Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты немыцаг тыххæйисджыты ныхмæ цы милуангай советон хæстонтæ тох кодтой, уыдонæй алкæмæндæр йæхи тохвæндаг, йæхи хъысмæт уыд. Æмæ дзы алчидæр Стыр Уæлахизмæ йæхи бавæрд бахаста.

Йæхи тохы фæндæгтыл цыдис Басаты Хазби дæр. 1914 азы бæрзонд, алæмæттаг æрдзы хъæбысы Дзауы районы фæрнджындæр хъæутæй сæ иуы – Едысы райгуырд æмæ схъомыл. Æниу ма ныр цæй фæрнджын у, ууыл дæр дуг йæ дæрзæг арм æруагъта æмæ уый дæр, æндæр хæххон хъæутау, раафтид йæ бирæ цæрджытæй. Фæлæ раздæр ам дæр цард цæдджинагау фыхтис.

Хазбийы райгуырд йæ фыд Сардойы хæдзармæ стыр циндзинад æрхаста. Скъоламæ цæуынхъом куы фæцис, уæд ахуыр кодта сæхи хъæуы райдиан скъолайы. Сæ иумæйаг хъæбул æй хуыдтой хъæубæсты цæрджытæ, уымæн æмæ йæ уд, йæ дзæцц уыдис искæмæн исты аххуыс кæнын æмæ-иу кæмæн суг æрсаста, кæмæн-иу уазал суар æрбадавтаид.

Сæ хъæуы райдиан скъола каст куы фæцис, уæд æй æркодтой Цхинвалы ирон скъоламæ. Куы йæ бакаст, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы æфсæддон-æфсæнвæндагон ахуыргæнæндоны. Фæстæдæр та ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы æппæтцæдисон зоотехникон институтмæ. Ацы институт каст фæуыны фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ куыста æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты.

Йæ лæджы кармæ куы бацыд, уæд, æнæхъæн бæстæйыл айхъуыст æвирхъау цау: райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Æвæццæгæн Ирыстоны ахæм хæдзар нæ разындаид, иугай, дыгай æмæ фылдæргай хæстонтæ чи нæ афæндараст кодта тугкалæн хæстмæ. Хазби æмæ йæ уарзон æфсымæр Къола дæр барвæндонæй фæцыдысты фронтмæ. Фæцыдысты иумæ, фæлæ сæ кæрæдзийыл нал сæмбæлдысты. Знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ, Къола хъæбатырæй фæмард Керчы тохты.

Хазбийæн йе ‘взыгъддзинад банкъаргæйæ, æрвыст æрцыд æфсæддон-политикон ахуыргæнæндонмæ. Каст æй куы фæцис, уæд æй снысан кодтой 417 æхсæг дивизийы политхайады инструкторæй. Цалдæр хатты æфсæддон раздзогты номыл фыста куырдиæттæ, цæмæй йæ арвыстаиккой фæстæмæ фронтмæ. Фæстагмæ йын йæ курдиат сæххæст кодтой æмæ æрлæууыд фронты раззаг рæнхъыты. Иуахæмы сын Грознæмæ хæстæг знæгтимæ бацайдагъ мæлæтдзаг тох. Иу улæфты рæстæджы политхайады хисдæр Колыванов фæсидт политкусджытæм æмæ сын афтæ зæгъы: «Ныртæккæ ахæм уавæры стæм, æмæ цыфæндыйæ дæр нæ къухты хъуамæ бафта знаджы «удæгас æвзаг» æмæ уæ ахæм бæрнон хæс чи айсдзæн йæхимæ?»

– Бар мын радтут, цæмæй æз мæхимæ райсон уыцы хæс, – йæ бынатæй фестгæйæ, фидарæй загъта Хазби.

– Бар дын радтин, фæлæ ды развæдсгарæг нæ дæ, – загъта Колыванов.

– Кæд развæдсгарæг нæ дæн, уæддæр уæ курæг дæн, цæмæй мын бар радтат, уæ бардзырд уын сæххæст кæнынæн.

– Кæд афтæ у, уæд дын «нæ» нал зæгъын, æрмæст дæ курæг дæн, цæмæй дæхи хъахъхъæнай æмæ фæстæмæ æрбаздæхай сæрæгасæй де ‘мбæлттæм.

Уæд Хазби йæ риуы дзыппæй систа йæ гæххæттытæ, хъуамæ сæ радтаид йæ хисдæр Колывановмæ, фæлæ уыцы рæстæджы  зæхмæ йæ къухтæй æрхауд ныв. Фелвæста йæ, а-ныр æй йæ дзыппы нывæра, афтæ йæ Колыванов афарста:  – Дæ хорзæхæй, уый дын кæй къам у? Хазби йæм æфсæрмгъуызæй йæ къух бадаргъ кодта æмæ сабыргай сдзырдта: уый мæ цардæмбал Дзугаты чызг у, нæ чындзæхсæвы фынгтæ дæр нæ бафснайдтам, афтæмæй фронтмæ рацыдтæн. Ныртæккæ кусы госпиталы медицинон хойæ, нæхимæ – Ирыстоны. Куы мæ фæндараст кодта, уæд мæ фæдзæхста зæдтæ æмæ стыр Хуыцауæн, цæмæй сæрæгасæй фæстæмæ æрыздæхон. Ацы ныв мын цавæрдæр тых дæтты», – загъта чъызгæйæ Хазби.

– Дæ тыхтыл дын тых æфтауæг уæд, æмæ дæ цардæмбалыл Уæлахизы боны дзæбæхæй сæмбæл, – загъта уый æмæ къам балæвæрдта Хазбимæ. Кæрæдзийыл атыхстысты æмæ Хазби йæ хæстон æмбæлттимæ аныгъуылд талынджы. Бырынц æртæ хæстоны знаджы арæнгæронмæ. Уалынмæ фæзынд сæ хъахъхъæнæг. Хазби цадæггай йæ армытъæпæн æрæвæрдта Иналы (афтæ хуынд йæ ирон хæстон æмбал) уæхскыл. Инал бамбæрста, бар ын кæй ис йæ хæс æххæст кæнынмæ æмæ абырыд йæ гуыбыны цъарыл хъахъхъæнæ-джы ‘рдæм.

Хъахъхъæнæг куыддæр фæстæмæ фæзылд, афтæ йыл хъæбатыр лæппу йæхи стайау ныццавта. Æрбалвæста йын йæ хурх, фрицы ма бæргæ фæндыд фæхъæр кæнын, фæлæ домбай къухты æлхъывдæй стæлфын нал бафæрæзта. Фæстиатгæнæн нæ уыд иу минут дæр. Сæ разæй скодтой уацайраджы, фæстейæ сæ хъахъхъæдта Хазби, афтæмæй тагъд кодтой сæ бынатмæ.

– Дæ бадзырд æххæст æрцыд, æмбал Колыванов, – загъта Басайы фырт æмæ баст уацайраджы æрлæууын кодтой сæ командиры раз.

– Бузныг, лæппутæ, æгайтма ныл сæрæгасæй сæмбæл-дыстут, – загъта Колыванов æмæ сыл ныттыхст хи ныййарæг фыдау.

Уацайраджы ратгæ зонæнтæм гæсгæ рабæрæг, немыц дыккаг бон кæй райдайдзысты размæ бырсын. Уыцы хъуыддаг фехъусынчындæуыд дивизийы командирæн æмæ уыцы изæр дивизи æмткæй анкъуысти æмæ, знаг æнхъæл куыд нæ уыд, ахæм цæф æй фæкодта.

Ацы æнтысгæ размæбырсты стыр ахсджиаг хæс сæххæст кодтой Хазби æмæ йæ дыууæ хæстон æмбалы. Фæстæдæр Колыванов  сæ командæгæнæгæн хъусын кодта, зæгъгæ, Басаты Хазби, Старо-Винская, Мæздæг, Николаевская æмæ цалдæр хуторы ссæрибар кæныны йæхи равдыста æхсарджын хæстонæй.

Иу ахæмы та немыц сæхи цæттæ кодтой ног абырстмæ. Хъуыд фидар фæлæууын знаджы ныхмæ. Басайы фырт уыд фронты раззаг хаххыл минææхсæг батальоны. Батальоны командир уыд Глушко.

Æрбабон. Зæхх ныррызт. Знаджы ‘рдыгæй æмвæтæнæй лæгæрстой мæлæтхæссæг танктæ, сæ фæстæ та цыдис фистæг æфсад. Сытынг хæст.

«Фидар фæлæуут, фæстæмæ – иу къахдзæф дæр нал!» – райхъуыст командиры хъæлæс.

Æрбаввахс разæйцæуæг танк. Хазби ныхъхъавыд. Æхст фæцыд, фæлæ танк æввахсæй æввахсдæр кодта. «Нæ, нæ дын бантысдзæн дæ фæнд сæххæст кæнын», – фидарæй аскъуыддзаг кодта Хазби æмæ та ныхъхъавыд. Фæцыд æхст. Танк сау пиллон скалдта æмæ йæ мидæг цы фрицтæ бадтысты, уыдон рагæппытæ кодтой. Фæлæ сыл Хазби йæ автомат суагъта æмæ куыристау æрызгъæлдысты. Ныхъхъавыд та минæзгъалæй æмæ иннæ танк дæр ссыгъд. Ацы хатт дæр та Басайы фырт равдыста стыр хъæбатырдзинад. Тохы фæстæ полчъы командирæн доклад кæнгæйæ, фехъусын кодтой политхайады кусæг Басаты Хазбийæн кæй бантыст знаджы цыппар танчы сæ экипажтимæ басудзын.

Басайы фыр хъæбатырдзинад кæй равдыста, уымæ гæсгæ бавыдст æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты орденæй схорзæхджын кæнынмæ.

Хъырымы зæххыл тох кæнгæйæ, хъуыди ахизын  Савишы цадыл æмæ хæцæн плацдарм бацахсын, цæмæй знаг ма фæраздæр уыдаид. Æмæ ацы бæрнон хæс дæр сæхимæ райстой Хазби æмæ йе ‘мхæстонтæ. Райстой æмæ йæ æнтысгæйæ сæххæст кодтой.

Афтæмæй Хазби Мæздæгæй рæнхъон салдатæй фæцыд суанг Берлинмæ æмæ ссис гвардийы майор. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй арфæйы фыстæг райста Сæйраг командæгæнæг И.В. Сталинæй дæр. Цы полчы службæ кодта, уым Артиллеристон дивизийы та йыл скодтой зарæг «Хъазуатон командир», зæгъгæ. Æрхæсдзынæн дзы иу цалдæр рæнхъы:

Снаряды снег в полях взрывают

В ушах стоит сраженья гром…

Запомнит майор Басаев

Ведет вперед дивизион…

Фесты хæстон уæззау азтæ æмæ æрбалæууыд Уæлахизы бон. Сæ райгуырæн къуымтæм здæхтысты хæствæллад хæстонтæ. Æрыздæхт йæ уарзон горæтмæ Хазби дæр. Цас æхсызгондзинад æрхаста йемæ йæ бинонтæм. Йæ риуæй цæхæртæ калдтой стыр хорзæхтæ: Сырх Стъалыты орден, Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг æмæ II-аг къæпхæны ордентæ æмæ бирæ æндæр майдантæ. Раивта йæ хæстон дарæс æмæ æрлæууыд фæллойы фæндагыл. Куыста агуыриаразæн заводы директорæй. Механикон завод саразыны хъуыддаджы Хазби бахардз кодта бирæ хъару, уый тыххæй йын æмбæлон аргъ скодтой уæды областы къухдариуæгад. Фынддæс азы бæрц та фæкуыста областы ДОСААФ-ы сæрдарæй. Куыд тохы быдыры, афтæ сабыр царды дæр, йæ къухты бафтыд хорз æнтыстытæ. Уый хæсты быдыры салдаттæн куыд цæвиттойнаг уыд, афтæ бафæзминаг уыд кæстæртæн фæллойадон фæндагыл цæугæйæ дæр.

Хазби кодта æнтысгæ æхсæнадон архайд дæр. Уыдис Стыр Ныхасы Хуссар Ирыстоны хайады Куырыхонты советы комитеты сæрдар. Цыфæнды хъуыддаг скъуыддзаг кæнгæйæ дæр, уый амыдта йæ куырыхон зонд æмæ йын æнтыст хорз хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæнын нæ адæмы рухс фидæны тыххæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.