Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Социалон кусæджы боны цытæн!

Цæрджыты социалон хъахъхъæнынад у зын куыст, домы быхстдзинад æмæ фæразондзинад. Ацы фадыджы сæ бон кусын у иууыл æнæвæлмас, æргом æмæ, тæригъæд кæнын чи зоны, ахæм адæмæн, кæцыты фæрцы æнæмæнгхъæуæг æххуыс райсынц хистæр кары адæм, инвалидтæ, бирæсывæллонджын бинонтæ æмæ сидзæр сывæллæттæ. Уе ‘ххуыс уыдоны зæрдæты гуырын кæны ныфс. Æмæ, фæстаг хабæрттыл дзургæйæ, кæцы баст у ног коронавирусон инфекцийы пандемиимæ, уæ мисси ссис ноджы хъæугæдæр, кæцы дæтты сомбоны ныфс.

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад аразы æппæтдæр, цæмæй социалон проекттæн æххуыс цæуа, кæцытæ здæхт сты æнæниздзинад, культурæ, спорт æмæ æндæр социалон æгъдауæй ахсджиаг проекттæ рæзын кæнынмæ. Æмæ ахсджиаг у, нæ иумæйаг архайдæй кæй бæрзонддæр кæны адæмы царды гъæд, кæцыты хъæуы æххуыс. Бузныг уын уæ хæларзæрдæйы тыххæй.

Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр кæй кусдзыстут æххæстбæрцæй.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ би-нонтæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Хицауады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй Социалон кусæджы боны цытæн!

Социалон службæйы кусджытæ æххæст кæнынц ахсджиагдæр мисситæй сæ иу – æмбæстæгтыл аудын, кæцытæм хъæуы æрвылбонон хъусдард. Уыдонмæ хауынц æхсæнады минæвæрттæ, хистæр кары адæмæй райдайгæйæ, сывæллæтты онг, кæцытæ баззадысты сæ ныййарджыты æнæ æвджидæй. Æмæ дзы алкæмæ дæр хъæуы сæрмагонд ахаст æмæ арф адæймагдзинад.

Хæларзæрдæдзинад æмæ æххуысхъуаг адæммæ къух фæдаргъ кæнынмæ   цæттæдзинад сты ахæм миниуджытæ, кæцытæн нæй сбарæн стандартон барæнтæй. Уымæ гæсгæ социалон хъахъхъæнынады фадыджы куыст æрмæст профессионалон архайд нæу, фæлæ ма у æцæг адæймагдзинад æвдисын.

Уæ фæрцы бирæ адæм райсынц æцæг æххуыс, æмæ уыдонмæ фæзыны сомбоны царды ныфс.

Ныфс мæ ис, иумæйаг тыхтæй мах æппæт дæр кæй сараздзыстæм, цæмæй республикæйы цæрджытæй æххуыс кæмæн хъæуы, уыдонæй алкæй дæр ныфс уа уымæй.

Уæ профессионалон бæрæгбоны айсут бузныджы ныхæстæ уæ зын куысты, æнæвæлмас ахасты æмæ æххуысы тыххæй.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, амонд, фæрныгад, æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.