Цытджын æмбæстæгтæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

1992 азы 29 майы хæдбардзинад расидыны фæдыл цы Акт ист æрцыд, уымæн ис егъау историон нысаниуæг, уый фидар барадон бындур æрæвæрдта паддзахаддзинад сæндидзынæн æмæ нæ республикæйы паддзахадон арæзтад æмæ рæзты бындурæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады расидыны Акты райст ссис æмбæстагон æхсардзинад, адæмы иудзинад æмæ патриотизмы цæвиттон, кæцы цæрæнбонтæм сбæрæг кодта республикæйы æмæ йæ адæмы дарддæры хъысмæт. Хæдбардзинад расидын хъуыд адæм, æвзаг, культурæ бахъахъхъæныны,  сæрмагонд паддзахад саразыны, адæмы бартæ æмæ сæрибардзинады æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй. Æмæ нæ адæм аккагæй сфæрæзтой æппæт зындзинæдтæ дæр гуырдзиаг агрессийы ныхмæ хъайтарон тохы, фидарæй цæуы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады фæндагыл, скъуыддзаг кæны экономикон æмæ социалон рæзты фарстытæ.

Ацы нысаниуæгджын боны нæ адæмæн мæ цæст уарзы амонд, æнæниздзинад, сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ, ног уæлахизтæ æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.