РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли кусæгон æмбырд ауагъта республикæйы районон администрациты сæргълæуджытимæ. Æмбырды ма хайад райстой Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан, юстицийы министр Лалыты Залинæ æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Боны фæткы уыдис хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæй рационалонæй спайда кæныны фарст.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, абоны бонмæ бирæ арендатортæ хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæй нæ пайда кæнынц сæ нысаниуæгмæ гæсгæ.

«Ис ахæм арендатортæ, кæцытæм лæвæрд сты стыр зæххы фадгуытæ æмæ сæ нæ кусынц, уыимæ ма фиддонтæ дæр нæ фидынц. Мах хицæн кæнæм зæххытæ уый тыххæй, цæмæй куыст цæуой. Афтæ уайы æмæ мах æххæстбæрцæй нæ пайда кæнæм, цы нæм ис, уыцы фадæттæй», – загъта уый.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, кæй ис ахæм адæймæгтæ, кæцыты фæнды зæхх арендæйы райсын æмæ дзы йæ нысаниуæгмæ пайда кæнын.

«Нæ республикæ у аграрон, уымæ гæсгæ махæн иттæг æнæмæнгхъæуæг у ацы фарстатæ аскъуыддзаг кæнын», – загъта уый.

Районты сæргълæуджытæн Президент бахæс кодта, цæмæй мæйы æмгъуыдмæ хицауиуæгады æндæр органтимæ иумæ ауадзой зæххыты æххæст инвентаризаци.

«Бакусын хъæуы зæххыты категориты фæдыл, сбæлвырд хъæуы, цас нæм ис хуымзæххытæ, сæрвæттæ, уыгæрдæнтæ. Цас зæххытæ ис арендæйы лæвæрд æмæ цал арендаторы фидынц сæ фидинæгтæ бадзырдтæм гæсгæ. Афон у ацы хъуыддаджы фæтк æрæвæрын, цæмæй, æппынфæстагмæ, бакуыстæуа зæххытæ кусыны фæдыл генералон планыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, æппæт уыдæттæ арæзт кæй цæуынц, цæмæй алы районы дæр чи сты, уыцы фадæттæ æмæ ресурстæ бæлвырд æрцæуой.

Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй куыст организаци æрцæуа хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæх-хыты картæтæ саразыны фæдыл. Уыимæ ма Президент хъусдард аздæхта аграрон техникæйы инвентаризаци ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинадмæ, цæмæй «хуыздæр æмбæрстгонд уа, кæцы районæн цахæм техникæ нæ фаг кæны».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.