ФЫРТ ССАРДТА ЙÆ НЫЙЙАРДЖЫТЫ… СЫГЪД БУÆРТТÆ

Гаглойты Эдуард æмæ йæ цардæмбал Тыбылты-Гаглойты Залинæйы трагикон хъысмæты тыххæй нын радзырдта сæ фырт Алан.

«7-æм августы райдыдта интенсивон æхст, æз уæд мæ службæйы уыдтæн, уыцы бонты барадхъахъхъæнæг æмæ тыхон структурæтæ се ‘ппæт дæр уыдысты казармæйон уавæры. Мæ ныййарджытимæ мын бастдзинад уыд телефонæй. Æз зыдтон уыдон æндæр сыхæгтимæ иумæ нæ хæдзары ныккæнды кæй æмбæхсынц. Иу рæстæджы нæ бастдзинад æрбайсæфт. 8-æм августы мæ дарæс фæивынмæ хæдзармæ бауадтæн,  зæгъын мæ ныййарджытæ цы уавæры сты, уый дæр бабæрæг кæнон. Нæ хæдзары алфæмблай пырхæнты йедтæмæ ницыуал уыд. Мæ фыдмæ фæкастæн æмæ ныккæндмæ электрогенератор ныхастам, цæмæй сæ телефоны аккумулятортæ ма сбадтаиккой æмæ ныккæнды бадæг адæмæн бастдзинад уыдаид сæ хиуæттимæ», – зæгъы æнкъардæй Гаглойты Алан.

Уый куыд зæгъы, афтæмæй рæстæг куыд цыд, афтæ æхст тынгдæр  кодта. Ничи зыдта, уавæр куыд уыдзæн. Бархионтæ æмæ тыхон структурæтæ бæргæ  архайдтой оккупанттæй горæт ссæрибар кæныныл, фæлæ уыдон арфæй-арфдæр цыдысты. Адæм бынтондæр сæ ныфс фесæфтой. Аланы ныййарджытæ сæ сыхаг Кадзты Дианæимæ сфæнд кодтой, арты пиллоны бын цы горæт фæцис, уырдыгæй сæхи айсын. Семæ ма уыд Аланы æфсымæр Александр дæр. Уый та сæм æрхæццæ Мæскуыйæ 8-æм августы, куы фехъуыста, ома, йæ райгуырæн Цхинвал арты судзы, уæд.  8-æм августы ма Тъбеты фæндагыл нæхиуæттæ контроль кодтой, уымæ гæсгæ фæндагыл лидзгæ адæммæ афтæ каст, ома ницы тæссаг у.

Тъбеты фæндагыл Гаглойты Аланы бинонтæ баиу сты лидзæг адæмы колоннæимæ, изæрмилтæ кодта, афтæмæй. Фæндагыл сæ размæ фесты бронетехникæ æмæ фистæг æфсады колоннæ, лидзæг адæмæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, ацы царды фæндагыл сæ размæ Гуырдзыстоны æфсад кæй фæуыдзæнис. Куыддæр Гуырдзыстоны лæгсырдтæ лидзæг адæмы колоннæ суыдтой, афтæ сæ нæмыджы æхсты бын фæкодтой. Александр уайтагъд хъуыддаг бамбæрста, машинæйы рухсытæ ахуыссын кодта æмæ йæ тых йæ бонæй газыл анцад.  Йæ фыды машинæ фæстейæ аззад, фæлæ куыддæр æдас ранмæ баирвæзт, афтæ æнхъæлмæ кæсын райдыдта йæ ныййарджытæм. Дыууæ æфсымæр Алан æмæ Александр боныцъæхтæм фенхъæлмæ кастысты сæ фыды машинæйы æрбазындмæ.

Сæумæрайсом Алан исты хабар фехъусынмæ ратагъд кодта Тъбеты ссæуæны фæндагмæ æмæ уым цы уæззау ныв федта, уымæй йæ зæрдæ ныхъæрзыдта: фæндагыл дæсгай машинæтæ лæууыдысты цъыбыртты сыгъдæй. Ам æрдæгсыгъдтытæй ссардта йæ ныййарджыты дæр…

Горæты æмæ йæ алыварс уавæр уыд æндыгъд. Дыууæ æфсымæры сфæнд кодтой сæ æнамонд ныййарджыты сыгъд буæрттæ Цæгат Ирыстоны бавæрын.

– Эдуард æмæ Залинæ уыдысты тынг адджын æмкъæйттæ, кæрæдзийыл цæрддзу кодтой, иу фæкастæй дæр æмбæрстой кæрæдзийы. Чизоны иумæ кæй амардысты, иу бон, уымæн дæр исты мистикон нысаниуæг уыд. Мæнмæ афтæ кæсы, сæ иу удæгасæй куы баззадаид, уæддæр иннæ æнæ уый не сфæрæзтаид», – зæгъы Гаглойты бинонты чындз Уалыты Иринæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.