Стыр ахуыргонд, иранистикæ æмæ ирон æвзагзонынады фæдыл бирæ куыстыты автор Абайты Васойы райгуырдыл абон, 15-æм декабры сæххæст 116 азы. Уый цытæн 12-æм декабрæй РХИ-йы зонад-иртасæн институты уагъд цæуынц лекцитæ нæ горæты астæуккаг скъолаты хистæркъласонтæн. 13-æм декабры уырдæм æрбацыдысты 3-æм, 6-æм, 10-æм æмæ 12-æм скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ сæ ахуыргæнинæгтимæ. Лекцимæ ма æрбацыд Абайты Васойы хæдзар-музейы директор Плиты Юзæ. Стыр ахуыргонды цардвæн-даджы тыххæй скъоладзаутæн лекци бакаст филологон зонæдты кандидат, профессор, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат Битарты Зоя. Уый скъоладзауты базонгæ кодта стыр ахуыргонды куыстытæй цалдæримæ, аф-тæ ма сын радзырдта Абайты Васоимæ йæ фембæлдтыты тыххæй. Лекцимæ æрæмбырдуæвджытæ байхъуыстой стыр цымыдисимæ.

«Дыууæ азы размæ мах аскъуыддзаг кодтам, цæмæй æрвылаз дæр нæ республикæйы скъолаты хистæркъласонтæн лекцитæ кæсæм Абайты Васойы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Уымæ гæсгæ 12-æм декабрæй зонад-иртасæн институт райдыдта йæ куыст нывæзтмæ гæсгæ. Нæ горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн хæсгонд уыд, цæмæй-иу уроктæ ауагътаиккой Абайты Васойы сфæлдыстады тыххæй. Ацы аз та мах аскъуыддзаг кодтам, цæмæй институты ахуыргæндтæ зонад-иртасæн институты актон залы фембæлой скъолаты уæлдæр кълæсты ахуыргæнинæгтимæ æмæ сын кæсой лекцитæ ахуыргонды тыххæй. Лекцитæ зонад-иртасæн институты уагъд уымæн цæуынц, æмæ-иу Васо йæхæдæг дæр ацы залы тынг арæх раныхас кодта æмæ уымæ гæсгæ мæн фæнды, цæмæй уыцы фарныл ахуыр кæной нæ Ирыстоны фæсивæд дæр. Мæнæн тынг зын у, нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл хъуыды кæнын, уымæн æмæ мах фидарæй хъуамæ зонæм уый, æмæ ирон адæмæн æнæ сæ мадæлон æвзаг хорз фидæн кæй нæй, Ирыстонæн ахуыргонд фæсивæд куынæ уа, уæд ирон адæмæн сæ хъуыддæгтæ сæхи фæндиаг кæй нæ уыдзысты. Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм не ‘взаг, афтæ фæдзæхста зынгæ ахуыргонд æвзагзонæг-иранист Абайты Васо. Хетæгкаты Къоста æмæ Абайты Васойы ирон адæмæн Стыр Хуыцау радта, стыр монон кризис куы ныллæууыд, уæд», – дзырдта ирон æвзаджы кафедрæйы доцент Битарты Зоя.

«Фыццаг хатт Васоимæ æз базонгæ дæн 1977 азы, Мæскуыйы æвзагзонынады институты. Уæд ахуыр кодтон ХИППИ-йы æртыккæгæм курсы æмæ мын нæ институты къухдариуæгад бахæс кодта, цæмæй Мæскуымæ фæхæццæ кодтаин къамтæ Васойы 75 азы юбилеймæ. Бацыдтæн æм институтмæ æмæ лекцийы фæудмæ банхъæлмæ кæсгæйæ, бахызтæн аудиторимæ. Иронау æм куы сдзырдтон, уæд бацымыдис кодта, кæцæй æр-цыдтæн, уымæ. Мæ мыггаг æм зонгæ фæкаст, уымæн æмæ уыцы рæстæджы журнал «Фидиуæг»-ы мæ куыстытæ мыхуыр цыдысты. Уыцы рæстæджы ахуыргонд куыста консультантæй институты æмæ лекцитæ каст æрвылмайрæмбон дæр. Васойæн йæ лекцитæ нæ уыдысты дæргъвæтин æмæ сæм хъуыстам стыр цымыдисимæ, йемæ ма-иу æрбахаста чысыл текст дæр, кæцы-иу мах хъуамæ равзæрстаиккам фонетикон, морфологон æмæ лексикон æгъдауæй, сарæзтаиккам-иу ын анализ ныхасы структурæ æмæ семантикæйæ. Афтæ ма йæм мемæ йæ лекцитæм цыдысты аспиранттæ Венгрийæ, Таджикистан, Хъыргъызстан, Афганистан, Цæгат Ирыстонæй. Цæмæй йын йæ лекцитæ лæмбынæгдæр базыдтаин, уый тыххæй балхæдтон магнитофон æмæ сæ фыстон ууыл», – дзырдта йæ мысинæгтæ Васойы ахуыргæнинаг.

Ацы фыстытæ мæнмæ сты абоны онг дæр, кæцытæй спайда кодтон æмæ уыцы лекцитæй рауагътон чиныг «Авестæ». Рауагътам дзы 200 чиныджы. Уыдонæй 146 арвыстам Стыр Британи, Финлянди æмæ æндæр бæстæты минæварадтæм, уымæн æмæ уыцы минæварадтæ загътой, зæгъгæ  йын мах радтам академикы ном. Уыцы минæварадтæй мах райстам тынг бирæ бузныджы ныхæстæ, зæгъгæ, мах уый æнхъæл никуы уыдыстæм, æмæ Васо ногæй сдзура немæ. Чиныджы иннæ экземпляртæ та уæрст æрцыдысты нæ горæты скъолатыл. Ацы лекцитæ сомбоны фæахъаз уыдзысты диссертацитæ бахъахъхъæнынæн, уымæн æмæ сæ хъæуæг æрмæг агурын нал хъæудзæн.

Абайты Васо кæд Ирыстонæн æддейæ куыста, уæддæр уый йæ ирон адæмæн тынг æххуыс кодта. Васойæн йæ сæйрагдæр куыстытæй иу у, ирон æвзаджы “Историон-этимологион дзырдуат”, кæцыйы спайда кодта дунейы 159 æвзагæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыргонд уыцы æвзæгты кæд се ‘ппæты нæ зыдта, уæддæр сын зыдта сæ бындур æмæ сæ нысан. Уыцы æвзæгтимæ стæм æрвадæлтæ – кæцыдæртимæ æввахсдæр, кæцыдæртимæ та – дарддæр. Абайты Васо йæ дзырдуатыл фæкуыста 30 азы. Ирон æвзаджы уыцы дзырдтимæ цыдæриддæр фразеологизмтæ ис, уыдонæй спайда кодта Васо. Дзырдуат арæзт у латинаг дамгъæтæй, ома, фыстытæ нæ, фæлæ дзырдтæ сæхæдæг дæттынц эквиваленттæ, ратæлмац æй кодта уырыссаг æвзагмæ. Васо йæ фæстаг уац ныффыста, 95 азы йыл куы цыд, уæд.

Æз мæ мысинæгтæ ныффыстон XX æнусы стыр ирон адæймаджы тыххæй. Ахуыргонды мах макуы хъуамæ ферох кæнæм, æмæ уый тыххæй та хъуамæ йæ куыстытæн анализ æрцæуа, хъуамæ сæ сахуыр кæнæм, æмæ йæ куыстыты уый цы загъта, уыцы гипотезæтæ, уыцы теоритæ мах хъуамæ адарддæр кæнæм.

1963 азы зонад-иртасæн институты æвазджы хайад æрæвнæлдта æмбарын-гæнæн дзырдуат саразынмæ. Йæ сæйраг редактор уыд Гæбæраты Никъала. Дзырдуатæй рацыд 2 томы, æртыккаг том хъуамæ аласæм горæт Мæскуымæ æмæ йæ уым рауадзæм. Хъыгагæн, цыппæрæм томыл нырма кæд кусын нæ райдыдтам, уæддæр мæн ныфс ис, æмæ йыл æввахс рæстæджы кæй бацархайдзыстæм. Зæгъын мæ фæнды уый, æмæ ахæм дзырдуат цы адæмæн нæй, уыцы нацийæн се ‘взаг никуы райрæздзæн. Абайты Васо стыр хайбавæрд бахаста æвзагзонынады хицæн фадгуытæм. Мыхуыры йын рацыд 2000 куыстæй фылдæр – теори, этимологи æмæ историйы лингвистикон басгæрстыты, ирайнаг æмæ индоевропæйаг æвзагзонынады, иумиаг æвзагзонынады хицæн фарстыты фæдыл. Йæ фольклорон куыстытæй ахуыргонд иууыл фылдæр сарæзта ирзонынад æмæ “Нарты эпосы” фæдыл”, – дзырдта дарддæр йæ лекцийы Битарты Зоя.

Лекцийы рæстæджы дзырд æрмæст зындгонд ахуыргонды куыстытыл нæ цыд, фæлæ ма адæймаджы æнахуыр хъысмæты тыххæй дæр, кæцы æгæрон уарзтæй уарзта зонад æмæ схызт йæ бæрзæндтæм. Фæлæ уæддæр баззад хуымæтæг, хæдæфсæрм адæймагæй. Афтæ ма Битарты чызг æрхаста бирæ цæвиттонтæ, Васо æндæр æмæ æндæр æвзæгтæй цы дзырдтæ æрбайста, уыдоны фæдыл, куыд, зæгъæм: ходыгъд, æфсин, æлдар æмæ афтæ дарддæр. Æр-дзырдта сын сæ нысаниуæджы тыххæй дæр. «Абайты Васо дунейы æвзæгты æмрæнхъ сæвæрдта ирон æвзаг æмæ æнæхъæн дунейæн йæ куыстытæй бауырнын кодта, ирон æвзагыл кæй цæуы 6 мин азы, уый. Абайты Васойы фæдзæхст уыд, цæмæй йæ библиотекæ лæвæрд æрцæуа Ирыстонæн».

Битарты Зоя ма банысан кодта, лекцитæ уагъд кæй цæудзысты 23 декабры онг. Уый ма куыд загъта, афтæмæй йæ фæнды, цæмæй лекцитæ уагъд æрцæуой республикæйы районты астæуккаг скъолаты дæр. Кæронбæттæны скъолаты ахуыргæнджытæй бирæтæ сæ хъуыдытæ загътой лекцийы фæдыл æмæ райгондæй банысан кодтой, бирæ ногдзинæдтæ кæй базыдтой, уый тыххæй.

Мæ уацы ма мæ зæгъын фæнды уый дæр, æмæ Битарты Зоя тынг бирæ кæй аразы ирон æвзаджы рæзты тыххæй. Сылгоймаг йæ уæхсчытæм райста уæззау уаргъ æмæ скъолайы кары агъоммæйы уагдæтты сывæллæттæн сарæзта про-граммæ «Малусæг» ирон æвзагыл.

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.