Республикæйы æнæххæст кары æмбæстæгтæ ахуыр кæндзысты Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады дæлбар иумæйагахуырадон уагдæтты, – хъусын кæны РХИ-йы хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

Æмбæлон сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны тыххæй уынаффæ райста Уæрæсейы Федерацийы хицауад июлы мæйы æмбисы.

Дзырд цæуы ахæм ахуырадон организацитыл, кæцытæ реализаци кæнынц иумæйаг сæйраг æмæ астæуккаг ахуырады ахуырадон программæтæ, кæцытæ арæзт сты уæлæмхас иумæйаг программæимæ, æмæ йын ис æнæххæст кары сывæллæттæн цæттæ кæныны фæдыл æнæхъæн программæ æфсæддон кæнæ æндæр паддзахадон службæ кæныны фæдыл чи ахуыр кæны, уыдонæн.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент, РХИ-йы Гарзджын тыхты сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатолийы уынаффæмæ гæсгæ, сразыдзинадыл къух æрфысдзæн РХИ-йы хъахъхъæнынады министр, инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим», – загътой пресс-службæйы.

Зæрдыл лæууын кæнæм, хуссарирыстойнаг  сывæллæтты уæрæсейаг æфсæддон ахуырадон уагдæтты ахуыр кæныны инициативæ кæй равдыста РХИ-йы хъахъхъæнынады министр, инæлар-майор Гассеты Ибрагим. Ацы фæндон загъд æрцыд 2016 азы марты мæйы УФ-йы хъахъхъæнынады министр, армийы инæлар Сергей Шойгуимæ фембæлды рæстæджы. Уæд хъахъхъæнынады ведомствоты къухдариуæггæнджытæ сæ къухтæ æрфыстой УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ РХИ-йы Гарзджын тыхты хицæн дæлхайæдты бацæуыны уагæвæрды тыххæй Сразыдзинадыл.

РХИ-йы æнæххæст кары  æмбæстæгты ахуыр кæнын уæрæсейаг æфсæддон ахуырадон уагдæтты тыххæй æхсæнхицауадон документыл къухтæ æрфыссын план цæуы æввахс рæстæджы

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.