Хъæууон цæрджыты цардуагон, культурон æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ æрбæстон кæнынмæ хорз хъусдард здахынц разамонæг органтæ æмæ сæ сæххæст кæныныл дæр куыстæуы æвæрццагæй. Ацы хъуыддаджы фæстæ нæ лæууы Цхинвалы районы администраци дæр (йæ сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг), йæ барамындæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады коллектив скъуыддзаг кæны йæ бæрныуæвæг хъæуты цæрджыты уавæртæ. Цæвиттон, Къостайыхъæуæй æрвылбон дæр бирæ адæм фæцæуы горæтмæ. Уыдонæй иутæ сæ хъуыддæгты фæдыл фæцæуынц сæхи сæрмагонд транспортыл, уыцы фадат кæмæн нæй, уыдон та пайда кæнынц æхсæнадон транспортæй. Æнхъæлмæкæсæн бынæттæ цалдæр азы размæ сæвæрдæуыд хъæуы æмæ сын уыдон фæрцы мæгуырау боныгъæдты ис, сæхи кæм бааууон кæной, ахæмтæ. Фæлæ ахæм хæрзиуæгæй хайджын нæ уыдысты цæрæн  кор-пусы цæрджытæ. Уавæр бахынцыдтой æмæ уым дæр арæзт æрцыд æнхъæлмæкæсæн агъуыст. Уыцы хæрзиуæгæй ма фæхайджын сты Тъбеты хъæуы администрацийы сконды лигъдæтты хъæуы цæрæг бæлццæттæ дæр.     

                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.