Футболæй дунейы фыццаг чемпионат байгом 1930 азы Уругвайы сæйраг горæт Монтевидеойы. Футболы дунеон федерацийы (ФИФА) фыццаг Президент францаг Жюль Римэ бакодта хорз лæвар ацы чысыл бæстæййы цæрджытæн. Чемпионаты бынатæн ацы бæстæйы равзæрстой уымæн, æмæ Уругвай олимпион хъæзтыты 1924 æмæ 1928 азты рамбылдта Олимпион турнир. Фыццаг дунеон чемпионатмæ æрцæуын алкæмæн йæ къухты нæ бафтыд, уымæн æмæ Монтевидеомæ уыцы рæстæджы цыдысты æрмæстдæр денджызы уылты æмæ иннæмæй та уыцы балц лæууыд зынаргъ, йæ фæндаг та – даргъ. Æдæппæт чемпионаты хайад райстой 13 командæйы: Бельги, Румын, Франц, Югослави (Европæйæ), Мексикæ, АИШ (Цæгат æмæ Централон Америкæ); Аргентинæ, Боливи, Бразили, Парагвай, Перу, Уругвай, Чили (Хуссар Америкæ). Ацы чемпионаты фыццаг бынат бацахстой æмæ сыгъзæрин майданты хицæуттæ систы Уругвайы командæйы футболисттæ. Уыдон рамбылдтой Аргентинæйы 4:2 хыгъдæй. АИШ-ы футболисттæ бронзæ майданты хицæуттæ систы ФИФА-йы фæндонмæ гæсгæ. Хуыздæр бомбардиры («Сыгъзæрин бутс») лæвæрд æрцыд Уругвайы хъазæг Гильермо Стабилейæн.

   Дыккаг чемпионат та ауагъдæуыд 1934 азы 27 майæ 10 июнмæ Италийы æмæ дзы хайад райстой Египет, Австри, Бельги, Венгри, Герман, Итали, Испан, Нидерланди, Румын, Франц, Чехословаки, Швейцари, Швеци, АИШ, Аргентинæ, Бразили- æдæппæт 16 командæйы. Чемпионат рамбылдта Итали, Дыккаг уыдЧехословаки æмæ æртыккаг призон бынат та бацахста Германы командæ. Æртыккаг чемпионат та уагъд æрцыд 1938 азы 4-19 июнмæ Францы æмæ йæ хайадисджытæ уыдысты 15 командæйы. Дыккаг хатт чемпионаты уæлахиздзаутæ систы Италийы командæйы хъазджытæ, дыккаг уыд Венгри æмæ æртыккаг та Бразилийы хъазджытæ. Хуыздæр бомбардиры ном райста Леонидас (Бразили). Дæргъвæтин азты фæстæ радон чемпионат уагъд æрцыд 1950-æм азы. 1958-æм азы дунейы чемпионаты фыццаг хатт хайад райста Советон Цæдисы æмбырдгонд командæ дæр, 1962 азы чемпионаты та Цæдисы командæйæ хуыздæр бомбардирты хсæн уыд Валентин Иванов.

                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.