуал каликкой, брондонмæ хæссын сæ куы сахуыр уаиккой, уæд нæ горæты уынгтæ ноджы сыгъдæгдæр уаиккой. Абон афтæ чи зæгъа, зæгъгæ, горæт Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ  æвзæр кусынц, уымæн хуыцауы хай дæр нæ уыдзæн. Горæты цæрджытæ сын сæ куыстæй сты райгонд, фæлæ сын сæ уæззау фыдæбонæн бирæтæ нæ аргъ кæнынц æмæ сæ брон ныккалынц æнæмбæлон рæтты. Ракæндзынæн Тæболты Сергейы уынджы кой. Ацы уынджы «Нефтебаза»-мæ æввахс хæдзæртты цæрджытæ сæ брон райсомæй рахæссынц уынгмæ, уыцы рæстæджы разилы брæттæласæн машинæ æмæ уынджы иу броны мур дæр нал фæуадзынц. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис æмæ йæ цæрджытæ кæд зонынц бронласæн машинæ хуыцаубоны нæ рацæуы, уæддæр бирæтæ сæ брæттæ рахæссынц сабатбоны, бронласæн машинæ куы ацæуы, уый фæстæ. Æмæ афтæмæй дыууæ боны дæргъы, суанг къуырисæр райсоммæ уынджы фæлæзæрынц, сæ цурты æнуд тæфæй ахизæнтæ дæр нал вæййы, афтæмæй. Иннæ ахæм та  сæ дзæгъæл куыйтæ ныппырх кæнынц æмæ ахæм нывмæ кæсгæйæ, зæрдæ фæцæйскъуыйы. Ау, афтæ фæстæзад цæмæн стæм, цæмæннæ аргъ кæнæм хæрзарæзтады кусджыты стыр фыдæбонæн, цæмæннæ аудæм нæ горæты сыгъдæгдзинадыл?

12-æм июлы фæцæйцыдтæн Коцыйы фырты уынджы. Ацы уынджы Мегафонмæ æввахс хæдзары раз бандоныл бадтысты дыууæ хæрзæвзонг лæппуйы. Æз сын сæ къæхты бынмæ фæкомкоммæ дæн æмæ мæ маст рафыхт, сæ быны æппæрст уыдысты сæ къухсæрфæнтæ. Лæмбынæг сын сæ размæ куы бакастæн, уæд æй бамбæрстон, уæливых кæй хæрынц, уый. Мæхи нал баурæдтон æмæ сын бауайдзæф кодтон, зæгъын, цæмæн чъизи кæнут уынг, чи уын бафснайдзæн уæ фæстæ, зæгъын, мах æм-хуызонæй куынæ тыхсæм æмæ аудæм нæ хæстæфхæрд горæты сыгъдæгдзинадыл, уæд хæсджын чи у? Уыдон мын баныфсæвæрдтой сæ фæстæ бафснайынæй, фæлæ сæ цуры кæдмæ лæууыдаин. Æмæ ахæм цæвиттонтæн бирæ ис æрхæссæн. Цал æмæ цал хатты фенæн ис уынгты æнæран рæтты брæттæ æппæрст. Ау, куыд гæнæн ис æмæ уынгты дæ брон калай?

Япойнæгтæ мæ сæ диссаджы удыхъæдæй дисы баппæрстой ныр дыккаг хатт. 2011 азы марты мæйы Японы цы тыхджын зæххæнкъуыст уыд, уый фæстиуæгæн сыл æрцыд стыр зиæнттæ, æрдзон катастрофæйы амæттæгтæ систы 20 минæй фылдæр адæймаджы, фæлæ уæддæр æвдыстой стыр хиуылхæцындзинад. Кæд тыхст уавæры бахаудтой, уæддæр мæ дисы баппæрста ацы адæмы зындзинæдтæн фæразондзинад æмæ бæрзонд культурæйы æмвæзад. Кæд сæм продуктты цухдзинад дæр уыд, уæддæр ма магазинты тæрхджытыл цы иуæй-иу продукттæ баззад, уыдоны æргътыл дæр не схæцыдысты æмæ сæм адæм дæр бирæгъы лæбурд нæ кодтой.  Бирæгъы лæбурд нæ кодтой, уынгты сын цы пырындзыйы пор-цитæ дæттой, уыдонмæ дæр. Уæлдай порци сæ ничи райста æмæ сæ уæд дæр абарстон нæхиимæ.  2008 азы августы хæсты фæстæ иуты хъуыры аирвæзтысты, Хуссар Ирыстонмæ цы гуманитарон æххуыс фервыстой, уыдон. Чи куыд тыхджындæр уыд, афтæ размæ бырста, сæ ныккæндтæ байдзаг кодтой алыгъуызон продукттæй æмæ сын сæ бахардз кæныныл кæй нæ фæтых сты, сæ пайда кæныны æмгъуыд кæй фæцис, уымæ гæсгæ сын калинаг фесты. Уыцы рæстæджы æндæртæ та продуктты хъуагдзинад æй-йæфтой. Иннæ ахæм та уый у, æмæ махмæ  исчи æфсонæн дæр афтæ куы зæгъа, зæгъгæ, Ручъы фæндаг æхгæд у, кæнæ, зæгъ, Уæрæсейы продуктты аргъ фæзынаргъдæр, уæд уайтагъд æргътæ схизын кæнынц дыууæ, æртæ хатты…

Уæдæ япойнæгты ахæм диссаджы удыхъæд, куыд хиуылхæцындзинад, æнæкæрæфдзинад, афтæ сыгъдæгдзинадыл аудынæй дæр сты бафæзминаг. Бафæзмæм сæ мах дæр…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.