Газуадзæн «Северный поток-2»-йы фыццаг хахх техникон газæй байдзаг кæныны процедурæ кæронмæ фæцис, кæцыйæн йæ  гуырхаст у 177 милуан кубометры. Æртаджы ахæм гуырахст ифтонг кæны газы æлхъывдад, кæцы фаг у, цæмæй уый фæстæ райдайой газы транспортировкæ. «18-æм октябрмæ газуадзæн «Северный поток-2»-йы фыццаг хахх афтæхуыйнæг техникон газæй йедзаг æрцыд план æмæ проектон домындзинæдтæм гæсгæ 177 милуан м3 гуырахсты бæрц, кæцы ифтонг кæны æлхъывдады æмвæзад газуадзæны. Ацы æлхъывдад фаг у газы транспортировкæйæн», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

Уадзæн куыстытæ дарддæр æххæст цæуынц газуадзæны дыккаг хаххы дæр. Уый размæ Данийы энергетикон агентад фехъусын кодта, зæгъгæ, «Северный поток-2»-йы проекты оператор – компани Nord Stream 2 AG сæххæст кодта газуадзæн эксплуатацимæ радтыны тыххæй æппæт домæнтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.