Цхинвары районы астæуккаг Дменисы фыццаг чи æрцард, уыдонæй уыдысты Уалыты Ноне æмæ йæ цардæмбал Уардо. Уыдон ардæм æрцыдысты Зонкъары хъæуæй. Ардæм ралидзыны фæнд кæд скодтой, уæддæр хъæуы фылдæр хай цъыфдзаст кæй уыдис, уый аххосæй сæ ныфс нæ хастой. Ам æрцæрыны та сæ бафæндыд уымæн æмæ-иу  куыстуарзаг бинонтæ æрвылаз дæр æркодтой, сæхи цы хъуыд, уымæй бирæ фылдæр халсæрттæ, дыргътæ, урсаг æмæ дзидзайы продукттæ. Уыдон Зонкъарæй Цхинвалмæ æрхæссын æмæ ауæй кæныны тыххæй бирæ зындзинæдтæ æвзæрстой. Дменисы хъæуæй та горæтмæ у æввахсдæр æмæ уым куы æрцардысты, уæд уыцы зындзинæдтæ бирæбæрцæй фæкъаддæр сты. Цæргæ та æркодтой хъæуы уæлвонгдæр бынæттæй иуы, цыран иттæг хорз уавæртæ уыд, куыд зæххы куыстæн, афтæ фосдардæн дæр.

Ног бынаты цард райдайын æнцон нæ вæййы, фæлæ Ноне æмæ йæ цардæмбал Уардо уыдæттæй нæ фæтарстысты. Аныгъуылдысты куысты æмæ сæ цард кодтой амондджынæй. Сæ хъæбултæ куыд стыр кодтой, афтæ ардтой сæ амæндтæ æмæ иу хæдзары бинонтæ баисты цалдæр. Чи йæ зоны, цахæм цард скодтаиккой, куы нæ айхъуыстаит фæдисы хъæр, уæд.  Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст.  Уыцы æнамонды хабар байхъуыст Ирыстоны къуымтæм дæр. Нæ фæсивæдæй иуты хæстмæ кæнгæ кодтой, æндæртæ та сæхæдæг  цыдысты æфсæддон къамисариатмæ æмæ домдтой, цæмæй сæ акæной. Уæд Нонейы фырттæй сæ иу – Ильяйыл цыд цыппор иу азы, йæ цардæмбал Бестауты Къатоимæ хъомыл кодтой цыппар кæстæры, æнхъæлмæ кастытсты фæндзæм кæстæрмæ, кусгæ та кодта Цхинвалæй Къуайсамæ фæндагарæзтады. Иу бон сæ куыстмæ фæзынд цалдæр уырыссаг офицеры. Уыдон сын бамбарын кодтой се ‘рцыды сæр, сæмбырд кодтой, цал адæймаджы сæ хъуыд, уал æмæ ацыдысты. Уæд ма Ильяйы царды æрцыд æндæр цау дæр. Уырыссаг афицертæй йæм сæ иу баввахс кодта йæхи, йæ фæтæн уæхсджытыл ын æрывæрдта йæ къух æмæ йæ бафарста.

– Ну как, осетин, служить будешь?

Илья кæд уырыссагау дзурынмæ рæстмæ нæ арæхст, уæддæр æнæ уæлдай рахъуыды-бахъуыдыйæ, афицермæ бакæсгæйæ, сдзырдта.

– Буду, буду.

Йæ дзуаппæй барухс афицеры зæрдæ æмæ йæ уæд уый афарста ныфсджындæрæй.

– А врага громить будешь?

Илья фæуæндондæр æмæ та уадид дзуапп авæрдта афицерæн.

– Буду, буду.

Ацы ныхæсты кой уымæн ракодтон æмæ Ильяйы уыцы бонæй фæстæмæ йе ‘мгæртæ, хъæубæстæ æмæ йæ хиуæттæ дæр хонын райдыдтой Буду, Стыр Фыдыбæстæйон хæст-мæ дæр ацыд ацы номимæ.

Буду фыццаг æртæ мæйы йе ‘мбал хæстонтимæ се ‘фсæдтон хæс фыстой Гуры, хæстон архайдтытæм цæттæгæнæн курсыты. Уый фæстæ курсыты иу хай конд æрцыдысты Цæгат Кавказмæ. Уыцы рæстæджыты знаг знæтæй  йæхи æппæрста размæ, дæрæн кодта æмæ нын сыгъта нæ горæттæ æмæ хъæуты. Нæ хæстонты-иу бахъуыд фæстæмæ алæууын. Цæмæй нæмыг, хæцæнгарз, æндæр æнæ-мæнгхъæуæг æрмæджытæй цух ма уыдаиккой, уый тыххæй архайдтой, Буду цы дæлхайы уыд, уый, хæстонтæ. Уый стыр ахъаз кодта нæ хæстонтæн æнæкъуылымпыйæ тох кæнынæн. Уыцы тохты рæстæджы Буду æмæ йæ хæстон къорды хайадисджытæ райстой хорз хæстон цæттæдзинад.

Куыд зонæм, афтæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы иууыл стырдæр тохтæ цыдысты Сталинград бахъахъхъæныны сæ-рыл. Ам Буду йæхи равдыста фидар, арæхст-джын æмæ уæндон хæстонæй. Йæ ахæм хъæбатырдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыдис «За оборону Сталинграда»-йы майданæй. 

Буду Сталинграды тохтæй æнæфыдбылызæй бæргæ аирвæзтис, фæлæ Керчæй знæгты фæтæрыны тохты рæстæджы фæцис уæзау цæфтæ. Бахъуыд æй дохтырты æххуыс. Æркодтой йæ Батумы æфсæддон госпиталмæ. Дохтыртæ уæд дзырдтой, зæгъгæ, йæ къæхтæ фесæфта, фæлæ ма йæхæдæг удæгасæй уæддæр куы базаид. Уыцы хъуыды загътой Будуйæн йæхицæн дæр. Хъуыддаг бамбарын кодтой, йæ цардæмбал Бестауты Къато рынчындонмæ куы æрцыд, уæд уымæн дæр. Буду уыцы æнамонды цаумæ æнхъæлмæ каст æнкъард æмæ æрхæндæгæй, фæлæ уæдмæ рынчындонмæ æрцыд ноджы фæлтæрддæр дохтыртæ. Уыдон лæмбынæг басгæрстой Будуйы æмæ аивтой госпиталы йæ хосгæнæг дохтырты фæндон. Цалдæр уæззау операцийы фæстæ, куыд Буду йæхæдæг, афтæ йæ дохтыртæ дæр банкъардтой цæф хæстонæн йе ‘нæниздинад хуыздæр кæй кæны, уый. Цалдæр мæйы фæстæ Буду, кæд слæууыд йæ къæхтыл, уæддæр нал уыд хæстхъом æмæ йæ рарвыстой демобилизацийы.

Бæстæ, адæм кодтой мæгуырæй мæгуырдæр. Будуйы бирæ бинонтæ дæр  æвзæрстой зындзинæдтæ, фæлæ быхстой æмæ хорзмæ æнхъæлмæкæсгæйæ, кодтой сæ цард. Уæдмæ ма, йæ хуртæ кæй хуыдта, уыцы кæстæртæ Даро, Виктор, Женя æмæ Ясонмæ бафтыд дыууæ кæстæр Гайоз æмæ Енгрес.

Бубуйæн дзæвгар фæхуыздæр йе ‘нæниздзинад, аппæрста, цалдæр азы цы лæдзгуыты фæрцы цыд уыдон, фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр æмæ адæм кæрæдзи фарсмæ балæугæйæ, аныгъуылдысты сабыр царды. Буду, йæхиуыл æнауæрдгæйæ, кодта зæххы æмæ фосдарды куыст.  Уыцы азты арендæ цы уыд, уый зонгæ дæр ничи кодта, фæлæ Буду хъæуы зæххытæй райста аст гектары, æрвылаз дæр-иу æй бакуыста хорз æмæ-иу дзы райста хъæздыг тыллæг. Уыцы азты Буду цалдæр хатты бавдыст æрцыдис паддзахадон хорзæхтæ райсынмæ, фæлæ сæм нал банхъæлмæ каст, хæстон хъæдгæмттæ сæхион акодтой æмæ ацыд а-рухс дунейæ. Абон Будуйы цардвæндагыл йæ цæст чи ахæссы, уыдонæй алчи дæр банысан кæны, зæгъгæ, Будуйы фæллæйттæ æмæ хæстон архайдтытæ æнæхъуаджы нæ фесты, знагæй цы бæстæ æмæ райгуырæн къуым бахъахъхъæдта, уым амондджынæй цæрынц йæ кæстæртæ, уыдон æмæ уыдон кæстæртæ, æдæппæт 150 адæймагæй. 

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.