Республикон библиотекæйы бæстыхайы уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны ветеринартæн онлайн-ахуыртæ сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны нысанæн.

Уыцы ахуыртæ цæуынц æрвылбон дæр. Онлайны ахуыртæ уадзынц Татарстан, Краснодар æмæ Ставрополы крайы хуыздæр специалисттæ æнæ аргъæй.

Уымæй размæ хъæууон хæдзарады министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй Краснодары Крапоткинæйы номыл медицинон лаборатори æмæ Хуссар Ирыстоны «Югосельхознадзор»-ы ‘хсæн арæзт æрцыд бадзырд. Уый фæлгæтты Краснодарæй нæ республикæмæ хъуамæ æрцыдаиккой специалисттæ, кæцытæ мæйы дæргъы ахуыртæ хъуамæ уагътаиккой нæ ветеринартæн. Хъыгагæн, цы пандеми апарахат ис, уый аххосæй хъуыддаг фæкъуылымпы.

«Югосельхознадзор»-ы сæргълæууæг Мæргъиты Алан афтæ зæгъы уый фæдыл. «Мах уал уæдмæ сфæнд кодтам онлайн режимы хуссарирыстойнаг специалисттæн сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны нысанæн ахæм хуызы курсытæ ауадзын. Лекцитæ цæуынц II, III æмæ IV къорды микроорганизмтимæ æдасæй кусын, анализтæ сисын æмæ сæ лабораторимæ фæхæццæ кæныны фæдыл. Ацы мадзæлттæ уагъд цæуынц практикон æгъдауæй дæр. Лекцитæ уадзынц, уæлдæр квалификаци кæмæн ис, ахæм ветеринартæ. Нæ уæрæсейаг коллегæтæ зонгæ сты, нæ лабораторийы цы ифтонггæрзтæ ис æмæ уыдон фæрцы цы низтæ рафæлгъауæн ис, уымæ гæсгæ лекцитæ уадзыны рæстæджы хынцыд цæуынц нæ уавæртæ».

Мæргъиты Алан ма загъта, зæгъгæ, лекциты бирæ ис прафилактикон темæтæ, кæцыты фæрцы æруромæн ис низæн.

«Нæ республикæйы бирæ ис, фосдарды къабазы чи архайы, ахæмтæ. Æмæ канд фермерон хæдзарадтæ нæ, хъæуты ма цы адæм баззад, уыдон дæр раздæрау кæд бирæ нæ, уæддæр дарынц фос. Куыд зонæм, афтæмæй фосæн дæр сæхи низтæ ис, уыдон дæр рынчын кæнынц инфекцион хæцгæ низтæй. Куынæ сын схос кæнай, уæд сæ æнæфтиаг фæуыдзынæ. Æмæ цæмæй афтæ ма уа, уый тыххæй æмбæлон хъусдард хъуамæ цæуа уы-онмæ. Куыддæр фос дæр æмæ хæдзарон мæргътæ дæр æрбарынчын уой, афтæ фехъусын кæнын хъæуы фадыгон ветеринарæн. Кæд низ инфекцион нæ уа æмæ, уæд та хъæуы анализ саразын. Зæгъæм ацы аз стуртæн дыууæ хатты арæзт æрцыд судзинтæ, пастереллиозы ныхмæ. Ацы низ у дыууæ хуызы. Иу хуызæй дзы бахъыгдард вæййынц фосæн сæ рæуджытæ, фæкæнынц тæвд иннæ хуызæй та фæриссынц сæ тъæнгтæ схизы сæ тæвд. Ветеринар хъуамæ сбæрæг кæна стур кæцы низæй рычын у, сæрмагондæй», – загъта Мæргъиты Алан.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.