Фонд “Подари крылья”-йы хъæппæрисæй Цхинвалы баконд æрцыд коррекцион кълас. Хæрзаудæн фонды президент Цхуырбаты Татьяна куыд зæгъы, афтæмæй фондмӕ цыд бирӕ куырдиӕттӕ ныййарджытӕй йæ бакӕныны тыххæй. Сывæллæттæн сæ фылдæрæн ис аутизмимæ проблемæтæ.

Ахæм сывæллæттæм та хъæуы уæлдай хъусдард здахын. Уыимæ ма сæ реабилитацийæн нæй семæ кусыны сæрмагонд режим æмæ сæрмагонд центртæ. Хуссар Ирыстоны ма специалисттæ дæр нæй, семæ чи куса, ахæмтæ.

Цхуырбаты Татьянæ æввахс йæ зæрдæмæ айста фæкæсинаг сывæллæтты хъысмæт æмæ уыцы нысанæн сарæзта банысангонд фонды дæр.

Æххуыс кæны фонды кусджытимæ иумæ уæззау низтæй рынчын сывæллæттæн дæр. Уадзы алыхуызон акцитæ æмæ цы æхцайы фæрæзтæ æрбамбырд кæны, уыдонæй сын баххуыс кæны. 

 Февралы мæйы та хæрзаудæн фонды офисы хæрзарæзт æрцыдысты къласы хатæн æмæ улæфæн зонæ, ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг инвентарæй. Сывæллæттимæ кусы квалификациджын коррекцион психолог Къусраты Ингæ.

“Йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттимæ кусын æнцон нæу, – зæгъы психолог. Алы сывæллонмæ дæр хъæуы индивидуалон ахаст. Аутизмæй рынчын сывæллæттæй алкæмæн дæр хъæуы сæрмагонд программæ. Азæй-азмæ аутизмæй рынчын сывæллæтты нымæц фылдæр кæны. Хуссар Ирыстоны дæр ис ахæм сабитæ. Хъæуы сын фадат дæттын хиуыл баууæндынæн. Фæнды мæ ныййарджытæн зæгъын, цæмæй уыдон дæр сæ сывæллæттимæ фылдæр кусой.   Ахæм сабитæ хицæн кæнынц уымæй, æмæ дунемæ кæсынц æндæр цæстæй. Мах та сын фадат дæттæм æхсæ-надмæ хæстæгдæр уæвы-нæн”.

Нæ абоны æнæнцой æгъатыр царды Татьянæйы хуызæн адæймæгтыл, хъыгагæн, арæх нæ сæмбæлдзынæ. Уымæн æмæ йæ риуы тæлфы хæлар зæрдæ. Кæд ныры карз дуджы цы бирæ зындзинæдтыл æмбæлæм, уыдоны ныхмæ иуæй-иутæ æдых разындысты, уæддæр  Татьянæйы уды адæммæ, уæлдайдæр та сывæллæттæм цы уарзондзинад цæ-ры, уый тыхджындæр йедтæмæ лæмæгъдæр нæ кæны.

“Сæрмагондæй мæ бузныг зæгъын фæнды бизнесмен Цхуырбаты Иналæн. Йæ финансон æххуысы фæрцы баконд æрцыд коррекцион кълас, кæцы ныридæгæн стыр пайда хæссы рынчын сывæллæттæн æмæ сæ ныййарджытæн. Уымæй дарддæр бузныг стæм амалиуæггæнæг Цхуырбаты Джинойæ, кæцы нын самал кодта коррекцион къласæн бынат”, – загъта фонды сæрдар. 

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй сын стыр æххуыс кæнынц хицæн ведомствотæ,  сæрмагондæй та нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Уый æрвылмæй дæр йæ мыздæй рахицæн кæны бæлвырд суммæ фондæн. Афтæ ма политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæргълæууæг Тадтаты Алан дæр.

“Махæн æхсызгон у, ахæм æмхъуыдыгæнджытæ нын кæй ис. Ныртæккæ ис бирæ сывæллæттæ, кæцыты хъæуы æххуыс æмæ нын уымæ гæсгæ тынг ахсджиаг сты спонсортæ, – загъта уый. Æххуыс кæнын æнцон нæу. Фæлæ нæ сæйрагдæр хæрзиуæгыл нымайын сабиты мидбылхудт, æмæ сæ ныййарджыты циндзаст цæсгæмттæ», – зæгъы Татьянæ.

Арфæйаг хъуыддаг кæныс, Татьяна, æмæ дыл адæмы арфæтæ æрцæуæт! Ноджы дын фылдæр  бантысæд тыхст адæймæгты æнцой балæууыны хъуыддаджы!

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.