13 азы рацыд Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уыцы бонæй. Алы аз дæр 26 августы Хуссар Ирыстоны адæм æхсызгонæй нысан кæнынц ацы нысаниуæгджын бæрæгбон.

Ацы бонты Цхинвалы районы Зары хъæуы Культурæйы хæдзары дæр банысан кодтой Хуссар Ирыстоны хæдбар-дзинад банымайыны бон. Тымбыл фынджы алыварс æрæмбырд сты хъæуы администрацийы кусджытæ, Цхинвалы районы администрацийы Культурæйы хайады управленийы минæвæрттæ, скъоладзаутæ.

Мадзал байгом кодта æмæ æрæмбырдуæвджытæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн раарфæ кодта Культурæйы хæдзары аивадон къухдариуæггæнæг Жанна Епифанова.

– 2008 азы августы мæй махæн у хъынцъым, уæлахизы æмæ циндзинады мæй. Æртындæс  азы рацыд, 2008-æм азы 8-æм августы Хуссар Ирыстоны цы цаутæ æрцыд, уыдонæй. Ирон адæм Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй бахъахъхъæдтой сæ фыдыуæзæг. Зна-гæн ныхкъуырд радтой, фæлæ фæмард бирæ адæм. Куыд бынæттон цæрджытæй, афтæ Уæрæсейы сабырдзинад тауджытæ дæр.

Фондз боны цыд тугкалæн хæст. Фæстæдæр августы кæрон Уæрæсе Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы банымадта хæдбар паддзахадтыл. Уыцы цаутæ никуы ферох уыдзысты нæ адæмæй, – зæгъы Жанна.

Нæ хæствæллад адæмæн æнæн-хъæлæджы уыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитри Медведевы раныхас, «Æз мæ къух æрфыстон Барамындыл Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй»…

Хæдбардзинад банымайыны фæстæ нæ адæмы бацыд  рухс фидæны ныфс.

2008 азы 26-æм августæй ныр рацыд 13 азы… Ноджыдæр рацæудзæн бирæ азтæ, фæлæ ацы бон Хуссар Ирыстоны историйы баззайдзæн цæрæнбонтæм, – загъта йæ раныхасы кæрон Жанна Епифанова.

Ацы бæрæгбонæн нæ царды цы нысаниуæг ис, уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой мадзалы хайадисджытæ, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бонæн нæ адæмы царды стыр нысаниуæг ис, растдæр зæгъгæйæ та – историон нысаниуæг.

Нæ сабыр цард æмæ размæцыдæн гарант у Стыр Уæрæсе, уый æххуысæй æндидзы нæ республикæ дæр.

Нæ адæмæй никуы ферох уыдзысты хъайтарты рухс нæмттæ, ирон хъæбатыр, æдзард лæппутæ, кæцытæ бацыдысты знагимæ æнæмсæр тугуарæн тохы æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау сæ удтæ радтой, нæ адæм уыцы хъæ-батырты никуы ферох кæндзысты, ма хъуамæ ферох кæнæм се сгуыхтдзинæдтæ, – дзырдтой мадзалы хайадисджытæ.

Мадзалы хайадисæг, хъæусоветы нымæрдар Цхуырбаты Нелли аив бакаст æмдзæвгæ «Нæлгоймаджы цæссыгтæ». Æмдзæвгæмæ хъусгæйæ бирæтæн сæ зæрдæтæ суынгæг сты. Æмдзæвгæтæ ма бакастысты иннæ хайадисджытæ дæр, байхъуыстой зарджытæм.

Мадзалы хайадисджытæ райгондæй баззадысты æмæ бузныджы ныхæстæ загътой йæ организатортæ Жанна Епифанова æмæ библиотекæгæс Гæбæраты Арианæйæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.