«…Ирон фæдæ, уæд у – фæрнæй.

                                                                                                Æфсарм – дæ ном, лæгуарз дæ мыккаг,

                                                                                               Æндæртæй баивæн сæ нæй…»

                                                                                         Т. Хаджеты

Нӕ ныхас у, ӕрӕджы цардӕй  чи ахицӕн, йӕ адӕм, йӕ Ирыстонӕн нӕртон зиууоны раны чи уыд, ирон кӕлӕнгӕнӕг кӕфтыты галуаны йӕ царды хуыздӕр бонтӕ чи арвыста, ирон  аивады 74 азы ӕвӕллайгӕйӕ чи фӕкуыста, уыцы Саулохты Мэлсыл.
 Развӕлгъау ӕй зӕгъын, зын у ахӕм  адӕймагыл дзурын дӕр ӕмӕ  фыссын дӕр, ивгъуыд афоны 9 аздзыдӕй 85 аздзыды онг йӕ гӕрзтӕ чи нӕ ӕрывӕрдта, хӕдзары къуымы бӕсты сценӕ чи равзӕрста, ахӕм адӕймагыл.

Мэлс уыдис ӕнӕрынцой зӕрдӕйы хицау, ӕхсӕв нӕ хуыссыд, бон нӕ бадт, йӕ хъуыдыты зилдухӕны уыдысты йӕ фыдӕлты, нартӕй баззайгӕ диссаджы удӕгасгӕнӕг кӕфтытӕ.

Саулохы фырт ӕвзонгӕй бамбӕрста, ирон кӕфтытӕ хуымӕтӕг не сты, сæ сӕххӕст кӕнынӕн кӕй хъӕуы, ирон  адӕм саджы фисынтыл амад кӕй хуыдтой, ахӕм  лӕппутӕ.

Йӕ царды фӕндӕгтӕ лӕгъз ӕмӕ ӕмраст никуы уыдысты, гуыргъахъ уыдысты, фӕлӕ сын сӕттын, Къоста ӕмӕ Секъайау, нӕ бакуымдта. Иунӕг уыд йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдӕн. Тыхсты бонты-иу арӕх сфӕлхатт кодта Къостайы ныхӕстӕ: «Цӕй мӕгуыр дӕ иунӕг, дӕ мад амӕла».

Фыдӕлтӕй Мэлс уӕздан, куырыхон, дзырддзӕугӕ Саулохты мыггаджы фырт уыд. Цардысты Цъалагомы Дӕллаг Згъуыбиры.

Сталиниры райгуырд 20 сентябры 1938 азы. Згъуыбиры никуы цард, фӕлӕ хӕххон царды нывтимӕ хорз зонгӕ уыд, ӕрыййӕфта Саулохты ном кӕмӕй ныхъхъӕр ис,  уыцы куырыхон хистӕрты, ӕфсымӕртӕ Гӕбӕдз ӕмӕ Леуаны.

Мэлсы мад – Гаглойты Варя зынгӕ революционер Гаглойты Тъотъойы чызг. Уыдысты дыууӕ хойы ӕмӕ дыууӕ ӕфсымӕры. Варя дӕр ирон сценӕйы чызг уыд, фӕкуыста нӕ театры йӕ царды фӕстаг бонтӕм, уыд адӕмон артист. Йӕ хо Лидия, куырыхон Нафийы бинойнаг, зынгӕ дохтыр, ӕфсымӕртӕ: Батрадз ӕмӕ Климент – инженертӕ, сӕ царды фӕстаг бонтӕн  равзӕрстой Мӕскуы ӕмӕ ныгӕд  дӕр уым сты.

Мэлс фыццаг ахуыр кодта Сталиниры 2-ӕм астӕуккаг скъолайы. Скъолайы ӕмрӕнхъ ӕвзонгӕй базонгӕ нӕ театры сценӕйы рӕсугъддзинӕдтимӕ.

Нӕ федта ӕвзонг саби фаг  рӕвдыд йӕ фыдӕй. Январы мӕйы, 1946 азы, трагикон ӕгъдауӕй мард фӕци йе ‘рвадӕлтӕй иуы къухӕй.

Фӕсхӕсты уӕззау дуг, ӕвзонгӕй  саударӕг мад,  Варя йӕ къухмӕ райста  идӕдзы лӕдзӕг ӕмӕ саударӕджы пӕлӕз. Йӕ лӕджы фӕстӕ йӕхицӕн фидар дзырд радта,  кӕй фӕбаддзӕн йӕ лӕджы  номыл, кӕй бафтаудзӕн йӕ иунӕджы царды раст  фӕндагыл. Ӕмӕ йӕ ӕххӕст дӕр скодта цӕсгомджынӕй, схъомыл нын кодта нӕртон зиууон, национ культурӕйы кафты дуне бӕрзонд арвмӕ  чи систа, ахӕм цӕрӕццаг гуыр-ды.

Мад Гаглион ӕппӕт йӕ тыхтӕ радта, цӕмӕй Мэлс ахуырдзинады галуанӕй йӕ хай райса.

Ахуырдзау уыд Мэлс, афтӕмӕй бацыд ӕвзонг ансамблы студимӕ. Скъолайы ахуыримӕ йӕ хъысмӕт сбаста кафты ансамблимӕ, 1964 азмӕ культурон  фронты кӕмыты нӕ куыста, кӕмыты нӕ иста хайад. Кӕд се ‘ппӕт нӕ, уӕддӕр дзы ракӕнӕм сӕ ахсджиагдӕрты  кой. Куыста паддзахадон ансамблы солистӕй, фӕстӕдӕр – хореографӕй, Цхинвалы культурӕйы хӕдзары кафджыты къухдариуӕггӕнӕгӕй, ахуыргӕнджыты хӕдзары ансамбль «Зилгӕ»-йы къухдариуӕггӕнӕгæй.

Хъомылгонд ансамблӕн зӕнджы магъз аразджытӕ кӕй хъӕуы, ууыл  тынг ныхъхъуыды кодта Мэлс йӕ рӕстӕджы ӕмӕ йын  бантыст сывӕллӕтты кафты ансамбль бакӕнын. Уымӕй Мэлс уӕрӕх фӕндаг ссардта сахары ныййарджыты  зӕрдӕмӕ, бирӕтӕ  цингӕнгӕ  кодтой сӕ сывӕллӕтты. Уыцы ансамбль бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ систа ирон  сывӕллӕтты арӕхстдзинад, ирон кафты цӕхӕр, Иры кад ӕмӕ ном.

Уӕд Мэлсы къухы ахуыр кодтой, фӕс-тӕдӕр сӕхӕдӕг культурон  фронтмӕ чи балӕгӕрста, уыдон, бӕлвырддӕрӕй та сты: Зӕгъойты  Руслан, Битеты Райбег, Козаты Бэллӕ, Гӕбӕраты Светӕ, Хъуылымбегты Руслан, Цхуырбаты  Вадим, Тедеты Таймураз, Плиты Валери ӕмӕ ӕндæртæ.

Сӕ кафт, се змӕлдыл тагъд ӕрӕвӕрдтой  сӕ цӕст канд ныййарджытӕ  нӕ, фӕлӕ нӕ сахар ӕмӕ районты цӕр-джытӕ дӕр, уыимӕ Тбилисы сце-нӕмӕкӕсджытӕ  дӕр.

1958 азы сӕ программӕ ӕвдыстой Тбилисы ногдзауты галуаны. Цӕстӕвӕрӕн фесты нӕ чызджытӕ ӕмӕ нӕ лӕппутӕ. Уӕд тбилисаг хореографтӕм бахъардта, куыд кусын хъӕуы сывӕллӕттимӕ, цахӕм хъуамӕ уа сӕ программӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Мэлсӕн  дӕр  раарфӕ  кодтой.

Мэлсы иузӕрдион  архайды  руаджы, арӕхстджынӕй ӕвдыст  цыдысты    ирон кӕфтытӕ «Симд», «Хонгӕ», «Къахфындзтыл кафт», «Хӕсанӕйы  кафт», «Гогызы кафт».

Куысты фӕлтӕрддзинад ӕмӕ азтӕ Мэлсӕн алы хатт дӕр ӕмбарын кодтой, абоны ахуырдзинад фаг кæй нæу, æмæ 1964 азы  йӕ гӕххӕттытимӕ балӕууыд Мӕскуыйы.

Уӕзданӕй бахоста паддзахадон театралон аивӕдты институты дуар. Цыбыр рӕстӕгмӕ ссис балетмейстерон хайады студент. Куыд йе ‘мбӕлттӕ, афтӕ йӕ лектортӕ дӕр тагъд ӕрӕвӕрдтой сӕ цӕст ӕвзыгъд ирон лӕппуйыл. Йӕ факультет каст фӕцис иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтыл 1969 азы, райста режиссер-балетмейстеры дӕсныйад.

«Алы ран дӕр – хорз, хӕдзары – иууыл хуыздӕр». Ацы ӕмбисонд дӕр уырыссаг у, фӕлӕ Мэлс, уый зӕрдыл даргӕйӕ, ныхъхъуыды кодта йӕ Ирыстоныл, нӕ аивадыл, нӕ сценӕтыл ӕмӕ ӕрыздӕхт фӕстӕмӕ. Ӕрыздӕхт афтидӕй нӕ, фӕлӕ дзаг армӕй, зонды къӕбицимӕ ӕмӕ та бавнӕлдта йӕ ӕвӕджиауы куыстмӕ.

Нӕ областы къухдариуӕгад Мэлсы уайтагъд   сӕвӕрдтой  ансамбль «Симд»-ы аивадон  къухдаиуӕггӕнӕгӕй, стӕй уӕд балетмейстерӕй. Уыцы-иу рӕстӕджы куыста музыкалон училищӕйы сӕрмагонд предметты амонӕгӕй.

Нӕ уыд рох Николай Островскийы номыл сывӕллӕтты галуаны разамонджытӕй дӕр. Уыдон дӕр ын бахӕс кодтой, цӕмӕй  сывӕллӕттӕн амона кафты рахӕцӕнтӕ, кафты сусӕгдзинӕдтӕ.

Нӕ уыдис рох Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон театралон дирекцийӕ дӕр. Арӕх ӕй хуыдтой сӕ репертуары пьесӕты  кафты змӕлдтытӕ кӕм  уыд, уыдон ӕвӕрынмӕ. Ахӕм  пьесӕтӕ уыдысты:  Уанеты Владимиры «Шахматтӕ», «Аланты паддзах Залинӕ», «Хилаччы фидар», Алексей Толстойы «Удӕгас мард», Уильям Шекспиры «Макбетт», Жажиты Анатолийы «Хылой», Гуыцмӕзты Михалы  «Фыдӕлты уӕзӕг», Хуыгаты Георгийы «Чепена», «Сау нымӕт», «Сӕтти ӕмӕ Бӕтти» ӕмӕ ӕндæртæ.

Мэлсы-иу арӕх фӕхуыдтой кафтытӕ ӕвӕрынмӕ канд Тӕбӕхсауты Балойы номыл  Цӕгат Ирыстоны паддзахадон академион театр нӕ, фӕлӕ  Сомих, Рязань, Гур ӕмӕ ӕндæр театртӕ дӕр, сӕхи ӕвзагмӕ-иу  цы ирон  пьесӕтӕ стӕлмац  кодтой, уыдон ӕвӕргӕйӕ.

Рӕстӕггай Мэлс цалдӕр хатты уыд нӕ ансамбль «Симд»-ы разамонӕг, балетмейстер, дзӕвгар азты фӕкуыста Хуссар Ирыстоны радиокомитеты. Йӕ алыгъуызон музыкалон ралӕвӕрдты нӕ адӕм мысынц  абон дӕр.

Мэлсы хъӕппӕрисӕй адӕм хъуыстой Ӕлборты Феликсы, Пӕррӕстаты Ости-ны, Цхуырбаты Барисы музыкалон уацмыстӕм. Кӕуылты уыд сӕ ахадындзинад ахӕм ралӕвӕрдтӕн куыд: «Театр микрофоны раз», «Зары Плиты Грис, Джыгкайты Аким, Чилӕхсаты Пируз, Ма-миты Димитр, Гочысаты Исахъ.

Мэлсы къухӕй цыдысты ралӕвӕрдтӕ нӕ юбиляр фысджытыл, композитортыл, нывгӕнджытыл, зонадон кусджытыл, хӕстон раздзӕуджытыл, фӕллойы хъазуатонтыл, актертыл.

Саулохты Мэлсы къух ӕмӕ къах кӕдӕмдӕриддӕр бахӕццӕ сты, уым ныууагътой бӕрӕг фӕд, æндæртæ цӕмӕ батӕхуды кӕной, ахӕм фӕд. Йӕ сӕйраг сагъӕс уыд, ирон цӕмӕй иронӕй баззайа, ууыл. Ахӕм  ироныл та Мэлс нымадта ӕгъдау ӕмӕ фарн кӕмӕ уыд, нӕртон миниуджытӕ – кафт, зард, ӕфсарм, хистӕр, кӕстӕр, хион, ӕддагон чи зоны, аргъ кӕнын сын чи фӕразы, уырдыг лӕууынмӕ йӕ адӕмы раз чи рӕхсы,  ахӕмты.

Ацы ахсджиаг хъуыддӕгтыл хъуыдыгӕнгӕйӕ 1985 азы йӕм бакаст ног хуры тын. Уӕд байгом нӕ сахары сывӕллӕтты хореографион скъола. Ирон кафты ахуыргӕнӕндон. Ацы удлӕууӕн фӕрӕзыл бирӕ фӕфыдӕбон  кодта Мэлс, арӕх ӕвӕрдта фарст, областы  къухдӕриуӕгады раз 1984  азы бамбӕрстой кӕрӕдзи ӕмӕ райхъуыст ног  фӕндыры цагъд ӕмӕ ног «ӕрцтох».

Ирыстоны иузӕрдион  хъӕбул – Мэлс ӕппӕт йӕ тыхтӕ радта  ацы  скъола йӕ къахыл слӕууыны хъуыддагмӕ. Тынг рухс кодта йӕ зӕрдӕ рӕзгӕ сабиты змӕлд ӕмӕ арӕхстдзинӕдтӕм кӕсгӕйӕ, уырдӕм бакодта йӕ дыууӕ  хъӕбулы Сослан ӕмӕ Къостайы. Кӕд абоны бон кӕстӕртӕ ӕндӕр дӕсныйадтыл хӕст сты, уӕддӕр Мэлсы зӕрдӕ фидар уыдис, йӕ фырттӕ ирондзинады уылӕнтӕй иуварс  кӕй нӕ баззадысты, уымӕй.

Мэлс рӕстӕгыл сарӕзта йӕ цард, бинонты хъуыддаг бакодта рӕстӕгыл, йӕ цард сбаста уындӕй, кондӕй, зондӕй, асӕй, мыггаг ӕмӕ хӕдзарвӕндагӕй бафауинаг чи ницӕмӕй уыд, уыцы Харебаты Светланӕимӕ. Райгонд сӕ уыд мады зӕрдӕ дӕр, уӕлдайдӕр иу Къоста ӕмӕ Сосланмӕ  куы каст, уӕд.

Нӕ сӕм бафсӕст мад Варя кӕсынӕй, йӕ рухс дунейӕ аивгъуыдта мӕйдар, ӕрцӕуӕн  кӕцӕй нал ис, уыцы дунемӕ.

Фӕстӕдӕр, Советон дуг ма уыд, Мэлсы дӕр ӕрриуыгъта царды уӕззау цалх, фӕхъуыд йӕ цардӕмбал Светланӕ. Мызыхъ лӕппу, дунемӕ  иунӕгӕй чи фӕзынд, ӕнӕ мад, ӕнӕ цардӕмбал иунӕгӕй  чи аззад, уый нӕ фӕцудыдта, ӕнгомдӕр ӕрбалӕууыд йӕ кӕстӕртӕм, сарӕзта  сын сӕ цард, сӕ сомбон ӕмӕ стӕй дзӕвгар азты фӕстӕ ссардта йӕхицӕн бынат йӕ мад  ӕмӕ йе ‘фсины  фарсмӕ.

Лӕгъз, ӕнцон цӕуӕн фӕндӕгтӕ не  ‘рхауд Мэлсмӕ, фӕлӕ сӕ  тӕрсгӕ дӕр  никуы фӕкодта, сӕ сӕрты хызтис уӕндон ӕмӕ  рогӕй. Мэлсы хуызӕттӕй зӕгъӕн  ис, царды фӕндӕгтыл фылдӕр фӕцыд къахфындзтыл, къахы хистӕр ӕнгуылдзтыл. «Мӕ кафт уыд рог ӕмӕ уӕздан». Уый Къоста загъта, фӕлӕ йӕ комкоммӕ  ахӕссӕн ис Мэлсмӕ.

Саулохты Мэлс Ирыстоны культурон  фронты бӕрӕг  фӕд ныууагъта. Ирон  театры, зард ӕмӕ  кафты сыгъзӕрин фӕн-дӕгтӕ чи ахуыр кӕна, уый  ӕнӕмӕнг дӕр ӕмбӕлдзӕн Мэлсы хӕзнатыл. Уыцы хӕзнаты иувӕрсты та ничи ахиздзӕн, уымӕн ӕмӕ хъӕуӕг  сты, ӕххуыс  нын  сты канд нӕ абоны хъуыддӕгты нӕ, фӕлӕ  ма нын  сомбон аразинаг  цы ис, уыдоныл кусгӕйӕ.

Куыд сахадыдта Мэлс йӕ дуджы интеллигенцийы цӕсты? Иннӕтыл нӕ дзурӕм, фӕлӕ  чи уыдысты йӕ дуджы цӕстуарзон критиктӕ, аргъгӕнджытӕ?

Дзӕвгар у сӕ нымӕц, сты 25-æй фылдӕр. Се ‘ппӕтыл ӕрдзурыны фадат нӕй, фӕлӕ дзы ракӕнӕм  иу цалдӕры кой.

Скъола байгом  1 сентябры 1990 азы. Йӕ куыст райдыдта улӕфӕн парчы залы. Сывӕллӕттӕ дзы уыд 150. Ахуыр-хъомыладон куыст цӕмӕй йӕ къахыл слӕууа, уый тыххӕй йӕм хуынд ӕрцыдысты сценӕйы зынгӕ дӕснытӕ «Симд»-ы коллективӕй. Уыдон уыдысты: хореограф Гаглойты Хазби, Ӕрсойты Владимир – Республикӕ Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист, Цыбырты Валодя Гуырдзыстоны сгуыхт артист, фӕндырдзӕгъдджытӕ, гуымсӕгыл цӕгъдджытӕ.

Бæрæг фæд ныууагъта Ирыстоныкультурæйы

Абон не ‘хсӕн Мэлс нал ис. Ахӕм лӕгӕн та йӕ ном  цӕрдзӕн , цалынмӕ уой ирон адӕм сӕ  кӕфтытимӕ. Иры ӕнӕнымӕц, кӕфтытӕй ахӕм нӕй, кӕцымӕ  нӕ бахӕццӕ Мэлсы къух, кӕцыйы нӕ бадзӕбӕхтӕ кодта рӕгъмӕ рахӕссынӕн.

Мэлс алыварсон курдиаты хицау уыд. Йе ‘взонджы бонты заргӕ  дӕр  кодта, сабийӕ райдыдта кафын, ӕвзонг  лӕппуйӕ  ссис  актер. Йӕ кармӕ куы ахӕццӕ, уӕд та ссис культурӕйы фронты хъомылгӕнӕг, зондамонӕг, фӕндӕгтӕ  гӕрдӕг. Ууыл дзурӕг сты  йӕ зынгӕ  зонадон куыстытӕ: «Симд», Цхинвал 1980 аз; «Заурбег Бирагов», Цхинвал 2006 аз; «Гаглойты Тауырбег», Цхинвал; «Цхуырбаты Барис» Цхинвал; «Харебаты Федыр» – Цхинвал; «Об осетинской хореографии»,   Цхинвал 2010; «25 лет хореографической школе-студии при Министерстве культуры РЮО»,  Цхинвал, 2010 аз; «Владимир Хетагуров».

Ирон кафты вазыгджын къуымтӕ чи агура, уый нӕ ахиздзӕн ацы куыстыты иувӕрсты – йӕ къухмӕ сӕ чи райса, уый та ӕндӕр цӕстӕй ахиздзӕн йӕ адӕммӕ, сӕ истори ӕмӕ сӕ культурӕмӕ ссардзӕн сӕ дзуаппытӕ, сӕ фӕзынд, сӕ райрӕзт, сӕ рагон фӕндӕгтӕ цахӕмтӕ уыдысты.

Саулохты Мэлсы фыдӕбӕттӕ ӕмӕ  бакӕнгӕ хъуыддӕгтӕн йӕ рӕстӕджы аргъ ӕрцыд. Уыд Гуырдзыстоны Республикӕйы сгуыхт артист, РХИ-йы адӕмон артист, Хетӕгкаты Къостайы номыл премийы лауреат.

Уыдӕтты цӕсты никуы акаст Мэлс. Уый сӕйраг  стыр ӕмӕ  зынаргъ хорзӕхыл нымадта, кӕй ис Ир ӕмӕ Ирыстон, кӕй схъомыл кодта Нарты зондыл Иры кӕстӕрты, кӕй райста Иры ныййарджыты рӕсугъд арфӕты, кӕй ссардта фӕндаг театрдзауты зӕрдӕтӕм.

Цӕрӕццаг гуырд уыд Мэлс. Йӕ ном цӕрдзӕн уӕдмӕ, цалынмӕ Ирон сценӕтӕй хъуыса «Ӕрцтох», хъаматы зӕлланг, Иры фӕндыры зӕлтӕ.

Плиты Гацыр, Мэлсы ӕмдугон,

профессор 

                                                                                                  Август 2023 аз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.