Социалон службæйы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Социалон кусæг у зын, фæлæ æнæмæнгхъæуæг професси, кæцы домы æрмæст профессионалон зонындзинæдтæ æмæ бæрзонд квалификаци нæ, фæлæ ма уæлдай удысконд.

Уæ архайд баст у егъау бæрндзинадимæ, уымæн æмæ социалон гарантитæ æххæст кæнын бирæбæрцæй баст у адæмы царды гъæдыл. Сымах æдзух стут, зын цардуагон уавæрты чи бахауд, уыдоны цур æмæ æххуыс кæнут, йæ проблемæтимæ иунæгæй чи баззад, уыдонæн. Сымах æнувыд стут хистæр кары адæмыл, бирæсывæллонджын бинонтыл æмæ арæнгонд уавæртимæ адæмыл.

Бузныг уын уæ хъусдард æмæ æнувыддзинад, уды хъармдзинад, быхсындзинад æмæ цæттæдзинад, уе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæныны тыххæй.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад, уæ куыстæн кад æмæ æнтыстытæ! Уадз, æмæ хорздзинад цы адæмæн лæвар кæнут, уый уæм æртывæрæй здæха фæстæмæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Социалон службæйы цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын – Социалон кусæджы боны цытæн.

Уæ професси æхсæнады у иууыл гуманондæр æмæ æнæмæнгхъæуæгдæр. Сымахыл æвæрд ис бæрзонд бæрндзинад – цардуагон зындзинæдтыл фæтых уæвыны  фадат кæмæн нæй, моралон æмæ материалон æххуыс кæй хъæуы, уыцы адæмыл аудын. Сымах сын æххуыс кæнут, хъус сæм дарут. Фыццаджы уал, уый хауы хистæр кары адæммæ, инвалидтæ, сывæллæттæ, бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонтæм.

Бузныг уын уæ æрвылбонон куысты тыххæй, цæттæ кæй стут адæмы фарсмæ æрбалæууынмæ. Мæ цæст уын уарзы ацы профессийы минæвæрттæн фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги æмæ фæрныгад. Уадз æмæ ахæм адæм уа уæ фарсмæ, кæцытæ цæттæ сты зын рæстæджы баххуыс кæнынмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.