Зӕххыл бирӕ ӕнамонддзинӕдтӕ, фыдбылызтӕ ӕмӕ бæллæхтæ ӕрцӕуы алы ӕмӕ алы аххосӕгтӕм гӕсгӕ. Фӕлӕ ӕппӕты тынгддӕр адӕмтӕн зиан чи ӕрхӕссы, фыдбӕллӕхтӕ кӕй аххосӕй баййафынц, уый хӕст у. Ӕрмӕст йӕ кой фехъусгӕйӕ дӕр уӕнгтӕ ихӕнрызт бакӕнынц, сагъӕс, мӕт ӕмӕ хъуырдухӕнты зилдухӕнты бахауы. О, ӕнӕуынон, ӕлгъаг  у хӕст, уымӕн ӕмӕ уый сафгӕ ӕмӕ халгӕ кӕны, пырх ӕмӕ дӕрӕн кӕны, адӕймагӕн фыдбылызтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕны, цӕгъдгӕ ӕмӕ йын йӕ цард скъуынгӕ кӕны. Ӕнӕуынон ӕмӕ ӕлгъаг у хӕст, .ноджы ӕлгъагдӕр та сты, хӕст чи ӕрӕмысыд, йӕ цырен кӕныныл йӕ уд чи хъары, уыдон.

2008-ӕм азы августы хӕсты пиллон артӕй сыгъдысты нӕ горӕт ӕмӕ нӕ хъӕутӕ, знаг сыл ӕнӕауӕрдонӕй ӕфтыдта зынг, нӕ сыл ауӕрста. Хӕсты азарӕй чи багӕндон ӕмӕ егъау зиӕнттӕ кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕй уыд Цхинвалы районы Къостайыхъӕу дӕр, сӕ тых æвзӕрстой сабыруарзаг ӕмӕ ницыгӕнӕг цӕрджытыл. Адӕм сагъӕс ӕмӕ мӕты ныххаудысты, бӕргӕ хъахъхъӕдтой сӕ райгуырӕн къуым фыдгулӕй, фӕлӕ хъомысджын ӕппӕтӕй гӕрзифтонг гуырдзиаг лӕгмарты ныхмӕ, аккаг ныхкъуырд радтын къухты кӕм ӕфтыд. Ӕмӕ дӕрӕн кодтой цӕрӕн хӕдзӕрттӕ, фæмард сты цалдæр сабыр цæрæджы. Фыдгул скусын кодта алыгъуызон хæцæнгæрзтæ ӕмӕ сӕ тыхтӕ ӕвзӕрстой хъӕуыл, зӕхх рызт сæ танкты бын. Цъаммар знӕгтӕ нӕ тӕригъӕд кодтой сылгоймæгтæн дӕр. Уыцы изӕр, ома 7 августы тыхджын ӕхстытӕ сӕ фӕд ныууагътой Мамиты Валикъойы дыууӕуӕладзыгон хӕдзарыл. Уӕззау хӕлӕн ӕрмӕг сӕмбӕлд йӕ раззаг тигъыл, тыхджын гуыппытӕй сисы иу хай ахаста, нызгъӕлӕнтӕ сты рудзгуыты ӕвгтӕ, афтӕ ма стыдта уӕлхӕдзары зесты иу хай. Уыдӕттыл бӕргӕ хъӕцыдаиккой, фӕлӕ хӕдзары бинонтыл ӕрцыд иууыл ӕнамонддӕр цау – зесты бын мардӕй ссардтой Валикъойы хо Тамарӕйы. Уый дзӕвгар азты фӕкуыста Карелы районы скъолатӕй иуы, йӕ бирӕ зонындзинӕдтӕ рӕдауӕй лӕвӕрдта рӕзгӕ фӕлтӕрӕн. Гормӕттӕ, куыд нӕ йын базыдтой йӕ лӕггӕдтӕ, ӕгъдауджын сылгоймаг ӕмӕ ахуыргӕнӕджы ӕвӕллайгӕ фӕллойӕн кад ӕмӕ аргъ скӕныны бӕсты йын  йӕ хорхдзинӕдтӕ бафыстат хотыхты ӕвзагӕй. Уыцы изӕр хуыздӕр бон нӕ акодта Тамарӕйы сыхаг ӕмӕ ӕрвад Мамиты Петрыл дӕр. Кӕд тӕссаг уыд цӕрджытӕн ӕхстытӕй, уӕддӕр зӕхкусӕг фӕхъуыды кӕны ӕмӕ фӕтыхсы йӕ ӕнӕаргъӕвгӕ куыстытӕ рӕстӕгыл ахицӕн кӕныныл. Уыцы бон дӕр Мамийы фырт уыд быдырон куыстыты. Уӕйгуытӕарӕзт нӕлгоймаг ӕнӕхъян бон дардыл хаста йӕ цӕвӕджы уис. Фӕскуыст ӕрбадт йӕ хӕдзары кӕрты, цӕмӕй зыдта, уый йӕ фӕстаг изӕр кӕй у. Валикъойы хӕдзарыл цы хӕлӕн ӕрмӕг сӕмбӕлд, уымӕй иу схъис сæмбæлд Мамиты Петрыл ӕмӕ йӕ бацарӕфтыд кодта. Кӕд цӕфӕй нӕ мӕлыс, уӕд дын уый та рӕхуыст, зӕгъгӕ. Мард уӕлӕуыл уыд, афтӕмӕй амынӕты акодтой йе мкъай Дзерассӕ, йӕ фырттӕ Сослан ӕмӕ Григорийы, зианмӕ ӕрбацӕуӕг хӕстӕджытӕ Тегкаты Ритӕ ӕмӕ Козаты Сосланы, фесты сӕм ӕртӕ суткӕйы, стӕй куыддӕрты раивӕрзтысты ӕмӕ Арвыкомы фӕндагыл ныххӕццӕ сты Дзӕуджыхъӕумӕ.

Цард алкӕмӕн дӕр адджын у, фӕлӕ уӕддӕр ӕвзонг адӕймаджы цард атонын, йӕ рухс бӕллицтӕм ын бавналын ӕмӕ сӕ ӕрдӕгыл фескъуынын тугтӕригъӕд  вӕййы. Уыцы бон Томайты Ӕхсар горӕтӕй ратагъд кодта йæ хъӕумӕ, цӕмӕй бахъахъхъӕдтаид фыдгултӕй йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ хоты. Хъыгагӕн, нал ын бантыст уыдон фенын, бацин сыл кӕнын – знаджы судзгӕ нӕмыг ын ахуыссын кодта йӕ цардбӕллон зӕрдӕ. Йе мбӕлццон уыд йӕ раздӕры ӕмхъӕуккаг Мӕлдзыгаты Джемал. Уый цард йӕ бинонтимӕ Беслӕны, фӕлӕ знӕгтӕ хъӕумӕ куы лӕбурдтой, уӕд ратагъд кодта, йе взонджы бонтӕ цы хъӕуы арвыста, уый знаджы дзӕмбытӕй суӕгъд кӕнынмӕ. Фӕлӕ Джемалӕн нал баци знаджы ныхмӕ хотых сисын ӕмӕ уый дӕр Ӕхсары фарсмӕ ссардта йӕ адзал.

Сылгоймаджы ӕвӕрццаг миниуджытӕй хайджын фӕци Елбачиты-Джиоты Настя. Ӕдзухдӕр мидбылхудт йӕ цӕсгомыл хъазыд, иннӕ ахӕм йӕ куыстуарзондзинад уыд. Цард бирӕ уарзта, бинонтӕ ӕмӕ хъӕубӕстимӕ цард адджынӕй, дзӕвгар рӕсугъд бӕллицтӕй дзаг уыд йӕ цинӕвдылд зӕрдӕ, фӕлӕ йын кӕронмӕ нал бантыст сӕ сӕххӕст кӕнын. Фыдгулы нӕмыгӕй йӕ Джиоты Асланӕн дӕр.

Сыгъзӕрин къухты хицау у Хуыбиаты Георги ӕмӕ сабыр рӕстӕджы ӕххӕст кодта адӕмы домӕнтӕ, алы ран дӕр бӕрӕг хицӕн фӕкӕны йе ‘рмдзӕф. Фӕлӕ иугӕр Хуссар Ирыстоны хӕст куы сцырын, уӕд уый дӕр ӕрлӕууыд Ирыстоны хъахъхъӕнджыты рӕнхъыты. Августы хӕстӕн дзы нӕ уыд ӕмбал, алырдыгӕй хъӕуы милмӕ систой. Георгийыл иурӕстӕджы сӕмбӕлд знаджы судзгӕ нӕмыг, фӕиппӕрд йе мбӕлттӕй ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй йӕ фӕнд уыд Зары фӕндагмӕ бахизын. Нӕ фӕрӕстмӕ йӕ хъуыддаг. Уӕддӕр ма 3,5 км бӕрц фӕбырыд хъуызгӕ-хъуызгӕ, стӕй йӕ тыхтӕ сфӕлахс сты ӕмӕ бӕласы бын къутӕрты цур ӕрӕнцад. Уый та уыд Знауыры районы Хъотайты хъӕуы Рагъы дзуармӕ хӕстӕг. Ам фӕци ӕртӕ суткӕйы , нӕ дзы уыд цъиуызмӕлӕг, хъуыст йӕ хъӕрзын, йӕ уынӕргъын. Сӕрдыгон тӕвд бонты тынг тыхст ӕнӕ донӕй? йӕ ком сур кодта. Иурӕстӕджы йӕ цурмӕ ӕввӕхсты рацӕйцыд йе мхъӕуккаг Цхуырбаты Лев, базыдта йӕ ӕмӕ уайтагъд ӕххуысы тыххӕй фездӕхт сыхаг хъӕумӕ. Ӕрхастой йӕ Хъотайты Валерийы хӕдзармӕ. Ходты Хасан, Ваид ӕмӕ Ӕхсар, Джиоты Сталбег та йын йӕ цӕфтӕ ныссыгъдӕг кодта. Уый фӕстӕ йӕ фӕхӕццӕ кодтой Дзӕуджыхъӕуы клиникон рынчындонмӕ.

Гуырдзиаг фыдгӕнджыты дзӕмбытӕм чи бахауд ӕмӕ сӕ фыдракӕндон архайдтытӕй ӕвыдӕй чи нӕ баззадысты, уыдон нымӕцы уыдысты Къудухты Шамил ӕмӕ йе эмкъай Мамиты Зарӕ, сӕ фырт Алан. Уыдон дыууӕйӕ дӕр фесты уӕззау цӕфтӕ, бавзӕрстой бирӕ фыдӕбӕттӕ фыдгулты ӕрдыгӕй. Сӕ дзӕмбытӕм бахаудысты, , фӕлӕ ралидзын бантыст Джиоты Вадик, Сабанты Гурам, Мамиты Къоте ӕмӕ Мӕлдзыгаты Юрийӕн, дзӕвгар хъизӕмӕртты бахаудысты Кобесты Нодар, Хуыбиаты Митя, Дудайты Нугзар, Козаты Марго, Хаситы Бабули, Ӕлборты Павел ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Знаг къаддӕр зиан нӕ ракодта астӕуккаг скъола ӕмӕ цӕрӕн хӕдзӕрттӕн дӕр. 50 азӕй фылдӕр цы скъолайы агъуыст лӕггад кодта нӕ рӕзгӕ фӕлтӕрӕн, уыцы ахуыргӕнӕн уагдон дӕр сын ӕнӕуынон уыд ӕмӕ йӕм ӕрхъавыдысты бӕстон. Тугтӕригъӕд уыд, цӕрджыты цӕрӕн хӕдзӕртты иу хай цы уавӕры уыдысты, уыдонмӕ бакӕсын. Сӕ иутӕ басыгъдысты, ӕндӕртӕ та хъыгдард баййӕфтой. Ахӕм уавӕры уыдысты сæ хæдзæрттæ Мамиты Валикъо, Григол, Гӕджиты Маир, Хуыбиаты Альберт, Джусойты Ахмӕт, Тедеты Владимир, Бигъуылаты Славик, Сосо, Тегкаты Лев, Бӕззаты Инал, Бекъойты Ефим, Джиоты Хаджумар, Тыджыты Георги, Лохты Владимир, Мамиты Дуду, Ӕхсар, Тегкаты Олег, Джусойты Мурик, Хуыбиаты Серги, Джиоты Сева, Арсенидзе Этери, Къӕбысты Владимир ӕмӕ ӕндӕртӕн

Ахӕм уыд августы хæстæн йæ фæстиуæг Къостайы хъӕуы.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.