Аивгъуыйгæ 2018 азы 14 автобусæй ифтонг æрцыдис нæ республикæйы ав-тотранспортон управлени. Уыцы æхсæнадон авторанспорт ныртæккæ лæггад кæнынц куыд нæ горæты, афтæ районты æмбæстæгтæн дæр. Мах бахатыдыстæм нæ республикæйы Автотранспортон управленийы генералон директор Дудайты Альбертмæ, цæмæй нын цыбыртæй радзура æмæ нæ базонгæ кæна, сæ куыст куыд цæуы, уыимæ.   

Цалынмæ сын ног автотранспорт нæ рахицæн кодтой, уæдмæ сæ куысты фылдæр зындзинæдтæ æвзæрстой, уымæн æмæ сæ зæронд автобустæй бирæтæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ.

«Хорз уаид æмæ ма нæ ноджыдæр ног автотранспортæй куы фæхайджын кæниккой. Уæд нæ куысты проблемæтæ фæ-къаддæр уаиккой. Фæлæ абоны боны, ацы ног транспорты фæрцы нæ куыст уæддæр бæрæг фæрæвдздæр, хуыздæрæрдæм ыл бандæвта æмæ уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, не ‘мбæстæгтæн дæр бирæ фенцондæр ис. Нæ зæронд автотранспортæй ма хуыздæр уавæры чи сты, уыцы автобусты бацалцæг кодтам æмæ уыдон дæр кусынц æмæ дарддæр лæггад кæнынц республикæйы цæрджытæн. Уымæ гæсгæ ис зæгъæн, æмæ нæ куыстуат автотранспорты хъуагдзинад тынг кæй не ‘ййафы. Ис зæгъæн, æмæ азæй азмæ нæ куыст хуыздæр кæны, фæлæ  æвæццæгæн, ныртæккæ нырма ахæм куыстуат, организаци нæй, кæцы ма æмбæла проблемæтыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, проблемæтæ ис нæ куысты дæр æмæ кусæм сæ аскъуыддзаг кæныныл», – зæгъы Дудайты Альберт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ республикæйы къухдариуæгадæй исынц æххуыс, ацы аз сын ныфс бавæрдтой æмæ сæ ныфс ис, сæ проблемæтæй бирæтæ скъуыддзаг кæй æрцæудзысты.

Управленийы проблемæтæ фылдæр баст сты автотранспортимæ, фæлæ, куыд ма загътам, афтæмæй ног автобусты руаджы сæ куыст бирæ фæрогдæр ис. Ног автобустыл цы шофыртæ кусынц, уыдон уæлдай райгонд сты сæ куыстæй. Йæ рады, сæ куыстæй та райгонд сты бæлццæттæ æмæ сын бузныг фæзæгъынц.

Фæлæ, хъыгагæн, бæлццæтты ‘хсæн разыны ахæмтæ дæр, кæцытæ æхсæнадон автотранспортæн фыдаудæн кæнынц. Уыдон фылдæр сты нæ фæсивæды минæвæрттæ, кæцытæ сæ фæстæ салоны ныууадзынц бирæ алыгъуызон брæттæ, нындадзынц чъиутæ, цы бандæттыл фæбадынц, уыдоныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хъомылады фарст у, æмæ хорз уаид, скъолаты, хæдзары уый фæдыл æмбарынгæнæн куыст куы цæуид.

Бæлццæттæласæн автотранспорты фæн-даггаджы аргъы фæдыл дзургæйæ Дудайы фырт банысан кодта,  Республикæйы къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта, цæмæй фæндаггаджы аргъ куыд уыд, афтæмæй баззайа, куыд горæты, афтæ райцентртæм æмæ хъæутæм дæр. Æрмæст 50 сомы фæфылдæр Цæгат Ирыстонмæ фæндаггаджы аргъ, уымæн æмæ нымад цæуы æхсæнадæмон рейсыл æмæ ныртæккæ у 350 сомы.

Нæ горæты æхсæнадон автотранспорты маршрутты æнхъæлмæкæсæн бынæттæ иуæй-иу рæтты кæй не сты, уый егъау зындзинæдтæ æвзарын кæны, куыд нæ горæты цæрджытæн, афтæ автотранспорты шофыртæн дæр. Уымæн æмæ уыдонæй бирæтæ арæзт сты æнæран бынæтты æмæ уый тыххæй æвзæрын кæнынц егъау фарс-татæ.

«Ацы аз нын ныфс бавæрдтой ног æнхъæлмæкæсæн бынæттæ арæзт кæй æрцæудзысты, уымæй æмæ уый дæр фæрогдæр кæндзæн нæ шофырты куыст. Уымæн æмæ нæ горæты цæрджытæй бирæтæ автобусыл цæугæйæ, бауромын кæнынц автобус ахæм ран, цыран нæ вæййы гæнæн уромынæн. Уый фæдыл бирæ хатт æрсидтæн не ‘мбæстæгтæм, цæмæй æнæмбæлон ран ма уромой æхсæнадон автотранспорт, фæлæ уæддæр уыдоны æрдыгæй æмбаргæ ахаст нæ равдыстæуыд. Алы къахдзæфæн бирæтæ фæуромын кæнынц автобус, æмæ уæд автотранспорт тагъддæр хæлы æмæ йæ æртаджы хардз дæр фылдæр вæййы. Уый фæдыл но-джыдæр хатын бæлццæттæм дæр æмæ шофыртæм дæр, цæмæй кæрæдзи æмбарой æмæ сæ кæрæдзийæ ма хъаст кæной.

Нæ фадæттæ нæ куыд амонынц, афтæ æххæст кæнæм хицæн адæймæгтæ æмæ организациты домæнтæ дæр – рахицæн сын кæнæм автотранспорт, куы сæ бахъæуы, уæд. Уый фылдæр хауы скъолатæм, спортивон организацитæм» – банысан кодта Дудайты Альберт.

Аивгъуыйгæ азы, йæ ныхæстæм гæсгæ, конд æрцыд цалдæр ног маршруты куыд горæты, афтæ районтæм дæр. Уырдæм дæр шофыртæ цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ куыст.

Дудайты Альберт кæд йæ куысты æмбæлы проблемæтыл, уæддæр архайы бæлццæтты домæнтæ æххæст кæныныл. Цæвиттон, горæты автостанцы бæстыхай кæд капиталон цалцæг у, уæддæр йæ хъармгæнæн системæ раст арæзт кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ фехæлд æмæ ныртæккæ автостанцы æнхъæлмæкæсæн залы у тынг уазал. Уымæ гæсгæ дард рæттæм цæуæг бæлцæттæ сæ автотранспортмæ фенхъæлмæ кæсынц æддейæ хуры хъарммæ. Ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнын нымайы йæ фыццаградон хæсыл управленийы сæргълæууæг.

 

Танделаты Виленæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.