Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад республикæйы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ царды уæззау уавæры бахауæг адæймæгтæн бакодта адресон æххуыстæ.

2020 азы марты æмæ апрелы мæйы материалон æххуыс райстой республикæйы 110 цæрæджы. Паддзахадон æххуыс райстой: фыццаг æмæ дыккаг къорды 20 инвалиды, цыппор цыппар та – бирæсывæллонджын бинонтæ, хæсты фæмардуæвæг лæппутæй æнахъом сывæллæттæ кæмæн баззад, ахæм цыппар бинонтæ æмæ ма тынгдæр чи тыхсы, ахæм бинонтæ дыууынæй.

Социалон рæзты хайады куыд загътой, афтæмæй ма баххуыс кодтой не ‘мбæстæгтæй дыууæ бинонтæн, кæцытæ бахаудтой царды уæззау уавæрты 10 мин сомæй. Лæмæгъ æнæниздзинады аххосæй та æххуыс æрцыд 25 мин сомæй.

Социалон рæзты хайады куыд загътой, афтæмæй ахæм æххуыс кæнын уыдон адарддæр кæндзысты майы мæйы дæр. Бирæтæ, зæгъгæ, æрбацæуынц хъæстмæ, ома, мах дæр æххуысхъуаг стæм, фæлæ нын æххуысгæнæг нæй. Ахæмтæ хъуамæ зоной, бæлвырдгæнæн гæххæттытæ æмæ сын куырдиæттæ лæвæрд куыннæ уа махмæ, уæд нæ бон нæу уыдонæн баххуыс кæнын. Арæх нæм, зæгъгæ, æрбацæуынц æртæ сывæллонджын бинонтæ дæр, кæцытæ самайынц загъд, ома, мах дæр стæм бирæсывæллонджынтæ. Уымæн æмæ, дам, Уырысы æртæсывæллонджын бинонтæ дæр нымад цæуынц бирæсывæллонджынтыл. Уый тыххæй та социалон рæзты министрады зæгъынц, зæгъгæ, алы паддзахад дæр материалон æххуыс кæны йæ паддзахадон бюджетæй, махæн та нæ фадæттæ сты къуындæг. Фæлæ æртæсывæллонджын махмæ куырдиат куынæ ныууадзы æмæ йын бинонты бюджет фæцæрыны минимум куыннæ феххæст кæны, уæд мах баххуыс кæнæм 10 минæй.

ФИДДОНТÆН КУЫД РАЙСÆН ИС

УФ-йы Президент Владимир Путин йæ фæстаг ныстуаны фехъусын кодта, Уæрæсейы æмбæстагад кæмæн ис, уыдонæн сæ бон у 16 азы кары онг сывæллæттæн уæлæмхас фиддонтæ райсын.

Уымæй дарддæр ма, бинонтæ, цыран хъомыл кæнынц æртæ азы кары онг сывæллæттæ, сæ бон уыдзæн апрелы, май æмæ июны фæйнæ фондз мин сомтæ райсын.

Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæй уæрæсейаг æмбæстагад кæмæн ис, ахæмтæ бирæ ис. Уыдонæн та арæн æхгæд кæй у, уый аххосæй сæ бон нæу цæуын Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй сæм цы æххуысы фæрæзтæ æмбæлы, уыдон райсой.

Ацы фарстайы фæдыл мах бахатыдыстæм, Цæгат Ирыстоны Пенсион фондæн Хуссар Ирыстоны цы филиал ис, уыдоны минæвæрттæм. Уым нын куыд загътой, афтæмæй куырдиæттæ бадæттын хъæуы Паддзахадон лæггæдты парталмæ, кæннод та Цæгат Ирыстоны Пенсион фондмæ. Куырдиæттæ ист цæудзысты 1-æм октябрмæ. Уымæ гæсгæ иу адæймаг дæр нæ баззайдзæнис æнæ фиддонтæ арæны æхгæды аххосæй. Паддзахадон лæггæдты парталмæ куырдиат фысгæйæ, хуыздæр у фæнысан кæнын фæрæзтæ бангы картæмæ цæмæй ахынцой æмæ уæ дыккаг фыдæбон мауал бахъæуа.

Ам ма загътой, зæгъгæ сæм бирæ адæм цæуы фæрсынмæ, ома, архайæм Паддзахадон лæггæдты парталмæ бахизыныл, фæлæ нын дзуапп нæ дæттынц. Уыцы фарсты фæдыл, дам, мах телефонæй ныхас кодтам Цæгат Ирыстоны Пенсион фонды разамонæджы хæдивæг Федор Великийимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ Уæрæсейы æмбæстæгтæ ныртæккæ карантины аххосæй æддæмæ нæ цæуынц, куыддæр, зæгъгæ, Владимир Путины Ныстуан рацыд, афтæ  фæхæлæф кодтой интернетæй Паддзахадон лæггæдтæ æмæ Пенсион фонды парталтæм дзурынмæ. Уымæ гæсгæ бастдзинад не ‘ххæссы регистраци кæнын. Ныртæккæ куыст цæуы, цæмæй рымысæм æндæр формæ бастдзинад саразыныл. Куыддæр ног формæ регистраци кæныны системæ сфидар уа, афтæ йæ базондзысты, æппæт Хуссар Ирыстоны цæрджытæй Уæрæсейы æмбæстагдзинад кæмæн ис, уыдон дæр дзыллон-информацион фæрæзты руаджы. Фæлæ уал уæдмæ хъуамæ алчи дæр зона, УФ-йы Президенты Ныстуаны нысангонд цы æмбæстæгтæ бахауд, уыдон се ‘ппæт дæр кæй райсдзысты, цы фæрæзтæ сæм æмбæлы, уыдон. Æрмæст чидæр – раздæр, чидæртæ та –  фæстæдæр. Сæйраг у 1-æм октябрмæ куырдиат ныффыссын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.