Куыд ма хъусын кодтам нæ газеты, афтæмæй æрæджы нæ горæты фæзындысты экологион æхсæнадтæ «Чистый мир» æмæ «Зеленая Алания», кæцыты архайынц æрдзы сыгъдæгдзинадыл. Ныридæгæн уагътой цалдæр экологион акцийы ахуырдзау фæсивæды хайадистæй – горæты уынгты брон æмбырд кодтой. Ахæм экологион акцитæ, уый размæ та арæзт æрцыд студентон фæсивæдæн,  уыдон та бафснайдтой кувæндæттæ æмæ цæугæдæтты былгæрæттæ. Организатортæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй иу бафснайдæй, уыдон æрдз бронæй нæ фервæзын кæндзысты. Сæ сæйраг хæс у – сывæллæтты æрдз уарзын æмæ хъахъхъæнынмæ сразæнгард кæнын, фæсивæды акцийы руаджы куыстыл цайдагъ кæнын, ахуыр кæной брон дих кæныныл – ома брæттæ сæ хуызмæ гæсгæ хъуамæ калой хицæн æмæ хицæн контейнерты.

Ныр та «Чистый мир»-ы хъæппæрисæй нæ горæты цалдæр уынджы фæзынд брондæтты контейнерты фарсмæ ног бронкалæн асыччытæ. Уым та хицæнæй хъуамæ калд цæуой гæххæтт, пластик æмæ алюминæй згъæлæнтæ.

Фирмæ «Чистый мир»-ы сæргълæууæг Плиты Константин зæгъы: «Мах ныр æрдæг аз архайæм, ацы хъуыддагыл æмæ ныридæгæн аластам 100 тоннæйы бæрц брæттæ. Ахæм брæттæн раттæн ис «ног цард». Уыдон сæрмагонд апаратыл цæуынц прессгонд æмæ æрвыст цæуынц Цæгат Ирыстон-Аланимæ. Ныртæккæ мах, ахæм бронкалæн асыччытæ сæвæрдтам 15. Уыдоныл фыст ис, кæй дзы нæй æппарæн хæлцадон брæттæ. Фæлæ æхсæнад нырма уыцы хъуыддагмæ цæттæ нæу». Уый ма куыд загъта, афтæмæй, куыд хъуыды кодтой, уымæй хъуыддаг разынд бирæ зындæр. Фæлæ сæ ныфс ис, цæрджытæ кæй фæцайдагъ уыдзысты брон дихтæ кæныныл, размæцыд паддзахæдты куыд у, афтæ. Цас æхсæнад раздæр бамбара, уый нæ иумæйаг хæрзиуæгæн арæзт цæуы, уыйбæрц уыдзæн хуыздæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.