РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ног машинæйы дæгъæлтæ радта Дзауы районы цæрæг Джиоты Отарæн, кæцыйы машинæйæн разиан чындæуыд Цхинвал-Дзауы фæндагы 9-æм километры къæдзæхы ракалды рæстæджы. Машинæ балхæныны тыххæй финансон фæрæз-тæ рахицæн æрцыдысты Президенты фондæй.

«Амондджын фæндæгтыл цу, æмæ кæддæриддæр æнамонддзинæдтæ æмæ фыдбылызтæй хызт у», – загъта йын паддзахады сæргълæууæг.

Йæхæдæг Джиоты Отар куыд ра-дзырдта, афтæмæй къæдзæх куы ракалд, уæд йæхæдæг дæр фæцæфтæ ис æмæ бахауд рынчындонмæ. Уый бузныг загъта Бибылты Ана-толийæн ахæм рæдау лæвары тыххæй.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.