Президент Бибылты Анатолийы арфæ Хæдбардзинады Акт райсыны боны цытæн

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абоны бæрæгбон Хуссар Ирыстоны зæххыл баст у уыцы фæлварæнты мысынадимæ, кæцытæ нæ адæм рацыдысты хæдбардзинады, национ иудзинады æмæ сæрибардзинадмæ равдисгæ бары фæндаджы. 28 азы размæ Республикæйы Уæлдæр Совет, адæмы бар æххæстгæнгæйæ, кæцы загъд æрцыд 1992 азы 19 январы райста документ, кæцы сæнусон кодта нæ бæстæйы хæдбар паддзахаддзинады барадон æн-дидзынады фæдфæдылон процесс.

Нæ адæм хъуыды кæнынц 1992 азы майы мæй, хъуыды кæнынц ракетон-артиллерион æхстытæ, лигъдæтты æмæ Зары трагедийы рыст. Тасы бын уыд Хуссар Ирыстоны уæвынад, фæлæ дзы уыд йæ фыртты хъæддыхдзинад, æхсардзинад æмæ хъайтардзинад, кæцытæ нæ фæтарстысты знаджы размæбырстæй, цæттæ уыдысты сæ Фыдыбæстæйы сæрыл тох кæнынмæ.

Адæм хъуыды кодтой 1920 азы геноцид, адæм æмбæрстой, не знæгтæ Хуссар Ирыстонæн цы аразынмæ хъавынц, уый. Мæлæты тасы раз адæм ноджы тынгдæр æрбангом сты æмæ сбæлвырд кодтой сæрибардзинады фæндагыл цæуын. 1992 азы 29 майы Республикæйы Уæлдæр Совет артиллерион æхстыты рæстæджы иумæйагæй схъæлæс кодта Паддзахадон хæдбардзинад расидыны акт райсыны тыххæй Уынаффæйыл.

Уый фæстæ ноджы бирæ хæсты бонтæ уыд, бирæ хæстон хæлæртты, бинонты, æввахс хиуæтты сæфт, фæлæ адæмы зæрдæты нæ уыд гуырысходзинад. Республикæ бирæ мастдзинад æмæ карз фæлварæнтæ бавзæрста, фæлæ нæ адæм сæ фæндаджы кадимæ аиуварс кодтой æппæт зындзинæдтæ. Тохы æмæ паддзахаддзинады фидар бындуры тырыса систы, Республикæйы æндидзынады рæстæджы цы барадон акттæ ист æрцыдысты, уыдон.

Паддзахаддзинад саразын, йæ тагъд æндидзынад æмæ адæмы цæттæдзинад хæдуагæвæрды барты тыххæй тох кæнын фадат радта Хуссар Ирыстоны фарст æхсæнадæмон аренæмæ ракæнынмæ, Уæрæсейы Федерацийæн фадат радтой тугкалыны эскалацийы ныхмæ фидар позици зæгъын æмæ агрессоры бауромын.

Хуссар Ирыстон иу къахдзæф дæр фæстæмæ нæ алæууыд йæ равзаргæ фæндагыл, кæцы бæлвырд æрцыд 1992 азы 19 январы æмæ фидар æрцыд Хæдбардзинад расидыны тыххæй Актæй сбæлвырд кодта, йæ бон кæй у уæвын суверенон паддзахады хуызы. Бирæ азты фæстæ Уæрæсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Хæдбардзинады азты Хуссар Ирыстон цы историон фæндагыл рацыд, уый бæрæг кæны адæмы бæрзонд патриотизм, нацийы курдиатджын тыхтæ æнгом кæнын æмæ разылæууæг хæстæ схъуыддзаг кæнын. Мах æнгом кæны Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, нæ адæмы æмæ йæ аразыны тыхы ныфс, бæстæйы æдасдзинад сифтонг кæ-нынмæ тырнындзинад, дидинæфтыд æмæ амондмæ æркæнын.

Уæрæсейы æххуысы фæрцы Хуссар Ирыстон æнтыстджынæй цæуы социалон-экономикон рæзты фæндагыл, бонæй-бонмæ къухы æнтыстытæ æфтгæйæ. Ныфс мæ ис, 1992 азы рарастгæнæн кæмæн нæй, уыцы оптимистты дæр нæ бауырныдтаид уыцы æнтыстытæ, кæцытæ нæ бæстæйæн бантыст хæдбардзинады фæндагыл Стыр Уæрæсеимæ, фæлæ мах кæддæриддæр хъуыды кæндзыстæм, уыцы историйы хъысмæтæвзарæн уысмтæ, нæ Фыдыбæстæйы паддзахаддзинад æмæ сæрибардзинады бындур æвæрд куы æрцыд, уæд!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Хæдбардзинады боны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик раарфæ кодта Дипломатон кусæджы боны цытæн.

«Уæ архайд алы рæстæджыты дæр здæхт уыд нæ республикæйы стабилон рæзтæн хорз æддагон уавæртæ саразынмæ, йæ кад ын фæбæрзонддæр кæнын æмæ æхсæнадæмон аренæйы нæ паддзахады интерестæ хъахъхъæнынмæ. Нæ бæстæйы национ интерестæ хъахъхъæныны рæстæджы нæ дипломаттæ алы хатт дæр хицæн кодтой патриотизм, компетентондзинад, хæсмæ æнувыддзинад, политикон æмæ æмбæстагон фидардзинады бæр-зонд æмвæзадæй»,- загъта Пухаты Эрик.

Йæ цæст сын бауарзта фидар æнæниздзинад, сабырад, амонд, фæрныгад æмæ ног æн-тыстытæ нæ Райгуырæн зæххы дидинæфтыды цытæн!

Афтæ ма Хицауады Сæрдар раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон службæйы арæнгæрон службæйы арæнхъахъхъæнджытæ æмæ ветерантæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

«Арæнгæрон æфсæдтæ сты нæ паддзахаддзинады фидар хъахъхъæнынад, æдасдзинад æмæ нæ Райгуырæн зæххы арæнты æнæхъæндзинады гаранти. Хæстонтæ-арæнхъахъхъæнджытæ кадимæ æххæст кæнынц сæ уæлдæр æмæ бæрнджын мисси, хъахъ-хъæнынц арæнгæрон æфсады истори æмæ традицитæ. Арæнгæрон управленийы æф-сæддон службæгæнджытæ бæрæг кæнынц ардбахæрд æмæ хæстон хæсмæ æнувыддзинад, сты Райгуырæн зæххы фидæны хъахъхъæнджытæн аккаг цæвиттон», – загъта Пухаты Эрик.

Йæ цæст сын бауарзта æнæниздзинад, амонд æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ!

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады Акт райсыны боны цытæн Президент Бибылты Анатолийæн раарфæ кодта Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Леонид Пасечник.

«Адæмы хъайтардзинад æмæ хъæддыхдзинады символ уæвгæйæ, ацы бæрæгбон равдыста историон фæндаджы зындзинад æмæ хуссарирыстойнаг зæххы дидинæфтыдæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы адæмы куырыхондзинад. Мæ цæст уарзы, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, дæуæн æмæ республикæйы цæрджытæн, фидар æнæниздзинад æмæ амонд!», – дзырдæуы фыстæджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады Акт райсыны боны цытæн Президент Бибылты Анатолийæн раарфæ кодта Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилин дæр.

«28 азы размæ, 1992 азы 29 майы фидар æрцыд, Республикæ кæй хъуамæ уæвынад кæна! Хуссарирыстойнаг адæмы бар баурæдта æцæгæлон территоримæ тыхæйбырст. Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм бахъахъхъæдта йæ сæрибардзинад æмæ суверенитет, сфидар кодта историон рæстдзинад æмæ сбæрæг кодта дарддæры хъысмæт – тыхджын æмæ хæдбар паддзахад аразын хæлардзинад æмæ кæрæдзимбарынадимæ», – дзырдæуы фыстæджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.