Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Цоциты Амиран райгуырд 8 марты 1926 азы Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуы.

94-аздзыд нæлгоймагимæ ныхасгæнгæйæ, адæймаджы дисы æппары йæ куырыхон зонд æмæ йæ уæздан бакаст. Кæд йæ уæнгты айст фæцудыдта, уæддæр йæ хъуыды, йе сныхасмæ азтæ ницы бар бадардтой æмæ æхцон у йемæ ныхас кæнын. Хорз хъуыды кæны, гыццыл лæппу ма куы уыд, уыцы цаутæ дæр. Стæй хæст куы райдыдта æмæ йæ райгуырæн хъæуæй хæстмæ куыд цыдысты, æхсæвæй-бонæй æрæнцой куыд нæ уыд куыстæй хъæуы адæмæн, цæмæй канд сæхицæн нæ, фæлæ ма æххуыс кæной фронтæн дæр.

1943 азы Цоциты Амиран скъола куы фæцис, уæд æм æрсидтысты Сырх Æфсадмæ.

«Мæ ныййарджытæн ницы загътон, афтæмæй мæхи сцæттæ кодтон æмæ горæтмæ æф-сæддон къамисариатмæ рараст дæн. Фæндагыл мæ фыдыл амбæлдтæн. Уый куы базыдта, кæ-дæм цæуын, уæд мæ фæстæмæ раздахыныл афæлвæрдта. Фæлæ мæ фæнд фидар у, уый куы бамбæрста, уæд йæ къух  ауыгъта æмæ йæ цæссыгтæ асæрфта. Мæ фыд инвалид лæг уыд, æз та – зæнæджы хистæр, чизоны, исты амæлттæй фæфæстæ кодтаин мæхи, фæлæ алыг кодтон, æнæ цæугæ мын кæй нæу фронтмæ», – æрымысы Амиран.

Райдианы Амираны арвыстой Азербайджанмæ, горæт Кировобадмæ æфсæддон ахуыр-гæнæндонмæ. Ам æвзонг курсант цæттæдзинад иста 124-æм полчы.

Уый фæстæ та æрвыст æрцыд 124-æм фæсауæрц полкмæ, кæцы уыд Гуырдзыстоны, Гуры. Иу дзырдæй, хæстмæ йæм æрсидтысты, фæлæ тохты хайад нæ райста.

1946 азы Амиран куыста Авчъалайы ахуыргæнæн батальоны, уырдыгæй та йæ арвыстой Батуммæ æмæ 1956 азмæ службæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты.

Йæ райгуырæн бæстæмæ æрцæугæйæ, Цоциты Амиран кусынмæ бацыд автотранспортон колоннæмæ æмæ дзы фæкуыста 40 азы. Уый фæстæ та 10 ауыста ХИППИ-йы æмдзæрæндоны  комендантæй.

Бинонтæ куыд æркодта, уый тыххæй та нын Амиран афтæ радзырдта: «Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд иу ахæмы сæвæрдтам спектакль. Мæнмæ зæронд лæджы роль æрхауд. Мæ бинойнаджы ролы та хъазыд Тамарæ. Уыйадыл нæ мæстæй марын райдыдтой. Æфсады куы службæ кодтон, уæд мæ иу хатт улæфты рауагътой. Уыцы рæстæджы нæ хъæуы чындзæхсæв уыд, чызгæмбал та уыд Тамарæ. Уæдæй фæстæмæ мæ цæстыты разæй нал хицæн кодта йæ фæлгонц. Æфсадæй куы æрыздæхтæн, уæд та фембæл-дыстæм æмæ бамбæрстам, нæ хъысмæт иу кæй у. Нæ цард баиу кодтам 1951 азы. Бакойы куы службæ кодтон, уæд нын райгуырд чызг. Стæй уымæй цалдæр азы фæстæ та – лæппу. Мæ бинойнагимæ кæрæдзийы хорз æмбæрстам. Архайдтам, цæмæй нæ сывæллæттæ схъомыл уыдаиккой æхсæнадæн бæзгæ адæймæгтæй. Æмæ æз райгонд дæн, цы хъомылдзинад сын радтам мæ цардæмбалимæ, уымæй. Мæхи цардæй дæр райгонд дæн. Фæстаг азты ме ‘нæниздзинад фæцудыдта, фæлæ уый азты аххос у», – зæгъы Цоциты Амиран.

Цоциты Амиран нæ газеты фæрцы стыр бузныг зæгъы Президент Бибылты Анатолийæн: «Суанг ма Парламенты сæргъ-лæууæг куы уыд, уæдæй нырмæ мæм дары йæ хъус. Хæдзармæ мæ цалдæр хатты бабæрæг кодта. Фæлæ мын дыууæ азы размæ та мæ хæдзары фыццаг уæладзыджы хатæнты æдзæллаг уавæр куы федта, уæд мæм арæзтадон бригадæ æрбарвыста. Цыбыр æмгъуыдмæ уыдон сцалцæг кодтой капиталонæй цыппар хатæны. Раст куы зæгъон, уæд куырдиæттæ бирæ хатты бадæдтон хицауады номыл уый размæ. Фæлæ мын мæ куырдиатæн дзуапп дæр ничи радта. Бузныг, Анатоли Ильяйы фыртæн ахæм æххуысы тыххæй. Бантысæд ын ноджы фылдæр адæмы хæрзиуæгæн».

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.