Афæдзы размæ нæ республикæйы фæзынд ног экологон æхсæнад «Чистый мир». Уыдон сæ сæйраг хæсыл нымайынц рæзгæ фæлтæры æрдзы уарзын æмæ йæ бахъахъхъæнынмæ сразæнгард кæнын. Сæ сæйраг домæн та у брæттæ æрæм-бырд кæнын, уый фæстæ йæ дихтæ кæнын æмæ сæ афтæмæй сæрмагонд асыччыты калын. Цæмæй нæ адæмы ууыл фæцайдагъ кæной, ома, брæтты сæрмагонд домæнтæм гæсгæ дих кæной, уый тыххæй ауадзынц акцитæ, цыран хайад райсынц республикæйы фæсивæды комитеты минæвæрттæ æмæ горæты скъолаты активон ахуыргæнинæгтæ. Стыр хæс сæвæрдта йæхиуыл «Чистый мир» æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Сæрмагонд акцийы руаджы сыгъдæггонд æрцыд, нæ горæты сæрмæ цы тырыса фæйлауы, уымæн йæ алфæмблай, горæты фæсвæд уынгтæй цалдæр, Тулдзы къох æмæ афтæ дарддæр.

Компани «Чистый мир»-ы саразджытæ – Тедеты æфсымæртæ Андрей æмæ Вадим зæгъынц: «Афæдзы дæргъы махæн бантыст хъæбæр цардуагон брæтты æвзарæнтæй Уæрæсемæ 180 тоннæйы бæрц арвитын. Уымæй мах канд горæт нæ ныссыгъдæг кодтам, фæлæ ма дзы бизнес дæр сарæзтам. Райдианы мах æмбырд кодтам профкартонтæ, пластикæй конд асыччытæ, ПЭТ тыхтонтæ, полиэтиленæй целлофантæ. Уыдон калд вæййынц алы хæлцадон магазины, кафетæ, ресторанты раз. Бæгъиаты суаруадзæн завод, Сæнуадзæн компани «Ирон сæн»-ы къухдариуæггæнджытимæ та бадзырдтæ сарæзтам. Уыйадыл уыдоны брæттæ ласынæй фервæзын кодтам, нæхицæн та пайда æрхастам. Махæн ис сæрмагонд ныккæнд, уырдæм сæ нæ кусджытæ машинæтыл баласынц, ам уыдон прессгæнæн ифтонгадыл æлхъывд æр-цæуынц æмæ сæ уый фæстæ аласæм Цæгат Ирыстон-Аланимæ».

Уыдон ма куыд зæгъынц, афтæмæй цадæггай ацы компани йæ ассортимент фылдæр кæны. Ныртæккæ исынц макулатурæ дæр. Бирæтæ сæ зæронд чингуытæ брæтты асыччыты ныкка-лынц æмæ схæццæ вæййынц æндæр цардуагон брæттимæ. Зæронд газеттæ, гæххæттытæ æмæ пластикон рудзгуытæн раттæн ис «ног цард». 2021 азы «Чистый мир» макулатурæ æрæмбырд кодта 100 тоннæйы бæрц. 2022 азы райдианæй та æмбырд кæнынц металлолом. Ацы аз сæ зæрды уыд авгы цъæлтыл дæр бакусын, фæлæ Цæгат Ирыстоны цы авгуадзæн завод ис, уый сæ æгæр бирæ аргъ æрдомдта. Тедеты лæппутæ  зæгъынц, зæгъгæ, сæм ис кусджытæ, кæцытæн фидынц куыстмызд.

Тедеты лæппутæн ма сæ зæрды ис, нæ горæты админист-рацийы хæрз-арæзтады  комбинатимæ бадзырдтæ саразын, цæмæй уыдон æфснайгæ-æфснайын бынаты сортировкæ кæной брæтты. Уыдон уæддæр пластикон мигæнæнтæ æмæ полиэтилен пакеттæ полигонмæ аласынц, куыд зонæм, афтæмæй та уыдон зæххы бын не ‘мбийынц æмæ уый æрдзæн хæссы зиан. Лæппутæ радзырдтой, ноджыдæр ма сæм цы хъуыдытæ ис, уыдонæй сæ иуы тыххæй дæр: «Нæ зæрды ис алы скъолайы кæрты дæр сæрмагонд асыччытæ сæвæрын, цæмæй скъоладзаутæ уырдæм калой, цы гæххæттытæ сæ нæ хъæуы, уыдон. Уыцы куыстмæ бавналдзыстæм ног къуыри».

Лæппутæ уавæрæй спайдакæнгæйæ æрсидтысты не ‘мбæстæгтæм, цæмæй кæд искæмæ ис макулатурæ, кæнæ металлолом, уæд фæдзурой ахæм телефонтæм: +7 929 805 93 76.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.