Æввахсдæр азты пенсийы чи цæудзæн, 1960-1962 азты чи райгуырд, уыцы нæлгоймæгтæн æмæ 1965-1967 азты чи райгуырд, уыцы сылгоймæгтæн Уæрæсейы Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайад фæдзæхсы пенсион хъуыддæгты макеттæ саразыны тыххæй Пенсион фонды территорион органтæм рагацау бахатын.

Барадфидаргæнæг документтæ кæм ис æмæ фæстæдæр пенси цæмæ гæсгæ æвзардзысты, рагагъоммæйы куыст æххæст кæныны рæстæг арæзт æрцæуы адæймаджы пенсион хъуыддаджы ахæм макет. Адæймаг йемæ хъуамæ бавдиса мæнæ ахæм гæххæттытæ: паспорт, фæллойадон чиныг, æфсæддон билет, къайад саразыны, кæнæ йæ фехалыны тыххæй æвдисæндар (сылгоймагæн), сывæллæтты райгуырды тыххæй æвдисæндартæ, ахуырады тыххæй гæххæтт.

Фæдзæхстадон пенси æвæрыны фæтк, адæймагмæ æппæт æмбæлгæ гæххæттытæ ис æви нæй, уыдæттæй аразгæ кæй у, уый уæ рох ма уæд. Пенсийы фæдыл бахатæг адæмæй иуæй-иуты фæллойадон чингуыты рабæрæг вæййынц æнæраст, науæд растгонд фарстытæ. Уымæй уæлдай, де ‘ппæт фæллойадон архайды дæргъы дæ мызды бæрц иууыл фылдæр кæд уыд, зæгъгæ, адæймагмæ ахæм фарст дæр радтынц. Пенсийы бæрцыл æмæ йæ сæвæрыны барыл ахадæг æппæт æууæлтæ бæлвырдгонд æрцæуынц  Пенсион фондмæ фыццаг хатт бахатыны фæстæ. Арæх ацы срастгæнинæгтыл рæстæг хардз кæнын бахъæуы.

Пенсион хъуыддаджы макет Пенсион фонды органты кæд уа, уæд пенсион кармæ бахæццæ кæныны рæстæг адæймаджы хæс у пенси сæвæрыны тыххæй элект-ронон хуызы куырдиат Пенсион фонды сайтмӕ  барвитын.

Адæмæн уынаффæтæ фехъусын кæнынæн телефон: 51-80-82. Уæрæсейы Пенсион фонды сайты (https:||es.pfrf.ru|znp), науæд мæнæ ахæм телефонты: Дзæуджыхъæуы: 40-98-48, 40-98-50, 40-98-51, Æрыдоны: 3-37-49, 30-21-26, Дигорайы: 9-05-50, 9-09-91, Елхоты: 5-01-24, 5-17-55, Мæздæджы: 3-59-02, Октябрыхъæуы: 2-32-19, 2-21-25, Алагиры: 3-14-78, Беслæны: 3-65-17, Цыколайы: 3-19-94 фæрцы кæй баххæст кæнынц, ныртæккæ адæймагмæ Пенсион фондмæ комкоммæ уагæй бацæуыны бар ис æрмæст ахæм рагагъоммæйы хи ныффысты фæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.