АМОНД -ЙÆ  ХЪАХЪХЪÆНÆГ

10 азы рацыд 2008 азы августы æгъатыр хæстæй, фæлæ нæ рох кæны абон дæр нæ адæмæй. Уый нæ, фæлæ, зæрдæ æрвылаз дæр августы мæйы æрбалæудæй ныккæрзы. Хъустыл уайын райдайынц алыгъуызон тыхджын æхстытæ, срæмыгъдтытæ.

Нæ, уыцы бонтæн рохгæнæн нæй. Уыдон никуы ферох уыдзысты, сæхиуыл сæ чи бавзæрстой, уыдонæй. Арв æмæ зæхх цыма баиу сты, афтæ каст адæймагмæ. Ам чи баззадысты, уыцы сылгоймæгтæ сæхи бааууон кодтой ныккæндты, фæлæ уым дæр дæр æдас нæ уыдысты… Диссаг уый уыдис æмæ адæм ныккæндты дæр кæрæдзи кæй агуырдтой, дзырдтой телефонты, афтæмæй  хъусын кодтой кæрæдзийæн сæ зындзинад. Хорзæй та ницы фехъуыстаис, æрмæстдæр чи кæм фæзиан ис, уымæй дарддæр. Ныккæндмæ фехъуыстам нæ республикæйы санэпидемиологион станцы сæйраг дохтыр  Коцты Маринæйы мæлæт дæр. Маринæйы æввахсмæ рагæй зонын. Йæ алы фенд дæр-иу мын æхсызгон уыд æмæ ныр ацы ныхас фехъусгæйæ фемæхстысты мæ цæссыгтæ… цæстытыл уадис æдзух йæ мидбылхудт йæ былалгъыл кæмæн уыд, уыцы уындджын, рæсугъд сылгоймаг. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй йæ хъысмæт бахъахъхъæдта, аирвæзт мæлæты дзæмбытæй… Уæдæй абонмæ рацыд 10 азы æмæ-иу ыл цал хатты амбæлдтæн, уал хатты мæ былалгъыл лæууыд ацы фарст. «Куыд уыд æцæгæй хъуыддаг?». Фæлæ та-иу мæхи фæурæдтон рæстæгыл. Цæмæн ын ног кæнын йæ уды рис? Фæлæ диссаг у сылгоймаджы  цыбæлдзинад, кæрон ын нæй. Нал баурæдтон æрæджы мæхи. Бафарстон æй æмæ фæсмон дæр фæкодтон. Æрымысыдис алцы дæр куыд уыд афтæ æмæ йæ цæстысыгтæн кæд æддæмæ рабырсыны фадат нæ лæвæрдта,   уæддæр-иу фемæхстысты, афтæмæй мын дзырдта:

– Уыцы бон уавæр уыд тынг æндыгъд. Куысты нын иу зæронд компьютер уыдис æмæ ууыл кодтам нæ куыстытæ. Уымæ гæсгæ йæ хъахъхъæдтам цæстыгагуыйау. Уыцы рæстæджы мæм куыстæй чызджытæй чидæр æрбадзырдта, зæгъгæ, дын дæ компьютер хъавынц адавынмæ. Æз æрбауадтæн тагъдтагъд. Æдасдæр ран æй бафснайдтам. Ракодтон чызджыты нæхимæ æмæ сын æмбарын кодтон, махæн ныккæнд кæй ис æмæ æдасдæр кæй у, уымæ гæсгæ, цæмæй махмæ баззайой. Фæлæ изæрæй Михаил Саакашвили телевизорæй куы радзырдта, уæд тынг фæцин кодтам, æрсабыр стæм æмæ ме ‘мбæлттæ дæр ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Æнцад æнцойæ бафынæй дæн, фæлæ æхсæвы бæстæ хъæр, гуыпп куы ссис, уæд фехъал дæн, нæ æмбæрстон цы æрцыд, уый æмæ фæсæццæ дæн. Бамбæрстон хъуыддаг хорз кæй нал у, мæ фыды цонгыл фæхæцыдтæн æмæ ныллыгъдыстæм ныккæндмæ. Нæй нæ сабыр кодта хъуыддаг, уый нæ, фæлæ тыхджынæй-тыхджындæр кодтой æхстытæ æмæ уæд цæхæрадæттыл, хæрзæввахс нæм чи цардысты, уыцы  хиуæттæм бабырыдыстæм тыхамæлттæй. Иумæ нын фенцондæр. Уæд мах цы бавзæрстам уыдонæн дзыхæй радзурæн нæй. Нæ ныфс асаст уынгæй нæм гуырдзиаг ныхæстæ куы æрбайхъуыстысты, уæд. Ахъуыды кодтон, нæ лæппуты нын ныццагътой, æндæра уыдон куыд æрбафсæрстой горæтмæ. Ссонт дæн, цы акæнон, уымæн ницыуал зыдтон. Уыцы рæстæджы мæм мæ хотæ Мæскуыйæ æрдзырдтой кæугæйæ. Æмæ, ме ‘муд æрцыдтæн, сæ хъæлæсмæ. Æмæ сын ныфсытæ æвæрынмæ фæдæн, мæхимид та сын кодтон хæрзбон. Иурæстæджы та сусæгæй ракастæн, кæсын æмæ нæ уæллаг фарс цы хæдзар уыд, уый аууон иронау чи дзырдтой, уыцы лæппуты ауыдтон. Базыдтон  дзы иуы. Уый уыдис ныртæккæ нын президент чи ссис, уыцы Бибылты Анатоли. Фырцинæй ныцъцъæхаст кодтон. «Толик!», зæгъгæ. Уыдон ме ‘рдæм фæкастысты æмæ мын Толик къухæй ацамыдта, цæмæй мацыуал сдзурон, фæлæ бамбæхсон. Æмæ та æз дæр бацыдтæн ныккæндмæ. Уавæр карзæй-карздæр куы кодта, уæд сфæнд кодтам ацæуын, чизоны ма аирвæзæм. Æз æмбæрстон, ам куы баззайæм, уæддæр мæ кæй амардзысты æмæ сразы дæн нæ хæстæг лæппуты ныхасыл, цæмæй нæ ахизын кæной Дзаумæ æмæ сæхæдæг раздæхой фæстæмæ горæтмæ. Бабадтыстæм машинæйыл æмæ араст стæм: Куыддæр Тъбетæй Зары фæзилæнмæ схæццæ стæм, афтæ нæ цавæрдæр тыхджын уылæн иууырдæм аппæрста. Рахаудтам машинæйæ. Ме ‘муд куы æрцыдтæн, уæд нæхиуæттæй нæ цуры никæйуал федтон. Афтæ хаудæй лæууыдтæн иудзæвгар. Фезмæлын нæ уæндыдтæн. Мæ алыварс тахтысты алыгъуызон нæмгуытæ. Уæдмæ мæм сабыргай, чысыл бындæр уæрмæй дзурæгау сыхъуыст: Ардæм æрбыр! Æз мæ гуыбыны цъарыл ныббырыдтæн йæ фарсмæ. Фезмæлæн дзы нæ уыд, афтæмæй баззадыстæм хуысгæйæ уæрмгонды.

Уыцы æхсæв мах æвдисæн уыдыстæм бирæ машинæтæ кæй басыгъдысты, уымæн. Фезмæлæн нæ уыд махæн дæр. Куыддæр иу фезмæлыдыстæм, афтæ-иу нæ æхсын райдыдтой. Иу рæстæджы йæ афарстон чи дæ, уымæй. Йæхи мын бацамыдта. Уый разынд Битетæй, Сослан йæ ном. Уый мæ бамбæрста йæхицæй, цæмæй мæныл нæмгуытæ ма сæмбæлой, афтæмæй фæцæф йæхæдæг. Бамбæрстон аирвæзæн дзы нал ис, куыддæр æрбабон уа, афтæ нæ суындзысты æмæ нæ амардзысты. Мæ цыбыр цардыл мæ цæст ахастон иу уысммæ. Скуывтон Хуыцаумæ, зæгъын кæд дæ фæнды ацы хъуыддаг æрцæуа, уæд æз цæттæ дæн мæлæтмæ. Диссаг, цыма мын фенцондæр. Мæ цæсгом кæрдæджыты нытъыстон æмæ æваст ахъуыды кодтон. Мæ цæсгом кæрдæджытæй  ныттындтытæ уыдзæн æмæ ныффыдуынд уыдзынæн мардæй. Диссаг у сылгоймаджы удысконд. Мардтæн уæдмæ дæр рæсугъддзинадыл хъуыды кодтон. Уæдмæ та сытынг сты æхстытæ æмæ та скуывтон Хуыцаумæ. О, стыр Хуыцау цас раст дæм кæсы, мæ мады дæр 20 майы гуырдзиæгтæ амардтой Зары фæндагыл, ныр та йыл мæхæдæг хъуамæ амæлон. Æмæ уæд æз куыд бæллыдтæн мæ мады уындмæ, афтæ ныр та мæ хъæбултæ бæлдзысты мæ уындмæ. Тæхуды куы мын бантыстаид се схъомыл кæнын. Æмæ, цыма мæ лæгъстæ Хуыцаумæ фехъуыст фæсабыр сты æхстытæ. Уæдмæ æрбабон æмæ нæ цурты дыууæ «Нива» машинæйы ацыдысты Зары ‘рдæм. Уалынмæ рацыд æндæр машинæ дæр. Æхстытæ нал хъуыстысты. Бамбæрстам цыдæр хабар кæй æрцыд, æндæра цæмæннæ уал хъуыстысты æхстытæ. Уалынмæ та машинæйы хъæр æрбайхъуыст æмæ йæ размæ балыгътæн. Шофыр уромынывæнд нæ кодта, фæлæ мæм чидæр мæ номæй рахъæр кодта. Машинæйы бынат нæ уыд. Слæууыдыстæм  йæ фæрстыл цы лæууæнтæ уыдис, уыдоныл. Никозы ‘рдыгæй та Зары ‘рдæм рауагътой ракетæ. Куы схæццæ стæм, уæд федтам цы æртæ машинæйы нын нæ баурæдтой, уыдон уыдысты пырх. Куыддæрты ныхæццæ стæм Дзаумæ, уырдыгæй та Дзæуджыхъæумæ. Уым мыл 11-æм августы сæмбæлдис Уæрæсейы, уæды сæйраг санитарон дохтыр Геннади Онищенко. Уый цыдис Цхинвалмæ йæ коллегæтимæ. Куы  мæ федта ахæм уавæры, уæд мæ кой дæр нал суагъта фæстæмæ аздæхыны тыххæй. Æнæуый дæр машинæйы басыгъдысты мæ гæххæттытæ. Уайтагъд мын сарæзтой мæ паспорт æмæ та фæстæмæ раздæхтæн. Зыдтон нæ горæт цы уавæры уыдис, уый æмæ дзы нæ комитетæн та тынг бирæ куыст кæй уыд…

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.