Сыгъдæгæй сыгъдæгдæр, рæсугъдæй рæсугъддæр кæны нæ уарзон горæт. Мысынæн ма нын баззайдзысты цалдæр азы размæйы чъизи, цъыф æмæ рыг уынгтæ. Дарддæр дæр нæ горæты уынгтæ хæрзарæзт кæй цæудзысты æмæ кæй рæсугъд кæндзысты æмæ  мах, горæты цæрджытæ, сæрыстыр кæй уыдзыстæм, ууыл дызæрдыггæнæн нæй. Уыцы хъуыддаг та нæхицæй – цæрджытæй дæр бирæ кæнгæ у. Иу хъуыддаг у уынгтæ аразын, иннæ хъуыддаг та у арæзт уынгтæм зилын, сæ рæсугъддзинад сын ноджы рæсугъддæр кæнын. Æмæ ууыл та æнæзæрдæхудт куыст кæнынц Цхинвалы хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ. Мах æхцондзинад фæисæм газонты, скверты сагъд алыгъуызон дидинджытæ, декоративон къутæртæ æмæ æндæр мыггаг бæлæсты талатæй. Æмæ та ацы аз дæр уалдзæджы æрбалæудимæ уыдон æрæвнæлдтой сæ куыстмæ, уалдзæг цы рæсугъддзинад æрхæссы, уымæ ма уыдон æфтауынц сæ къухтæй кæнгæ рæсугъддзинад дæр.

Гъе, фæлæ хъыгаг уый у, æмæ цы дидинджытæ ныссадзынц, уыдонæй бирæтæ кæй æрбатары вæййынц, иуæй-иу æдзæсгом цæрджытæ сæ кæй адавынц æмæ хæрзарæзтады кусджытæн та сæ фыдæбон дзæгъæлы кæй фæвæййы. Ацы хъуыддаг æрмæст хæрзарæзтады кусджытæм не ‘взæрын кæны масты æнкъарæнтæ, фæлæ нæ горæты æппæт цæрджытæм дæр. Цы рæсугъддзинадыл кусынц, уый махæн иумæйаг у, æмæ сæ цы иугай адæймæгтæ давынц, уыдон æргом кæнын æмæ бафхæрын фæхъæуы. Æмæ, уæдæ, горæты рæсугъддзинад хъахъхъæнын æмæ хуыздæрæй хуыздæр кæнын, бирæбæрцæй баст у махыл – цæрджытæй алкæуыл дæр. Цæвиттон, горæты цы бирæ хисæрмагонд хæдзæрттæ ис, уыдонæй алы хæдзары акомкоммæ дæр ис уынджы тротуары кæцыдæр хай. Æмæ, зæгъгæ, алы хæдзары хицау дæр уыцы тротуары хаймæ йæ хъус дары, сыгъдæг æмæ йæ рæсугъд кæны, ныссадзы дзы дидинджытæ, уæд цас фæрæсугъддæр уаид нæ горæт! Зонын, бирæтæ зæгъдзысты, зæгъгæ, уый мах хæс нæу, ис дзы хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ, æмæ уый тыххæй  уыдон исынц мызд, æмæ сæ куыст кæнæт. О, фæлæ дæ хæдзары раз рæсугъд куы уа, хæрзæфснайд куы уа, уæд дзы дæхæдæг дæр исдзынæ æхцондзинад æмæ ма хæдзарæн дæр аив хуыз дæтдзæнис æмæ уый кæуылты хъуыддаг у. Мæнмæ гæсгæ алы хæдзары раз бафснайын æмæ дидинджытæ ныссадзыныл хæрзарæзтады комбинаты, кусджытæ нæ аххæсдзысты. Стæй дæр, цас диссаг у дæ хæдзары раз дæхæдæг бафснайай, уый тыххæй, æгæрыстæмæй, куы расидæм зиуы бонтæ дæр.

Раст зæгъгæйæ, бирæ ис нæ горæты, йæ хæдзары акомкоммæ тротуар æдзух сыгъдæгæй чи дары, чи йæ рæсугъд кæны, ахæм цæрджытæ. Зилынц сæм, куыд сæхи хæдзары кæртмæ, афтæ. Уыдон, канд, адæм кæуылты цæуынц, уыдон нæ дарынц сыгъдæгæй, фæлæ ма зилынц,  цы газонтæ ис сæ акомкоммæ, уыдонмæ дæр. Ныссадзынц дзы алыгъуызон дидинджытæ, декоративон бæлæстæ æмæ уынджы цæуджытæ æхцон-дзинад фæисынц сæ рæсугъддзинадæй. Ахæм хæдзæртты цæрджытæн æнæмæнг сæхимидæг фæарфæтæ кæнынц цæуджытæ. Ахæм хæдзæртты цæрджытæ нымад цæуынц рæсугъддзинад, сыгъдæгдзинад æмæ йæ горæты чи уарзы, ахæм адæймæгтыл. Уыдон бирæ сты, фæлæ хорз уаид, ноджыдæр бирæ фылдæр куы уаиккой. Уæдæ  горæт,  сæйраджыдæр,  йæ  уынгты рæсугъддзинадæй фидауы æмæ уæд ноджы тынгдæр скалид йæ хуыз.

Ацы хъуыддаг æрмæст хисæрмагонд хæдзæртты цæрджытæм нæ хауы, фæлæ бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты цæрджытæм дæр. Дзырд дæр ыл нæй алы адæймаг дæр хæсджын кæй у, цæмæй кæм цæры, уым йæ алыварс   сыгъдæг дара. Кæд æй нæ аразыс, уæд та йæ чъизи, брон уæддæр ма кæн. Алчидæр нæ уыцы бæрндзинад йæхимæ куы хата, уæд дзурын нал хъæудзæн ацы темæйыл дæр. Ничи æрбацæудзæнис æмæ дын дæ раз ничи ныссæрфдзæнис, уый хорз æмбарынц нæ горæты Коцойты Арсены уынджы 41-æм бирæуæладзыгон хæдзары цæрæг сылгоймæгтæ Гæбæраты Земæ æмæ Къæбулты Евелинæ дæр. Уыдон, æгæрыстæмæй, нæ бабыцæу кæнынц иннæ цæрджытæм, фæлæ сæхæдæг иудадзыгæй зилынц цæрæн хæдзары раз цы дидинæгдон сарæзтой, уымæ. Ныр дæр та уалдзæджы æрбалæудимæ, уыдон рахызтысты æд белтæ, скъахтой йын йæ зæхх, базылдысты, чи сзадысты, уыцы дидинджытæм, ныссагътой дзы æндæр æмæ æндæр дидинджыты мыггæгтæ дæр. Æмæ райгондæй баззайынц сæ архайдæй. Бирæ арфæтæ айсынц иннæ цæрджытæй дæр.

Сæ хæдзæртты раз срæсугъд кæныныл чи архайы, алыгъуызон рæсугъд дидинджытæй сæ чи сфæлындзы, уыцы хæдзæртты цæрджытæ хорз цæвиттон æвдисынц. Æмæ хорз уаид, ахæм хорз цæвиттон «хæцгæ низ» куы разынид, æмæ нæ горæты алы цæрæгыл дæр куы бахæцид, уæд нæ горæт æмткæй дидиндон суаид.

Бестауты В.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.